Рæстæг дугъон бæхæй хъауджыдæр нæу. Азтæ кæрæдзийы фæстæ афтæ тагъд тæхынц æмæ сæ адæймаг хатгæ дæр нал кæны, кæмдæр рохуаты тыгъдады бамыр вæййынц. 3 азы размæ январы мæйы республикон газет «Хурзæрин»-ыл сæххæст 95 азы. Йæ сæдæ азы юбилеймæ ма йæ хъæуы дыууæ азы. Æмæ ныр та йæ 95 — азы юбилей нысан кæны журнал «Фидиуæг». Æрмæстдæр дзы æртæ азы хистæр у газет «Хурзæрин», кæрæдзийы фæстæ райгуырдысты, мæнæ мады зæнæгтæ кæрæдзийы фæстæ куыд райгуырынц, афтæ. Январы мæйы райгуырдысты дыууæ дæр æмæ цæрыны гуырдтæ фесты, зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ.

Æмæ æцæгæйдæр нæ республикæйы уагъдцæуæг «Хурзæрин» æмæ «Фидиуæг», Цæгат Ирыстон-Аланийы уагъдцæуæг «Рæстдзинад» æмæ журнал «Мах дуг» æцæг мады зæнæгты хуызæн сты, иу мады Ирыстоны халассæр хъæбултæ сты. Фыссæг Хъодзаты Æхсар æнæхъуа-джы куынæ загъта мыййаг, зæгъгæ, журнал «Фидиуæг» у «Мах дуг»-ы хистæр æфсымæр. Хуссарирыстойнаг адæмæн уæззау рæстæджыты райгуырдысты «Хурзæрин» дæр æмæ «Фидиуæг» дæр, фæлæ цæргæ-цæрæнбонты ирон адæм куыд фæразон уыдысты, ахæм фæразон разындысты ацы газет æмæ журнал дæр. Бафæрæзтой змæст рæстæджыты уадтымыгътæн æмæ абон дæр лæггад кæнынц сæ радтæг Ирыстоны адæмæн.

1927 азы райдианы Хуссар Ирыстоны автономон областы культурон æмæ æхсæнадон царды æрцыд нысаниуæг-джын цау — январы мæйы рухс федта литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Фидиуæг» -ы фыццаг номыр. «Фидиуæг» ссис Хуссар Ирыстоны фысджытæ æмæ æхсæнады фыццаг периодикон рауагъд, æниу ын уыд развæдгæнджытæ — журналтæ «Зиу» æмæ «Малусæг», кæцытæ мыхуыр цыдысты паддзахы рæстæджы. Уыимæ журнал бирæ азты дæргъы уыд иунæг аивадон-литературон альманах æппæт Ирыстоны. Журналæн штатон кусджытæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ мыхуыр цыд энтузиастты фæрцы. 1926 азы зынгæ ирон фыссæг Беджызаты Чермен фыста: «Нæ фæсивæд сырæзтысты æмæ сын нал фаг кæнынц цыбыр уæлæнгай газетон æрмæджытæ. Фæсивæды хъуыд арф æмæ алыгъуызон темæтимæ журнал». Журналы фыццаг номыры мы-хуыр æрцыдысты зындгонд авторты уацмыстæ, куыд зæгъæм, Плиты Арон, Коцойты Арсен, Абайты Вано, Хъуылаты Сикъо, æмæ Абайты Васойы æрмæджытæ. 16-æм январы Цхинвалмæ æрцыд æвзонг ахуыргонд Абайты Васо, кæцымæ разæй æнхъæлмæ каст ирд æмæ дæргъвæтин цард. Уый бæстæзонæн музейы кусджытæн бакаст лекци ирон рухстауæг Æгъуызаты Иуанейы литературон бынты тыххæй. Ацы лекци мыхуыр æрцыд журнал «Фидиуæг»-ы фыццаг номыры. Уыцы аз Васойыл сæххæст 27 азы. Журнал байгом разныхасæй, цыран редакцийы коллектив радзырдта, ирон журналы раз цы хæстæ æмæ нысæнттæ æвæрд ис, уыдоны тыххæй. «Советон Цæдис æмæ капиталистон дуне», ацы темæйыл журналы фыццаг номыры йæ хъуыды дзуры зынгæ ирон революционер, æхсæнадон архайæг æмæ литератор Плиты Арон. Афтæ ма дзы мыхуыр æрцыд Коцойты Арсены радзырд «Цыппар туайладжы». Национ прозæйы бындурæвæрæг Коцойты Арсен цалдæр азы цард æмæ куыста Хуссар Ирыстоны. Уый уыд журнал «Фидиуæг»-ы организаторты нымæцы. Журнал ссис Хуссар Ирыстоны фысджыты æхсæнады фыццаг периодикон рауагъд æмæ уæхски-уæхск слæууыд ног цард аразджытимæ. Йæ фыццаг номыры редакцион уацы дзырдæуы: «Мах ныфс ис уымæй, æмæ журналыл алы ирон адæймаг дæр кæй сæмбæлдзæн стыр цинимæ æмæ зæгъдзæн афтæ: „Æмæ, æцæгæйдæр, ахæм журнал мах хъуыд!“. Ирыстоны алы къуымты æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты журналы алы номырмæ дæр. Уыцы рæстæджы кæд газеты уацтæ мыхуыр цыдысты ирон æвзагыл, уæд журнал та уыд фыццаг ахæм литературон рауагъд, кæцыйы фæрстыл Ирыстоны цæрджытæн фадат фæцис се ’мфыдыбæстæйонты аивадон уацмыстимæ зонгæ кæнынæн. Æмæ кæд журнал литературон уыд, уæддæр æвдыста адæмы цард, уыцы нымæцы политикон характеры фарстытæ дæр.

