Ныййарджытæй арæх фехъусæн вæййы ахæм ныхæстæн, зæгъгæ, фæлтау мобилон телефон кæнæ Интернет бынтондæр куы никуы æрымысыдаиккой, нæ сывæллæттæ, зæгъ, бахаудтой сæ дæлбар. Кæй зæгъын æй хъæуы, иуæй, хорз сты, иннæмæй та æвзæрырдæм æндавынц, лæмæгъ характер кæмæн ис ахæм адæймæгтыл, уыцы нымæцы рæзгæ фæлтæрыл дæр. Интернетæй адæм æрмæстдæр нысанмæздæхтæй куы пайда кæниккой, уæд бæргæ хорз у, фæлæ… Интернетмæ бахизгæйæ, адæймаг цынæ цъаммардзинæдтæ бафæрсдзæн, цынæ æнæзæрдæмæдзæугæ нывтæн дзы фенæн ис…

Мæнмæ гæсгæ, ирон адæмæй искæйы куы бафæрсай, зæгъгæ, нæ рагфыдæлтæ – алантæ цæмæй зындгонд уыдысты æнæхъæн дунейы, уæд, æнæмæнгæйдæр сæ фылдæр сдзуапп кæндзысты афтæ, зæгъгæ, зындгонд уыдысты сæ зонд,  хъæбатырдзинад, сæрыстырдзинад, хъару æмæ æгъдауæй. Бафæрсæм ма нæхи, абон нæ фыдæлты уыцы диссаджы миниуджытæ хъахъхъæдгонд цæуынц æви нæ, уымæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, фаг хъахъхъæд нæ цæуынц. Уый хыгъд ирон адæймæгтæй бирæтæ, куыд сылгоймæгтæ, афтæ нæлгоймæгтæ дæр сæ цæсгомыл сæ къух афтæ систой æмæ сын арт æмæ фæнык нал ис алы æвзæрдзинæдтæ Интернеты парахат кæнынæй. Ахæмтæн ирон æфсарм, ирон æгъдау сæ фæсонæрхæджы дæр нал ис.

Нæ рагфыдæлтæй æппæлын райдайæм, зæгъгæ, уыдон тынг куырыхон, хъаруджын æмæ æгъдауджын адæм уыдысты. Мах та цы аразæм уыцы диссаджы кадджын традицитæ ба-хъахъхæныны тыххæй? Бирæ ницы. Æрмæст нæ риутæ хойæм, мах, зæгъ, аланты фæ-донтæ стæм. Ам æрхæсдзынæн ахæм æмбисонд: дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз.

Ныр та конкретонæй æрдзурдзынæн мæ уац ахæм уайдзæфы ныхæстæй цæмæн райдыдтон, уый тыххæй. Ирыстонæн Хуыцау ахæм гоймæгтæ балæвар кодта æмæ сæ номæй скад кодтой сæ радтæг адæм, сæ радтæг Ирыстонæн æппæт дунейы. Ахæм гоймæгтæй адæймаг хъуамæ æфсæрмы дæр кæна, уымæн æмæ уыдоны фæрцы ирон адæмы, Ирыстоны базыдтой æнæхъæн дунейы. Ирон адæмы аккаг табуйаг фырттæй сæ иу у ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. Уый йæ радтæг æфхæрд ирон адæмы сæрвæлтау йæ удыл никуы бацауæрста, йæ радтæг адæмы мæтæй та карз низ йе уæнгты бацыд æмæ цæрынхъуагæй ахицæн йæ цардæй. Къостайы сфæлдисгæ шедевртæ «Ирон фæндыр»-æй райдайгæйæ, сты ирон адæмы исад æмæ хъæздыгдзинæдтæ. Фæлæ та ам дæр нæхи бафæрсæм, алчи æмбары йæ радтæг ирон адæмæн ацы стыр гоймаг цы лæггæдтæ бакодта, уый тыххæй. Хъыгагæн, та ам дæр сдзуапп кæндзынæн, алчи йæ не ‘мбары, æндæра… Алчи йæ куы æмбарид, Къоста ирон адæмы сæрхъызой кæй у,  уæд ын Дзæуджыхъæуы Сабырады проспекты бандоныл цы цырт æвæрд æрцыд, уымæй хынджылæг нæ кодтаиккой иуæй-иутæ. Бирæтæ-иу йæ хъæбысы сбадтысты, бирæтæ та-иу ын йæ уæхсчтылы  сæ къухтæ æруагътой афтæмæй-иу сæ  нывтæ систой æмæ-иу сæ Интернетмæ баппæрстой. Уый тыххæй бирæ дзырд цыд, æгæрыстæмæй, бирæтæ фæн-дон дæр бахастой, цæмæй Къостайы цырт уырдыгæй ист æрцыдаид. Цалдæр мæйы размæ Хуссар Ирыстоны ирон ахуыргæнджытæн квалификаци бæрзондгæнæн курсыты рæстæджы лекцитæ бакаст ирон æвзаджы специалист, ЦИПУ-йы доцент Уалыты Татьянæ. Уый йæ иу лекцийы рæстæджы æрдзырдта ацы проблемæйы тыххæй, стæй æхсыз-гонæй банысан кодта, зæгъгæ, абон Къостайы цыртæн ахæм æнæгъдау митæ ничиуал кæны, æвæццæгæн, зæгъ, бандоныл цырт æвæрыны рæстæг нæма уыд, уæд.

