Cæрды улæфт бонты скъоладзау фæсивæды фæфæнды, цæмæй сæ арвитой хъæлдзæг æмæ зæрдæрайæ, æхцон мысинагæй баззайой сæ зæрдæты.

Ныртæккæ сæрд ис йæ тæмæны, бæстыл атылдис хур æмæ адæймаджы фæфæнды æрмæстдæр улæфын æрдзы хъæбысы сатæг уæлдæфмæ æмæ хъæлдзæг рæстæг сæрибарæй æрвитын. Сывæллæттæй сæрды чи куыд баулæфы, уымæй бирæбæрцæй кæнгæ у йæ дарддæры ахуыры хъуыддаг, уымæн æмæ уы-дон базонынц бирæ ногдзинæдтæ.

Хистæр кары алы адæймагæн дæр сæйраг аудинаг сты нæ сывæллæттæ æмæ сæм алы-хатт дæр вæййы лæмбынæг хъусдард здæхт. Уыцы уавæр æмбаргæйæ нæ республикæйы Ахуырады министрады хъæппæрисæй сывæллæттæн ацы аз дæр баконд æрцыд сæрдыгон улæфæн лагертæ куыд горæты, афтæ районты дæр. Уыдонæй сæ иу уæвынад кодта рæсугъд хæххон бынат  Къуайсайы. Цхинвалы скъола-интернаты базæйыл та конд æрцыд сæрдыгон лагерь «Солнышко» æмæ йæ фарны дуæрттæ æрбайгом кодта нæ чысыл хуртæн. Лагерь райста æмæ бакуыста æртæ фæлтæр улæфджытимæ æмæ æхгæд та æрцыд цалдæр боны размæ.

Лагерь «Солнышко» сæ сæрдыгон улæфты рæстæг куыд арвыстой, уый тыххæй нын радзырдта йæ хистæр Хъоцыты Аллæ.

– Мæн, фыццаджыдæр, бузныджы  ныхæстæ зæгъын фæнды, ацы лагерь чи срæвдз кодта æмæ сывæллæттæн хъæлдзæгдзинад чи æр-хаста, æппæт уыдонæн. Стыр бузныг ма мæ зæгъын фæнды скъолайы ʻрдыгæй ма нæм йæ хъус чи дардта æмæ сывæллæттæн хæрзад хæринæгтæ чи арæзта, æппынæдзух нæ чи хъахъхъæдта, уыцы милицийы кусджытæн дæр. Сывæллæттæн та мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ ноджы фылдæр хъæлдзæг бонтæ сæ царды.

Лагерь «Солнышко» куыд фарон, афтæ та ацы аз дæр баконд æрцыд ацы скъолайы бæстыхайы. Скъола у райдзаст æмæ нын дзы кусынæн уыд æппæт уавæртæ дæр. Ам сывæллæттæ улæфыдысты æртæ фæлтæ-рæй. Фæстаг хатт нæм улæфыдис 100 сывæллоны бæрц. Райстам сæ дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ. Мах раздæр бацæттæ кодтам сывæллæттæн цымыдисон чи уа, ахæм программæ. Нæ рæзгæ фæсивæдимæ куыстам райсомы 9 сахатæй изæры 6 сахатмæ. Сывæллæттæ-иу æнæхъæн бон кодтой хъазгæ æмæ хайад истой алыгъуызон хъæзтыты. Хайад истой нывкæныны æмæ хореографион кон-курсты. Фыццаг бонæй дихгонд æрцыдысты 5 отрядыл æмæ сын уый фæстæ сæ хъомыл-гæнджытæ бацамыдтой, лагеры куыд хъуамæ сæхи дарой, уыцы фæткойтæ. Иудзырдæй, уыдис сын сæхи хъуыддæгтæ æмæ плæнттæ.

Банысан кæнын мæ фæнды уый æмæ нæм кæй ис тынг хорз фæсивæд. Не ‘взонг улæфджытæ уыдысты коммæгæс æмæ семæ куыстам æхсызгонæй. Арæх-иу ацыдыстæм экскурситы дæр. Бацыдыстæм æмæ сæ базонгæ кодтам зынгсирвæзты ныхмæ тохы куыстимæ, сæхи цæстæй ма федтой кинологтæ куыд кусынц сæ цуанонтимæ, уый дæр. Акодтам-иу сæ нæ горæты базарадон центр «Солнечный»-йы цы ног кинотеатр баконд æрцыд, уырдæм. Экскурсийы ма уыдыстæм музейы дæр. Афтæ зæгъæн ис æмæ сывæл-лæттæ дыууæ къуырийы дæргъы хъæлдзæг рæстæг кæй арвыстой.

Лагеры хистæр ма нын куыд радзырдта, афтæмæй сывæллæттæн хæрын кодтой бон дыууæ хатты. Сæ куыстæн сын хорз уавæртæ кæй сарæзтой Ахуырады министрад. Хъоцыты Аллæ ма куыд банысан кодта, афтæмæй сæм ныййарджытæ хатыдысты, цæмæй байгом æрцæуа лагеры цыппæрæм фæлтæр дæр. Уымæн æмæ уыдон æвдисæн уыдысты, сæ сывæллæттæм сын хорз хъусдардкæй здæхтой, уый. Ныййарджытæн та сæ фылдæр кусгæ кæй кæнынц уымæй сын лагеры куыст уыдис стыр ахъаз. Кæд фарст скъуыддзаг æрцæуа ныййарджытæ куыд домынц афтæ, уæд та сывæллæттæм æнхъæлмæ кæсы хъæлдзæг рæстæг. Æнæуи та, ног ахуыры аз дæр рæхджы æрбалæудзæн нæ къæсæрыл æмæ сæхи цæттæ кæндзысты скъолатæм.

Цхуырбаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.