Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты хъæппæрисæй ауагъдæуыд тымбыл фынг ахæм темæйыл: «9 азы Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадыл. Æнхъæлмæкæсын æмæ реалитæ». Мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хицауады уæнгтæ, Парламенты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, историктæ, эксперттæ, дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ.

Мадзалы райдиан æрæмбырдуæвджытæ бакастысты 2008 азы августы тыххæй Информаци æмæ мыхуыры комитеты бацæттæгонд  видеороликмæ. Уый фæстæ мадзал амонæг Уазæгты Юри куыд радзырдта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгады уынаффæ уыд эпохалон цау æрмæст Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн нæ, фæлæ Уæрæсейæн йæхицæн дæр, уымæн æмæ-иу Уæрæсейы Федераци йæ позицитæ куы ныууагъта, фæцис уыцы рæстæг. Фактон æгъдауæй дунеон аренæмæ рахызт  æндæр Уæрæсе æндæр политикæ æмæ  принципиалон æгъдауæй æндæр бæрндзинадимæ, кæцы йæ сæйрагдæр хæсыл нымадта йе ‘мбæстæгты æмæ йæ национ интересты бахъахъхъæнын, куы бахъæуа, уæд та хæцæнгарзæй спайда кæнгæйæ, уымæй дæр дунеон барады фæлгæтты.

2008 азы августы цы уынаффæ райста Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад, уый ахсджиаг фактор ссис Уæрæсейы патриотон хæдгъуыздзинад дарддæр сфидар кæнынæн. Уæрæсейы Федерацийы уæды Президент Дмитри Медведев куыд загъта, ома, 2008 азы августы Уæрæсе куы ницы мадзæлттæ райстаид, уæд йæ дарддæры цаутæ æндæргъуызон уыдаиккой. Фæлæ райст æрцыд бæрнон уынаффæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинадтæ банымайыны фæдыл.

Уый фæстæ 9 азы нæ республикæйæн уыдысты вазыгджын азтæ, фыццаджы фыццаг мидполитикон рæзты хъуыддаджы. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, уыцы 9 азы дæргъы республикæ схызт йæ рæзты бæрæг æмвæзадмæ, проблемæтæм нæ кæсгæйæ, ауагъд æрцыдысты æртæ президентон, дыууæ парламентон компанитæ, дыууæ референдумы.

Уый дзурæг у ууыл, æмæ нæ паддзахад-дзинад фæразон у куыд æддагон, афтæ мидæггагон кризистæн дæр.

Мадзалы раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны  Президент  Бибылты Анатоли. Уый бузныг загъта мадзалы органи-затортæн æмæ раарфæ кодта æрæмбырд-уæвджытæн нæ паддзахадон хæдбардзинад банымайыны боны цытæн. Президент баны-сан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй нæ республикæйы хæдбардзинады банымадæн ис хъысмæтскъуыддзаггæнæн нысаниуæг, уымæн æмæ уæдмæ лæууыд фарст Хуссар Ирыстоны уæвынады тыххæй, ома, «куыд этнос, афтæ Хуссар Ирыстон уæвынад кæна, æви – нæ», фæлæ Хуссар Ирыстоны адæммæ уыйбæрц æхсар разынд, æмæ лæууыдысты кæронмæ сæ равзаргæ фæндагыл, Уæрæсейы Федераци дæр уыйас ныфсхастдзинад равдыста, æмæ банымадта Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбар-дзинад.

Бибылты Анатоли æрымысыд, республикæйы хæдбардзинады сæрыл чи тох кодта, уыцы хъайтарты нæмттæ, афтæ ма политикон архайджыты нæмттæ дæр.