Хетæгкаты Къостайы цыртæй кæй хынджылæг кодтой иуæй-иу æнæмбаргæ адæй-мæгтæ раст ын цыма уый фаг нæ уыд, уыйау ын ныр та бавнæлдтой йæ æнæмæлгæ æмдзæв-гæтæм. Цæвиттон, æрæджы мæ зонгæтæ телефоны WhatsApp-мæ  кастысты, æз дæр бацымыдис кодтон, зæгъын, цы ссардтат уыцы телефоны, фæлæ йæ фæлтау куынæ федтаин. Иу æнæмбаргæ, æнæгъдау  нæл-гоймаг Къостайы æмдзæвгæ «Ныфс»-ы ныхæсты бындурыл æрæмысыд цъаммар ныхæстæ æмæ сæ адæмы рæгъмæ рахаста. Цæвиттон, цыма иу хæдзармæ ног чындз!!! æрцыд æмæ, зæгъ, æй бафарстой, æппын, дам, ницы сахуыр кодтай, уæлдæр ахуыр каст нæ фæдæ? Æмæ сын, ома, ног чындз дæр сдзуапп кодта, зæгъгæ, дам, сахуыр кодтон æмдзæвгæ. Иуæй-иутæ кæд бахудтысты «æм-дзæвгæйы» цы цъаммар ныхæстæ уыд, уыдоныл, уæддæр æй  бамбæрстой, уый худын нæ, фæлæ кæуинаг хъуыддаг кæй у, уый æмæ смæсты сты. Ау, куыд гæнæн ис æмæ йæ номæн дæр табу кæмæн хъуамæ кæнæм, нæхицæн зæдыл кæй хъуамæ нымайæм, уый æнæмæлгæ æм-дзæвгæтæй хынджылæг кæ-нæм. Нæй йын бамбарæн! Уы-мæй дæр ирон нæлгоймаджы дзыхæй хъуысынц ахæм æнæгъдау, зæрдæ цæмæй схæццæ уа, ахæм ныхæстæ. Иннæмæй та цахæм цæвиттон æвдисы ног чындзытæн! Скъоладзаутæй уыцы «æмдзæвгæ» чи бакæса, уый цы ахъуыды кæндзæн?

«Дзигойы зарæг»-ы тыххæй алчидæр фехъуста æмæ зоны. Абон дæр æй зарынц, лæгдзинады тыххæй зарæг кæй у, уымæ гæсгæ. Фæлæ та ацы зарæгмæ дæр бавнæлдта цахæмдæр «гени», йæхирдыгонау æм цъаммар, æнæуаг ныхæстæ бахаста æмæ йæ чысыл чызгæн азарын кодта WhatsApp-ы. Куы йæм байхъуыстон, уæд та мæ зæрдæ фæцæйскъуыд. Ау, ирон адæймаг нæу, йæ сæрмæ цы бахаста, цахæм цæвиттон равдыста уымæй, кæмæн æй азарын кодта, уыцы чысыл чызгæн, чи йæм байхъуыста, уыдонæн. Уый худинаг æмæ мæлæт у, ахæмтæ наци худинаггæнджытæ сты æмæ сæ ныхмæ карз  ма-дзæлттæ исын хъæуы цалынмæ нæ байрæджы, уæдмæ. Мах, газет «Хурзæрин»-ы редакцийы коллектив арæх нысан кодтам алыгъуызон бæрæгбонтæ æмæ-иу ахæм бадтыты рæстæджы Дзигойы зарæг æнæмæнгæй базарыд Дыгъуызты Гриша (абон дзæнæттаг). Гриша-иу куы азарыд зарæджы мæнæ ахæм рæнхъытæ, зæгъгæ, «лæгдзинады тыххæй ба-ленк кæндзынæн, цæмæн мæ хъæуы сыгъзæрин иу сом», уæд-иу мæ цæсты раз сыстад Дзигойы фæлгондз – хæрзконд, бæрзонд, хъæбатыр нæлгоймагæй. Ныр æм кæцыдæр æнæгъдау адæймаг бавнæлдта, зарæгæй хынджылæг кæны æмæ æвзæр цæвиттон æвдисы рæзгæ фæлтæрæн. Дзигойæн кæд лæгдзинад алцæмæй уæлдæр лæууыд, уæд ацы зарæджы рæнхъытæ æнæгъдау ныхæстæй чи баивта, уымæн та лæгдзинад, адæймагдзинад фæстаг бынаты кæй сты, ууыл дызæрдыг кæнын бынтондæр нæ хъæуы.

