Рæстæг дугъон бæхæй хъауджы нæу, фæлæ нæ хъуыдыкæнынады нæ царды иуæй иу цаутæ афтæ æрбынат кæнынц, æмæ сын цæргæ цæрæнбонтæм дæр нал вæййы ферохгæнæн.

2008 азы 8 августы райдайгæ хæстон цаутæ баззадысты махæй, ирон адæмæй, алкæйы зæрдæйы дæр тар фæлмæвæрд рæстæгæй, Ирыстоны ногдæр историйы та тугæйдзаг сисæй фыст рæнхъытæй.

Æнустæм баззайдзысты сæ  хъуыдыкæнынады, уыцы азы сæр-дыгон æнтæф бонтæ Бибылты чысыл хур Ланæ, йæ мад æмæ йæ мады мадæн, афтæ ма Ланæйы ирвæзынгæнæг Ефименко Сашæйæ дæр. Уæд Ланæйыл цыд æрмæстддæр 5 азы æмæ йæ йæ нана æркодта Хуссар Ирыстонмæ сæрдыгон улæфтыты рæстæджы. Бирæ нæ аулæфыд чысыл Ланæ Ирыстоны, афтæмæй райдыдта æвирхъау тугуарæн хæст. Сыгъд Ирыстон… нал уыд горæтæй æд-дæмæ ахизыны уавæртæ, чи ма-иу афæлвæрдта алидзын, уыдон та-иу горæтæй  ахизæнты баисты гуырдзыйы лæгсырдты амæттаг æмæ-иу уым ссардтой сæ адзал. Уыдæттæ Ланæ æмæ йæ нана нæ зыдтой æмæ иу æхсæв æхстытæй сæхи сæ ныккæнды бааууон кæныны фæстæ, 8-æм августы райсом, иучысыл æхстытæ куы фæсабыр сты, уæд тагъд-тагъдæй рафардæг сты автостанцæмæ, фæндыд сæ Цæгат Ирыстонмæ алидзын, фæлæ… Октябры уынджы уæллаг кæрон, Мæскуыйы уынгмæ куы сæввахс сты, уæд сын акъахдзæф кæныны уавæр бынтондæр нал уыд, ногæй та æхстытæ кæй сытынг сты, уый тыххæй.  Фæзынд сæ размæ хæрзгæнæг Хъуылымбегты чызг æмæ сæ баауон кодта йæ хæдзары ныккæнды.

Ефименко Сашæ 6-æм августы уыд, нæ горæты лæппутæ  цы штабтæ скодтой, уыдонæй сæ иуы. Уавæр æндыгъдæй æндыгъддæр кодта, гуырдзыйы лæгсырдтæ æх-хормаг бирæгътау, лæбурдтой горæтмæ, æхстой æмæ мардтой æнауæрдгæйæ. Кæд арæнтæ хъахъхъæдгонд цыдысты, уæддæр тæссаг уыд кæцыфæнды уысм дæр æрбабырсынæй. Сашæ, æппæт уыдæттæ уынгæйæ æмæ дарддæр цы уыдаид, уый та ноджы тæссагдæр кæй уыд, уый æмбар-гæйæ, йе ‘мкъай æмæ йе ‘ртæ æнахъом сабийы арвыста Цæгат Ирыстонмæ. «Мæ биноты арвыстон, уавæр бæлвырд куы февзæрдæр ис, уæд, 6-æм авгусы, мæхæдæг та автостанцæй комкоммæ æрцыдтæн штабмæ æмæ уым баззадтæн æрдæгæхсæвмæ. Дыккаг бон абæрæг кодтон мæ хæдзар æмæ, цæмæдæр гæсгæ, мæ зæрдæ тынг æнкъардта, æввахс рæстæджы ардæм кæй нал æрæфтдзынæн. Мæ миддунейы мæ фидарæй уырныдта – уыдзæн хæст!»,- загъта Сашæ.  Ахæм хъуыдытимæ уый бафснайдта, хæдзары цыдæриддæр документтæ уыд, уыдон, æрæфснайдта хæдзары мигæнæнтæй цыдæртæ æмæ та аздæхт штабмæ. 7-æм августы  изæрæй уым æрæмбырд сты штабы лæппутæ æмæ байхъуыстой, Гуырдзыстоны мæнгард къухдариуæггæнæг Саакашвили телеуынынады ирон адæмæн куыд уырнын кодта, уыдон кæй сты се’фсымæртæ æмæ Гуырдзыстон сæ ныхмæ тыхæй кæй никуы спайда кæндзæн. Кæд фæлывд президенты ныхæстæ уадиссаг никæйы бауырныдтой, уæддæр уыдон, фæллад æмæ цалдæр æхсæвы æгъуыссæг  кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæ алчи дæр  йæхи айста улæфынмæ. Сашæ дæр ацыд хæдзармæ. Лæппу куыддæр йæ сæр хуыссæныл æрæвæрдта, афтæ йын йæ фæллад уæнгтæ хуыссæг алхъывта æмæ тарф фынæй аци. «Цас бафынæй дæн, нæ зонын, фæлæ райхъал дæн тыхджын срæмыгътытæй. Цы æмбарын ма мын хъуыд, сайдæй кæй разылд Гуырдзыстоны фæлывд президент æмæ цæмæй тарстытстæм, уый нæ кæй бай-йæфта», – радзырдта Сашæ.