«Хуссар Ирыстоны адæм 20 азы дæргъы бирæ хъизæмæрттæн бафæрæзтой, уый фæстиуæгæн ирон адæмы минæвар кæй стæм, уый адæймагмæ æвзæрын кæны сæрыстырдзинад. Сæрыстырдзинад ма нæм æвзæрын кæны, уал азы дæргъы сæ Фыдыбæстæ, сæ адæмы чи хъахъхъæдта, уыцы лæппуты фидар удыхъæд дæр. Рох кæнын нæ  хъæуы, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн чи разамынд кодта, уыдоны дæр, уыдон сты Хуыбылты Валери, Джиоты Алан (Парпат), Гæззаты Вадим æмæ ноджы бирæтæ. Рох кæнын нæ хъæуы, уæды рæстæджы политикон фарст чи скъуыддзаг кодта, уыдоны се ‘ппæты дæр – политикон архайджытæ Хъуылымбегты Торез, Цоциты Аланы æмæ а.д.», – загъта Президент.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Уæрæсе æрмæст 2008 азы нæ бахъахъхъæдта, фæлæ ма йæ бахъахъхъæдта 1992 азы дæр, йæ фидауынгæнæн тыхтæ нæ республикæйы территоримæ куы æрбакодта, уæд.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Бибылты Анатоли йæхæдæг дæр уыд Уæрæсейы Федерацийы фидауынгæнæн контингенты сконды.

Паддзахады сæргълæууæг хъусдард аздæхта Хуссар Ирыстон Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фарстмæ.

«Мах æппæт дæр хъуамæ саразæм, цæмæй тагъддæр бацæуæм Уæрæсейы Федерацийы скондмæ. Уыимæ иумæ мах нæ хъæуы æрлæууын къухыбафтгæ æнтыстытыл, фæлæ хъуамæ цæуæм размæ. Алчи дæр йæ разылæууæг хæстæ хъуамæ æххæст кæна æмбæлон æмвæзадыл», – банысан кодта Президент.

Дарддæр паддзахады сæргълæууæг дзырдта абоны реалитæ æмæ перспективæтыл. Уый куыд загъта, афтæмæй нæ хуссайраг сыхæгтæ нæ уынынц абоны реалиты. Уыдон та сты ахæм, æмæ «Хуссар Ирыстон фидарæй, æххæстбæрцæй уæвынад кæны, у дунеон барады субъект, ис ын йæхи паддзахадон атрибуттæ, паддзахадон органтæ се ‘ппæт дæр кусынц.

Хъыгагæн, абон уыцы реалитимæ разы не сты нæ хуссайраг сыхæгтæ, фæлæ рæстæг рацæудзæн, æмæ йæ уыдон дæр бамбардзысты. «Абон уа æви сом, Гуырдзыстоны разындзæн ахæм политикон тыхтæ, кæцыты бафæнддзæн нæ хæдбардзинад банымайын æмæ йæ нымайгæ дæр бакæндзысты. Уымæн æмæ сæ кусын хъæудзæн хуссайраг ирæттимæ, куыд æмбар партнеримæ. Цас тагъддæр æрцæуа уыцы хъуыддаг, уыйас Гуырдзыстонимæ тагъддæр арæзт æрцæудзысты  политикон, экономикон ахастытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд дыууæ сыхаг бæстæйæн дæр цæрын комфортондæр уыдзæн. Махæн нæ сæйраг хæс у, Гуырдзыстон алы æмæ алы фæзуæтты цы хъусынгæнинæгтæ раразмæ кæны, уыдонмæ нæ кæсгæйæ, цæмæй цæуæм размæ, хъуамæ фидар кæнæм нæ экономикæйы, нæ политикон институтты, æмбæстагон æхсæнады. Уый тыххæй та не ‘хсæнад хъуамæ уа æнгом, хъуамæ уæм иумæ, æрмæст ныхæстæй нæ, фæлæ реалон къахдзæфтæй дæр. Уый аразын нæ бон у æмæ йæ аразгæ дæр хъуамæ скæнæм. Политикон къухдариуæгад æмæ адæм иумæ куынæ уой, уæд размæцыд нæ уыдзæн».

Президент хъусдард аздæхта республикæйы экономикæйы фарстмæ дæр.