Æрæджы та мæ зонгæйы телефоны федтон ахæм ныв: цæвиттон, кæцыдæр ирон хъæ-уы цæры æрдз кæй фæхъыг кодта, ахæм зондцух нæлгоймаг. Уымæй хынджылæг кæны иу ирон сылгоймаг, бавналы йæм æнæмбæлон ранмæ æмæ та йын зондæй рынчын чи у, уыцы нæлгоймаг йæ къухыл ахæцы æмæ йын æфсæрмгæнгæйæ афтæ бакæны, «афтæ не ‘мбæлы», зæгъгæ. Ацы нывмæ кæсгæйæ мæм зондцухдæр фæкаст рынчын нæлгоймаг нæ, фæлæ уыцы цыбырзонд ирон сылгоймаг, кæцы бынтондæр ферох кодта ирон æфсарм æмæ намысы тыххæй. Адæймаг алы бар йæхицæн ма хъуамæ дæтта, уæлдайдæр та ирон сылгоймаг.

Телефоны ма федтон иу ахæм ныв дæр: цæвиттон, дыууæ зæронд лæджы лæдзгуыты æнцой бацыдысты æмæ æрбадтысты фæрсæй-фæрстæм. Уæдмæ сæ чидæр кæрæдзийыл ацардыдта æмæ сын хыл бацайдагъ. Сæ дзыхæй цынæ цъаммар ныхæстæ хауд ахæм нал баззад. Куыдфæстагмæ сæ лæдзгуытæ кæрæдзи фæнæмыны охыл куы фæхъил кодтой, уæд сæ ахицæн кодтой. Гъе, уый дын ирон зæронд лæгтæ! Ацы дыууæ зæронд лæджы абарстон мæ дзæнæттаг фыдимæ æмæ та мæ цæстыты раз йæ кад ноджы фæбæрзонддæр, уымæн æмæ уый дзыхæй йæ бирæ цот æвзæр, æнæуаг ныхас никуы фехъуыстой, никуы дæр æй нозтджынæй федтам. Уыд хиуылхæцгæ æмæ уæздан адæймаг. Йæ ацы миниуджыты тых-хæй йын адæмы, хиуæтты ‘хсæн уыд стыр кад æмæ абон дæр йæ кой фæкæнынц.

Интернеты, телефоны «низæй» фæрынчын сты рæзгæ фæлтæрæн сæ фылдæр æмæ æппынæдзух архайынц сæ телефонтимæ. Фарстæуы, ацы ныв фенгæйæ, уыдон цахæм цæвиттон хъуамæ райсой ацы дыууæ зæронд лæгæй. Нæ фыдæлты дуджы, ацæргæ лæгтæй исчи ахæм æнæуаг дзыхæй куы сдзырдтаид, уæд ыл, æнæмæнгæйдæр, хъоды  бакодтаиккой. Сæ сыгъдæг уарзты тыххæй Азау æмæ Таймуразыл хъоды куы бакодтой, уæд цымæ ахæм æнæуаг адæймæгтæн та цахæм тæрхон рахæсиккой,  абон ма ирон адæмы раздæры æгъдæуттæ хъахъхъæд куы цæуиккой, уæд. Кæй зæгъын æй хъæуы, иууыл карздæр тæрхон.

Чизоны мæ ныхæстæ, мæ уайдзæфтæ искæмæ худæгау фæкæсой, фæлæ ма алчидæр лæмбынæг ахъуыды кæнæт, æппындæр нæм æфсарм куынæ уал уа æмæ кæй куыд фæнды афтæ телефонты, Интернеты алы цъаммар нывтæ куы æппара, уæд нæ фидæн цы уыдзæн, суинаг фæлтæртæ цæуыл сахуыр уыдзысты.  Хорз уаид æмæ æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ  куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр æмæ æмбæлон ведомствотæ куы бакусиккой исты мадзæлттæ райсыныл ахæм æдзæсгом адæймæгты ныхмæ, науæд сæ рохтæ æгæр суæгъд сты æмæ хынджылæг кæнынц сæхицæй дæр æмæ адæмæй дæр. Æмбæлон ведомствоты куы бафæнда, уæд  æнцонтæй ссардзысты ацы «гениты».

Мæ уацы æрхастон æрмæстдæр цалдæр æнæгъдаудзинады тыххæй, фæлæ ахæмтæ бирæ фылдæр сты. Æвзæр цæвиттон та хæцгæ низæй уæлдай нæу, æмæ… тас у сомбоны йын æппæрццаг фæстиуджытæ куы уа, уымæй.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.