Уайтагъд йæхи арæвдз кодта, йæ уæхскыл йæ автомат баппæрста, вазæйы ма цы æртæ къанфеты уыд, уыдон цыма кæмæндæр хаста, уыйау сæм фездæхт æмæ араст штабы ‘рдæм. Фæлæ æхст афтæ сытынг, æмæ бæргæ зыдта, кæдæм цæуын æй хъуыд, фæлæ ма куыд? Гуырдзыстоны тугмондаг хæстонтæ фынæй горæты алыгъуызон хæцæнгæрзтæй æхстой ихуарæгау. Алырдыгæй пиллон арт ивæрзт Цхинвалыл. Нæ фæтарст фæлтæрд æмæ ныфсджын лæппу, æмбæрста, размæ цæуа æви фæстæмæ – уавæр уæддæр иу у. Хæдзæртты аууæтты æмбæхсгæ æмбæхсгæ куыддæртæй схæццæ ис Рукъы уынгмæ.

Йемæ ма æрбамбал сты цалдæр нæлгоймаджы. «Мах цалдæрæй æр-бамбырд стæм, фæлæ нæ ничи зыдта, горæт иумиагæй цы уавæры ис, уый.  Нæдæр нæм мобилон бастдзинад уыд, нæдæр мигæнæнтæ.  Уæд-мæ Тъбеты хъæуы ‘рдыгæй горæтмæ  æрбацæуæнæй райхъуыст танкты хъæлæба æмæ сæ уæлвæд та тыхджын срæмыгъдтытæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыдон уыдысты Гуырдзыйы танкæтæ æмæ фехстой, йæ фыртыхстæй сæ размæ чи фæцис, уыцы машинæ адæмæй йедзагæй».

Сашæ ма уый фæстæ цы цаутæн уыд æвдисæн, уыдон уыдысты, адæймаджы нуæрттæ кæмæй слæмæгъ уой, ахæм цаутæ. Афтæ тыхамæлттæй схæццæ ис Мыхуыры хæдзары онг, йемæ ма цы лæппутæ уыд, уыдонимæ. Æвæццæгæн æй уырдæм чысыл Ланæйы ирвæзынгæнæг зæдтæ схастой Ланæйы амондæн. Хæдзæртты аууæтты лæппутæ ахызтысты Октябры уынджы ‘рдæм æмæ уырдыгæй сæ фæнд уыд Профцæдисты хæдзары ‘рдæм. Иумæ ахизын сын уыд тынг тæссаг, æмæ ахъуызыдысты иугай. Сашæ уыд фæстаг. Фæлæ уæдмæ вокзалы ‘рдыгæй æрбазынд знаджы танк. Сашæ йæ ныфс нал рахаста  алидзын æмæ баззад, кæм уыд, уыцы кæйдæр хæдзары кæрты. Цалдæр минуты фæстæ хæрзæввахсæй райхъуыст тыхджын сæрмыгътытæ; Гуырдзыстоны тугмондаг хæстонты танкы спырхчындæуыд профцæдисты хæдзары раз. Танк хæрдмæ фæхаудта хайгай æмæ дзы иу егъау схъис цæхæр-калгæ æрхаудта Сашæйы тæккæ раз.

Æрыгон лæппу та ссис æвдисæн ацы историон цауæн дæр… «Рыст мæ зæрдæ, куы уыдтон мæ уарзон Цхинвалы уынгты мын гуырдзиæгтæ сæрибарæй куыд тезгъо кодтой æмæ сын аккаг ныхкъуырд кæй нæ уыд.  Нæ сæрмæ та сау халæттау, ратæх батæх кодтой знаджы хæдтæхджытæ. Сыгъдис мæ горæт, фæлæ цы уыд мæ бон. Баззадтæн иунæгæй Октябры уынджы æнæзонгæ хæдзары æмæ æнхъæлмæ кастæн, кæд мын фæзындаид уавæр, ме ‘мгæрттæм балидзынæн. Уæдмæ арæхсгай æрбайгом ис ныккæнды дуар æмæ… мæнæ диссаг! Рахызт ацæргæ сылгоймаг. Æз æй дисгъуызæй афарстон, зæгъын ам цæмæн дæ ахæм фыдрæстæджы», – радзырдта Сашæ. Сылгоймаджы фендæй, къаддæр цымыдисы нæ баппæрста Сашæйы йæ дзуапп. «Куыд æй зæгъон, уый дæр нал зонын, – стыхст сылгоймаг, – фæлæ ныккæнды ис æнахъом саби…»,- загъта уый. Сашæ ныллыгъд ныккæндмæ, талынг къуымы цырагъы рухсмæ бадт, фондз азы кæуыл цыдаид, ахæм чысыл чызг йæ на-найы хъæбысы.