„Фидиуæг“-ы фыццаг редактор уыд Плиты Арон. Уый уыд профессионалон революционер, Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджытæй Советон хицауады сæрыл чи тох кодта, уыцы къухдариуæг-гæнджытæй сæ иу. Фехстой йæ 1937 азы. Уый фæстæ та журналы редактортæ уыдысты Хъуылаты Сикъо, Беджызаты Чермен, Цоциты Резо, Асаты Реуаз, Плиты Илья, Гафез (Гаглойты Федыр), Хуыбылты Александр, Дзаттиаты Георги, Дзугаты Георги, Бестауты Гиуæрги, Гаглойты Владимир, Æлборты Хадзы-Умар. Журналы куыстмæ стыр хайбавæрд чи бахаста, уыдон уыдысты ирон интеллигенцийы зынгæ минæвæрттæ Коцойты Арсен, Уанеты Захар, Тедеты Петр, Дзесты Куыдзæг, Гæззаты Сослан, Хозиты Яков, Плиты Грис, Бекъойты Елиоз, Хъороты Хъазбег, Джусойты Нафи, Козаты Исидор, Гæбулты Мелитон, Харебаты Димитр, Букуылты Алыкси, Тедеты Рюрик, Гуыцмæзты Алеш, Гæбæраты Юри, Миндиашвили Серго, Къæбысты Зауыр, Гобозты Валери, Хъороты Сослан æмæ бирæ æндæртæ. Хуссарирыстойнаг æхсæнадæн журналы стыр нысаниуæджы тыххæй Гаглойты Федыр (Гафез) загъта: „Фидиæуг“ алыхатт дæр уыд æмæ у ирон фысджыты хъомылгæнæг æмæ организатор. Уый сæ æрмæст йæ хъармдзинадæй нæ тавта, фæлæ ма сæ цырын кодта сфæлдыстадон æнтыстытæм.

