Ирыстоныл, ирон нывæфтыд литературæйыл æрцыд стыр зиан – йæ царды 80-æм азы уæззау низы фæстæ фæхъуыд зындгонд ирон фыссæг – поэт, прозаик, драматург, литературон критик Малиты Васо. Васо æрдзæй ирон литературæйы цин æмæ сæрыстырæн кæй рантыст, уыцы хъуыддаг фæбæрæг йæ фыццаг поэтикон æмбырдгонд «Фат æмæ æрдын»-æй (1963).

Малиты Геуæргийы фырт Васо райгуырд 1938-æм азы æртхъирæны мæйы 14-æм бон, Ирыстоны цæгат хайы Мостыздæхы. Йæ поэт фыды йын «ды махæй цæмæн дæ хуыздæры» тыххæй раджы, культы рæстæджы æрцахстой. Сыбыры бабын. Уымæй сын фехæлдтой сæ хæдзар æмæ фидæны поэт уым куыдта стонгæй. Ахуыр кодта сæхи хъæуы астæуккаг скъолайы. «Адæмы знаджы» фыртæн адæмы ‘хсæн цæрын уæды заманы æнцон нæ уыдис. Сæ алы къахдзæф дæр сын «быны къæрццхъустæ» баргæ кодтой. Фæлæ ахæм уавæрты каст фæцис астæуккаг скъола. 1957-æм азы йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты æмæ уый дæр æнтысгæйæ фæцис 1961-æм азы. Куыста газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы литературон кусæгæй, стæй – телеуынынады редакторæй.

1969-æм азы ацыд Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институты Уæлдæр дыууæазон литературон курсытæм. 1970-æм азы фæстæмæ сыздæхт йæ радтæг Ирыстонмæ. Уæдмæ бацис цалдæр чиныджы автор æмæ кусын райдыдта рауагъдад «Ир»-ы хистæр  редакторæй.  Уыд  чиныгуарзджыты Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнады сæрдар.

Йæ уацмыстæн чиныгкæсджыты цæсты хорз æнтыст кæй уыдис, фысджыты ‘хсæн йæ ныхас кæй карста, алы хатт дæр æмуынаффæмæ семæ цæттæ кæй уыдис, уый тыххæй йыл фысджытæ бафтыдтой се ‘ууæнк æмæ йæ 1987-æм азы равзæрстой Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдарæй.

Уыцы рæстæджы, цæмæй нæм Дзæуджыхъæуы дыгурон диалектыл аив-литературон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Ирæф» цæуын райдыдтаид, ууыл бирæ тых бахардз кодта æмæ йын йæ рауадзын бантыст. Йæ тæккæ райдайæны  – 1991-æм азы, слæууыд йæ сæргъ æмæ уæдæй фæстæмæ æнтысгæйæ куыста журналы сæйраг редакторæй.

Васо йæ цард æмæ йæ куысты иу бæрзæндæй иннæмæ кæй хызт, алы ран дæр ын зæрдæзæгъгæ æнтыстытæ кæй уыд, уый æнæхъæнæй баст уыд йæ аивадон-литературон куыстимæ. Афтæмæй дзæвгар сты Малийы-фырты æнтыстытæ. Йæ дыккаг чиныг «Мæйрухс æхсæвты» (1965) йæ курдиат равдыста прозæйы жанры. Хорз æнтыст уыдис йæ уацау-тæ æмæ радзырдты чиныг «Гуыйман»-æн (1977). Чиныгкæсджытæ уæлдай æхсызгондæрæй сæм-бæлдысты йæ роман «Сурмейы хæдзар»-ыл (1974). Йæ пьесæтæм гæсгæ Цæгат Ирыстоны ирон драмтеатры сæвæрдтой спектаклтæ  «Калм æмæ хъисфæндыр», «Саст бандон», йæ пьесæты чингуытæ «Ацырухс» (1983), «Уадзимистæ» (2008) фæцыдысты чиныгкæсджыты зæрдæтæм…

Фæлæ Васо фыццаджы-фыццаг у поэт. Йæ поэтикон дзырд адæммæ тынгдæр хъуысы. Æмæ æхсайæм азты цы стыр кадджытæ сфæлдыста – «Пэя», «Æнусæй æнусмæ» æмæ «Рохсанæ» («Рохсанæ», 1970), уыдон ын бирæ фæуæрæхдæр кодтой йе сфæлдыстад. Васо у нæ ирон æлвæст, зæлланггæнаг æмæ аивамад æмдзæвгæйы æцæг дæсны. Йæ рухс ном æнустæм цæрдзæн ирон нывæфтыд литературæйы галуаны.

Рухсаг у.

Ирыстоны Фысджыты цæдис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.