«Саби мæм йæ тарст цæстæнгас куы раздæхта, уæд мæ цæстытыл ауад мæхи  чызг, уый дæр уый карæн. Йæ æнæхин, тасы æмæ æххуысдомæг цæстытæм ын куы бакастæн, уæд банкъардтон ныййарæджы бæрндзинад æнæзонгæ сабийы раз æмæ мæхицæн загътон: чи фæнды ма уа, мæ цард ын нывонд кæнын!» – дзырдта Сашæ.

Сашæ уал сылгоймæгтæн бамбарын кодта, уавæр тынг тæссаг кæй у æмæ уал бадой ныккæнды. Йæхæдæг йæ дзыппæй систа кафеттæ æмæ сæ радта Ланæмæ, цыма сæ сæрмагондæй уымæн рахаста, уыйау, æмæ та фæстæмæ рахызт æддæмæ. Куы æрталынг ис, уæд сæ рахизын кодта æмæ Ланæйы нанайы фæндонмæ гæсгæ, араст сты Октябры уынджы иннæ кæронмæ, сæ хæстæджытæм. Æртæ æнахъом хъæбулы фыд, йæхæдæг дæр ыл нæ ахъуыдыгæнгæйæ, йæхимæ райста æртæ адæймаджы цард бахъахъхъæныны хæс. Æбæлвырд уыд, сæ нысангонд бынатмæ удæгасæй  ныххæццæ уыдаиккой, æви нæ.

«Уæд æз æппындæр ницæуыл хъуыды кодтон, æрмæстдæр Ланæйы цард бахъахъхъæныны йедтæмæ. Æгæрыстæмæй мæ æрфæндыд фæтæндæр уæнгтæ æмæ мын базыртæ куы фестадаит, цæмæй мын фылдæр уавæртæ уыдаид, тыхст адæмæн баххуыс кæнынæн. Зыдтон æй, разæй кæй ис тынг тæссаг фæндаг, фæлæ мæм афтæ каст, цыма чысыл саби мæ буармæ æввахсдæр куы уа, уæд ын æппындæр ницæмæй тас у.  Æрбатыхтон æй мæ курткæйы æмæ йæ нылхъывтон мæ риумæ. Сылгоймæгтæн та загътон, цæмæй мæ фæдыл лидзой, сæ бон куыд у, афтæ»,- радзырдта мын Сашæ.

Алы ‘рдыгæй знаджы танктæ æмæ æфсæддонтæ дыууæрдæм кодтой, фæлæ хъæбатыр лæппу йæ  хæстон фæлтæрддзинады æмæ Хуыцауы фæрцы, æрхæццæ ис йæ нысангонд бынатмæ. Фæлæ цалдæр хатты бахаудысты  æхстыты бын. Сашæ-иу сабийы цъиуджын каркау, бакодта йæ хъæбысы æмæ-иу афтæмæй сæ сæрты тахтысты мæлæтхæссæг нæмгуытæ.

Рацыд фараст азы уыцы трагикон бонтæй. Уыдон Ирыстоны адæмы зæрдæты ныууагътой арф фæд æмæ сын нæй ферохгæнæн. Уыцы бонтæ Сашæ куыд арвыста, уый та уал азы фæстæ æрымысыд æрхæндæгæй, радзырдта сæ æфсæрмгæнгæ, цыма хъайтардзинад нæ, фæлæ цавæрдæр знаггæдтæ скодта, афтæ.  Сашæйы æмгæрттæй бирæтæ фæмард сты уыцы бонты. Уыдонæй сæ иу уыд Бибылты Алан дæр.  «10-æм августы мын Бибылты Сослан загъта, зæгъгæ танкы мидæг ис Аланы мард æмæ йын йæ сисынмæ йæ ныфс ничи хæссы. Немæ ма æрбаиу сты цалдæр лæппуйы, уыдон нымæцы, ныртæккæ нæ республикæйы президент Бибылты Анатоли дæр, æмæ систам Аланы…».

Хъæбатырдзинад æрмæст знаджы ныхмæ  комкоммæ, хæцæнгарзæй   тох кæнынæй нæ бæрæг кæны.  Уыцы хæстон бонты  та Ирыстоны лæппутæн сæ арм уыд афтид уæззау хæстон техникæйы ныхмæ. Фæлæ уыдонæй бирæтæ сæхимæ райстой æппæт хæстæ дæр æмæ æххуыс кодтой не ‘мбæстæгтæн тыхст рæс-тæджы, сæ бон куыд уыд, афтæ. Уый нæ уыд къаддæр хъæбатырдзинад æмæ у кады аккаг.

Бибылты Ланæйыл ныр  сæххæст ис 15 азы, цæры Мæскуыйы. Æмæ Ирыстонмæ æрцæугæйæ кæддæриддæр абæрæг кæны Сашæйы, куыд йæ ирвæзынгæнæджы, афтæ.  «Махæй алчи дæр у стыр бузныг Сашæйæ, ахæм æххуыс нын кæй бакодта. Мæн, æгæрыстæмæй, нал уыд ныфс, æмæ ма мæ хъæбулы  сæрæгасæй фенон. Арфæ йын кæнын йæ хъæбултæн», – загъта Ланæйы мад.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.