Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуынц, уыцы ахсджиаг объекттæй сæ иу у Цхинвал-Къуайсайы фæндаджы арæзтад.  Уый  дих æрцыд 2 этапыл: Цхинвалæй Хъемултамæ æмæ Хъемултайæ Къуайсамæ хæйттыл.

Ныртæккæ арæзтадон куыстытæ сæ тæмæны сты ацы фæндагæн йæ иууыл вазыгджындæр бынаты – Дæлагг æмæ Уæллаг Хъемултайы æхсæн фадыджы. Ам куыстытæ куыд цæуынц, уый ацы бонты бабæрæг кодтой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ сæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард.

Куыд зонæм, афтæмæй ацы фæндаджы фыццаг хайæн йæ дæргъ у 13 километры æмæ 200 метры, кæцы хъуамæ арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа ацы аз. Фæндагæн, фыццаджыдæр, ист æрцыд  йæ уæлцъар æмæ йын æвæрд цæуы фидар бындур. Фæндаг афæтæн кæныны тыххæй арфдæр айгæрстой къæдзæхты æмæ йæ сыджыт ласт æрцыд. Дуртулæн бынæтты та æвæрд æрцыдысты телхызтæ æмæ тас нал уыдзæн æнæнхъæлæджы дуртæ ратулынæй, афтæ æмæ ныр бæлццæттæ хызт уыдзысты ахæм фыдбылызæй. Ахæм хызтæ бакæнын кæм хъæуы, уыцы бынæттæ ма сты 3 мин квадратон метры бæрц. Уыдон дæр сты закъаз, æнхъæлмæ кæсынц се ‘рбаласынмæ. Ныртæккæ уал кусджытæ тындзынц, фæндагæн нарæг бынæттæ кæм ис, уым хиды балкæтæ сæвæрынмæ, æвæрынц фæндагæн бындур æмæ куыддæр уыцы куыстытæ æххæст æрцæуой, афтæ йыл райдайдзысты хуыр калын æмæ йæ бацæттæ кæндзысты асфальтмæ. Фæндаджы ацы хайыл ма арæзт цæуынц лæсæнуромæн систæ дæр, æрлæбырынæй тас кæм у, ахæм бынæтты.

Уый фæстæ йæм райдайдзысты ласын хуырдур æмæ æндæр æрдзон æрмæджытæ. Гуыззыдтаты Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй сæ ныфс ис ноябры мæйы æмбисмæ ацы куыстытæ баконд кæй æрцæудзысты æмæ эксплуатацимæ лæвæрд кæй æрцæудзæнис фæндагæн йæ ацы хай.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ацы фæндаджы арæзтад кæй у уникалон.  Ам куыстытæ фæстаг дыууæ азы дæргъы æххæст кæны «Дорэкспострой». Уымæй размæ та ам арæзтадон куыстытæ æххæст кодтой æндæр æмæ æндæр организацитæ æрцæуæггаг кусджытимæ. Ныр зæгъæн ис, ацы куыстытæ иууылдæр кæй æххæст кæнынц бынæттон кусджытæ. Кусджыты фылдæр хай сты Къуайсайы цæрджытæ.

Ныртæккæ ам фæндагарæзтадон куыстытæ æххæст кæнынц 5 бригадæйæ. Бригадæты ис 5-6  кусæджы æмæ æххæст кæнынц æндæр æмæ æндæр куыстытæ. Уыцы бригадæтæй дарддæр ма ам сты, алыгъуызон техникæйыл чи кусынц, уыдон дæр. Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй ма ам ноджыдæр кусын райдайдзысты 3 бригадæйы. Ацы бригадæты дæр архайдзысты 4-5 адæймаджы.

Гуыззыдтайы фырт ма куыд банысан кодта, афтæмæй фæндаджы арæзтадмæ кæмдæрты бахастой сæхи ивындзинæдтæ дæр, æмæ цæмæй фæндагыл цæуыны æдасдзинады фæткойтæ ма февзæрдæр уыдаиккой, уый тыххæй уыдон уынаффæ кодтой, фæндагæн проект чи сарæзта æмæ ацы куыстытæ хорз чи зонынц, ахæм специалисттимæ дæр.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик фæндаджы арæзтадимæ лæмбынæг базонгæ уæвгæйæ банысан кодта, ацы арæзтад кæй у грандиозон.

– Раст зæгъгæйæ, æз уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ ацы лæбырæн фæндæгтæ афтæ арæхстджынæй арæзт æрцæуой, уымæн æмæ мæнæн рагæй зындгонд у ацы фæндаг, арæх ыл цыдтæн советон дуджы æмæ-иу уыцы стыр дуртæ куы æрлæбырдысты, уæд-иу сæ цалынмæ асыгъдæг кодтой, уæдмæ-иу фæндаджы змæлд æрлæууыд. Ныр мæ дисы æфтауы йæ арæзт, йæ проект æмæ сæйраджы та – йæ арæзты гъæд. Фæндагæн йæ уæлцъар сисын æмæ къæдзæхтыл телхызтæ айтындзын дæр домы стыр куыст», – загъта Хицауады Сæрдар.

Ахæм гъæдджын æмæ зæрдæбын куысты тыххæй Хицауады Сæрдар бузныг загъта фæндагарæзтады кусджытæн се ‘ппæтæн дæр.

Дарддæр Хицауады Сæрдар æрдзырдта, фæндагарæзтад кæй райдайдзæнис Къуайсайæ æмæ уырдыгæй кæй рацæудзысты Къуыдаргомы æппæт хъæутыл дæр суанг Хъемултайы хъæумæ.

Хицауады Сæрдар ма куыд загъта, афтæмæй æрæджы стыр къæвдаты фæстиуæгæн дон фæласта Къуайсайы донбылфидаргæнæнтæ тыхджын къæвдаты аххосæй Къуайсайы Уæлвæткон уавæрты агъуыстмæ бацæуæн фæндæгты дон кæй бахордта, уымæ гæсгæ уымæн дæр æнæсаразгæ нæй, арæзт ма хъуамæ æрцæуа, ам цы хид ис, уый дæр. Уымæй дарддæр ма арæзт æрцæудзæнис, стыр къæвдатæ Синагуры хъæуы цы хидæн разиан кодтой, уый дæр. Хицауады Сæрдары ныхæстæм гæсгæ се сметæйон документаци ныридæгæн арæзт æрцыд.

– Нæ хъæутæм фæндæгтæ арæзт куынæ цæуой, уæд уырдыгæй фæлидздзысты, чи ма дзы цæрынц, уыдон дæр, æмæ цæмæй уый ма уа, уый тыххæй нæ республикæйы разамынад архайдзæнис хъæууон цæрджытæн дарддæр дæр сæ цардуагон уавæртæ хуыздæр кæныныл», – загъта йæ ныхасы кæрон Хицауады Сæрдар.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.