«Нæ разы цы хæстæ ис, уыдонæй иууыл ахсджиагдæр у экономикон райрæзт. Мах хъуамæ иумиаг тыхтæй архайæм нæ республикæйы размæцыдыл, фыццаджы фыццаг та  экономикон райрæзтыл. Республикæйы къухдариуæгад йæ административон ресурс аздæхта, Хуссар Ирыстоны цы фæсауæрцтæ ис, уыдон реализацимæ. Ныфс мæ ис, æмæ республикæйы къухдариуæгад æмæ адæмы баланс хъахъхъæд æрцæудзæн, афтæ куы уа, уæд нæ къухы бафтдзæн, цы фæстиуæг нæ хъæуы, уый», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Экономикæйы темæ адарддæр кодта Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади. Уый радзырдта Хуссар Ирыстоны экономикæйы проблемæтæ æмæ перспекти-вæтыл, 9 азы дæргъы цы бантыст саразын æмæ къухтæй цы аирвæзт, æппæт уыдоны тыххæй.

Министр куыд загъта, афтæмæй Уæрæсейы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны акт дæр æмæ уый фæстæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн цы бадзырдтæ арæзт æрцыд, уыдон се ‘ппæт дæр бындур æрæвæрдтой, цæмæй экономикæйы фадыджы нæ республикæ фæдфæдылонæй æмæ этапгай размæ цыдаид. Кæй зæгъын æй хъæуы, цыдæртæ саразын бантыст, цыдæр программæтæ реализацигонд æрцыдысты, фæлæ, хъыгагæн, экономикæйы æмбæлон рæзты тыххæй 9 азы æнæхъуаджы фесты.

«Аивгъуыйгæ 9 азы у  къухæй аирвæзгæ фадæтты рæстæг. Гуырдзыйы къухдариуæгады æнæзонд акцитæ цы материалон зиан ракодтой Хуссар Ирыстонæн, уый сбæрæг кæнынæн исты арæзт æрцыд? Хъыгагæн, æз зæгъдзынæн уый, æмæ мах æппындæр уый тыххæй ницы сарæзтам.

Дагомысы бадзырдтæ арæзт куы æрцыдысты, æмæ республикæмæ  фидауынгæнæн тыхтæ куы æрбакондæуыд, уый фæстæ  арæзт æрцыд къамис, гуырдзиаг агрессийы рæстæджы республикæйæн цы экономикон зиан ракондæуыд, уый сбæрæг кæныны тыххæй. 1984 азы æргътæм гæсгæ  къамис æрбавдыста  советон æхцайæ 34 миллиард сомы, уыцы суммæйæ 1/3 хайы хъуамæ бафыстаид Гуырдзыстон, иннæ 2/3 хайы та – Уæрæсе. Уыцы сразыдзинадмæ гæсгæ уæрæсейаг фарс йæ хæстæ æххæст кодта этапгай, гуырдзиаг фарс уыцы суммæйыл нæ разы кодта. 2008 азы тыххæй та зæгъдзынæн уый, æмæ уæд Хуссар Ирыстоны уæды Хицауад бафæлвæрдта ракæнгæ материалон зианæн саргъ кæнын. Нысан æрцыд суммæ 1 миллиард америкæйаг доллары бæрц, фæлæ уыцы суммæ никуыдæм бавдыст æрцыд. Уыцы суммæ куы сбæрæг чындæуыд, уæд нæ минæвæрттæн Женевæйаг дискусситы фæзуаты сæ бон уыд уыцы суммæ æрæ-вæрдтаиккой гуырдзиаг фарсы раз æмæ радзырдтаиккой, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонæн цы стыр зиан ракодта, уый тыххæй. Уымæн æмæ  Гуырдзыстон 5 боны дæргъы ахæм хæцæнгæрзтæй спайда кодтой, кæцытæй не спайда чындæуыд нæдæр 1992 азы æмæ нæ дæр 2004 азы. Уый фæстиуæгæн 2008 азы материалон зиæнттæ уыдысты бирæ фылдæр. Уыцы суммæ равдисын ма ахсджиаг уыд уый тыххæй дæр, æмæ гуырдзиаг фарс Женевæйаг дискусситы бавдыста, Гуырдзыстонæн  Уæрæсе цы материалон зиан ракодта, уыцы суммæ. Кæд нæ рæдийын, уæд уыцы суммæ уыд 52 миллиард доллары, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы суммæ æрымысгæ уыд, уымæн æмæ гуырдзиæгты æфсæдтæ сæ хæцæнгæрзтæ акалгæйæ, фæлыгъдысты æмæ уырыссæгты хæцыны, кæнæ цæрæн пункттæ æхсыны, пырх кæныны кæнæ судзыны сæр дæр нал хъуыд», – банысан кодта министр.

Уый радзырдта, фæсхæст 9 азы дæргъы цы саразын хъуыд æмæ арæзт цы не ‘рцыд, уыдæтты тыххæй дæр.

«2008 азы августы хæсты фæстæ 9 азы æндидзынæн бирæ сты ахæм чысыл паддзахадæн, куыд Хуссар Ирыстон. Уыцы æмгъуыдмæ гæнæн уыд адæмон хæдзарады сæйраг фадгуытæ  сæндидзын кæнын, уый фæстæ та сæ райрæзын кæнын. Ныр та уынæм уæззау уавæр: бирæ фадгуыты прогрессы бæсты уынæм регресс. Нæ паддзахады къухдариуæгад уыцы уавæримæ зонгæ у æмæ фæндвидар у  нæ экономикæ, энергетикæ, сæудæджерадон фадыг, агросæудæджерадон комплекс æмæ лæггæдты æппæт фадгуытæ кæй хъуамæ райрæзын кæнæм, уый тыххæй. Республикæйы къухдариуæгад æй зоны, уыцы фарстатæ куыд скъуыддзаг кæндзыстæм, уый», – йæ ныхасы кæрон банысан кодта Кокойты Геннади.

Мадзалы дзырд цыд республикæйы информацион политикæйы фæдыл дæр, сæрмагондæй та 2008 азæй фæстæмæ информацион фадæттæй куыд пайда цæуы Хуссар Ирыстоны интерестæ дунеон аренæйы раразмæ кæныны тыххæй.

РХИ-йы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин куыд банысан кодта, афтæмæй махæн ахсджиаг у, цæмæй хæдбарæй размæ цæуæм, цæмæй нæм экспертон æмæхсæнад цыты ахаст дара æмæ фена, Хуссар Ирыстон паддзахад кæй у, хъуамæ бамбара, сæ адæмы фидæныл чи хъуыды кæны æмæ йæ чи скъуыддзаг кæны, ам ахæм адæм кæй цæрынц.

Ацы темæйы фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Медиа-центр «Ир»-ы президент Гаглойты Иринæ дæр. Уый æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, ирон адæмы ногдæр историйы 26 август иууыл ахсджиагдæр бонтæй сæ иу кæй у. Цыбыртæй радзырдта 20-азон хæсты азты дзыллон информацион фæрæзты куысты тыххæй.

Уый куыд загъта, афтæмæй уæрæсейаг-ирон ахастытæ 300 азы бæрц алыгъуызонæй арæзт цыдысты, фæлæ кæддæриддæр ахсджиаг уыдысты не ‘хсæнадæн. 2008 азы август нæ адæмæн ссис ныфсы мæй æмæ размæцыды символ. Гаглойты Иринæ банысан кодта 2008 азæй фæстæмæ информацион фæрæзты ивындзинæдтæ.

«Мæн уый зæгъын фæнды, æмæ цалынмæ Хуссар Ирыстоны паддза-хадон хæдбардзинад нымад не ‘рцыд, уæдмæ нæм цы информацион фæрæзтæ уыд, уыдонæй пайда кодтой иууылдæр. Фæлæ нын нæ паддзахадон хæдбардзинад Уæрæсе куы банымадта, ифтонгад æмæ рæзты тыххæй бирæнымæц фадæттæ куы фæзынд, уæд информацион фадыджы æппæт дæр «лæгъз кæнын» райдыдтой, уыцы нымæцы идеологион æгъдауæй дæр. Æз афтæ нымайын, æмæ абоны бон республикæйы информацион ресурсты хъæуы сæ куысты механизммæ æркæсын æмæ дырысдæр здæхтытæ сбæрæг кæнын. Информацион хæст дарддæр кæны, æмæ дзы 2008 азмæ кæд нæ фембылды стæм, уæд ныр та, мæнмæ гæсгæ, æмбылды кæнæм. Арæхдæр уадзын хъæуы тымбыл фынгтæ æмæ сæ адæмæн хъæуы æвдисын. Уый тынг ахсджиаг хъуыддаг у. Уымæн æмæ адæм хъуамæ зоной, бæрæг адæймæгтæ æрвылбонон проблемæтыл кæй уынаффæ кæнынц», – банысан кодта Гаглойты Иринæ.

Иринæйы ацы ныхæстимæ сразы Бибылты Анатоли дæр. Уый куыд загъта, афтæмæй уыд ахæм рæстæджытæ, журналисттæн куы дзырдтой, цы æмæ куыд фыссын хъæуы, уыдæтты тыххæй, цензурæйы контролы бын куы уыдысты.

«Бæрнон бынæтты чи кусы, уыдон ма хъуамæ тæрсой журналисттæй, исчи журналистæй куы тæрса, уæд уый нысан кæны, ныхас кæнын, кæнæ цы сараза, уый кæй нæ зоны», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Мадзалы раныхас кодта РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр.

Йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны йæхи территори хоныны бар Гуырдзыстонæн нæ уыд æмæ йын ныр дæр нæй. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны хай никуы уыд, 1921 азæй 1990 азмæйы рæстæгыл куынæ дзурæм, уæд. Уыцы рæстæджы дæр Ирыстоны хуссар хай тыхæй бакодтой ГССР скондмæ.

Медойты Димитр цыбыртæй радзырдта Хуссар Ирыстоны националон-сæрибаргæнæн змæлды тыххæй ХХ æм æнусы 20-æм азтæй райдайгæйæ. Банысан кодта 1992, 2004 æмæ 2008 азты Гуырдзыстоны фашистон режимы агрессивон архайд Хуссар Ирыстоны ныхмæ.

«Раздæры Гуырдзыстоны ССР арæнтæм раздæхыны тыххæй Тбилисы бафæлвæрдтытæн æппындæр ницыуал шанс ис. Хуссар Ирыстоны ныхмæ 1990-1992 азты, 2004 азы август æмæ сæрмагондæй та 2008 азы августы Гуырдзыстоны къухдариуæгад цы хæстытæ расидт, уыдон Хуссар Ирыстоны æркодтой нымад паддзахадон хæдбардзинадмæ. Саакашвилийы режим ирæттæн бынтондæр сæ къух сисын кодта Гуырдзыстонимæ иумæ цæрыныл», – загъта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, алы аз дæр 8-æм августы бон нысан цæудзæн фыдохы бонæй  Хуссар Ирыстонмæ тбилисаг режимы æфсæдты гадзрахат æрбабырсты бонæй. Æнæдызæрдыгæй, уыцы цау баззайдзæн нæ адæмы мысынады, куыд нæ историйы иууыл æрхæндæгдæр, трагикондæр фарс, афтæ. Уыцы аз уыд нæ адæмæн стыр зиæнтты аз. Уыцы æмрæстæджы 2008 азы мах нымайæм нæ паддзахадон хæдбардзинады банымады азыл дæр. Уый тыххæй 26 август æххæстбарæй у æппæтадæмон бæрæгбон. Уый ма у нæ Уæлахизы бон дæр», – банысан кодта министр. Уый ма куыд загъта, афтæмæй Ирыстоны кæддæриддæр стыр аргъ кæндзысты Хуссар Ирыстонæн хъысмæтскъуыддзаггæнæн уынаффæты тыххæй Уæрæсейы къухдариуæгады фæндвидар къахдзæфæн.

Тымбыл фынджы куысты рæстæджы дзырд цыд æндæр актуалон фарстаты тыххæй дæр.

Осиаты Индирæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.