1996 азы журнал „Фидиуæг“-ы сæйраг редакторæй нысан æрцыд поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат æмæ æхсæнадон преми „Нарты фæткъуы“-йы» лауреат Хъодалаты Герсан. Абон журналы редакцион коллегийы сконды сты: Джиоты Мурат, Джусойты Клавдия, Остъаты Алан (бæрнон нымæрдар), Плиты Гацыр, Кокойты Тарзан, Хозиты Барис, Хъазиты Мелитон. Раздæримæ абаргæйæ, абон кæд журналы коллектив чысыл у, уæддæр уыдон аразынц æппæт дæр, цæмæй сæ развæдгæнджыты кадджын традицитæ дарддæр кæной. Йæ фыццаг номыры рацыдæй абоны онг журнал стыр ахъаз фæцис ирон æвзаг æмæ литературæйы, иумиагæй национ культурæйы рæзтæн. Журнал конд у цалдæр хайæ (прозæ, поэзи, публицистикæ, литературон критикæ) æмæ æвдыст цæуы 15 жанрæй фылдæры.

Хъодалаты Герсан афтæ дзуры: «Йæ уæвынадæй фæстæмæ журнал «Фидиуæг» бирæ зындзинæдтæ бавзæрста. Уæлдай трагикондæр азтæ йын уыдысты 1937 азы политикон репресситы азтæ, уæд куынæг æрцыдысты нæ адæмы хуыздæр минæвæрттæ, куыд зæгъæм, Плиты Арон, Хъуылаты Сикъо, Беджызаты Чермен, Тыбылты Алыксандр. Æгæрыстæмæй, абон дæр бæрæг нæу, сæ ингæнтæ кæм сты, уый. Куыд зонæм, афтæмæй, уыдонæй бирæтæ куыстой «Фидиуæг»-ы. Уыцы хъуыддаг æвзæрыдæрм бандæвта рауагъды хъысмæ-тыл. Фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ журнал бафæрæзта æмæ дарддæр кодта йæ рухстауæн мисси. 1941 азы райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Уыцы уæззау азты журналы рауагъд рæстæгмæ урæд æрцыд, уымæн æмæ мыхуыры органы кусджытæй бирæтæ ацыдысты фронтмæ. Уыдоны ’хсæн уыдысты Бекъойты Елиоз, Гафез, Дзугаты Георги, Букуылты Алыкси, Мæргъиты Къоста, Асаты Реуаз æмæ æндæртæ. Фашистон Герман пырхгонд куы æрцыд, уæд нæ салдаттæ-уæлахиздзуатæ здæхын райдыдтой сæ хæдзæрттæм. Æмæ куыд раздæры азты, афтæ æвзонг ветерантæ, журналы кусджытæ æрæвнæлдтой йæ рауадзынмæ æмæ та ногæй райдыдта йæ кæсджыты зæрдæтæ рухс кæнын.

1978 азы журналы номыртæй сæ иуы мыхуыр æрцæуæг уацмыстæн сæ 60 проценты уыдысты æвзонг æмæ райдайгæ авторты æрмæджытæ. Раздæры рæстæджы Ирыстоны уыд тынг бирæ курдиатджын фысджытæ æмæ поэттæ. Хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ цардæй ахицæн сты. Æмæ сæ бынæттæм та нырма не ’рбацыдысты æмбæлон æмвæзады кадртæ. Фæлæ мах иуран нæ бадæм — нæ коллектив архайы ахæм адæймæгты ссарын æмæ сæ бацæттæ кæныныл, кæцытæн аккагæй сæ бон суаид журнал «Фидиуæг»-ы куыст адарддæр кæнын. 2007 азы мæ фæхуыдтой РЦИ-Аланимæ литературон изæрмæ. Мадзалы ма уыдысты ЦИПУ-йы цалдæр кусæджы, уыдон ’хсæн — Джыккайты Шамил (рухсаг уæд!) æмæ Хозиты Барис. Ныхас нын бацайдагъ æмæ мæ Шамил афарста нæ журналы тыххæй. Æз ын æрхæндæгæй сдзуапп кодтон, зæгъын, мæ коллективимæ йæ мæлын нæ бауагътам. Иуцасдæр хъуыдыты ацæуыны фæстæ, Шамил сдзырдта: «Куыд хорз æй загътай!.. Æз, зæгъ, „Фидиуæг“ разæй мæ къухмæ никæцы журнал райсын», — радзырдта Хъодалаты Герсан.

Цалдæр азы размæ журнал ныммыхуыр кодта ирон интеллигенцийы ирддæр минæвæрттæй сæ иу Гаглойты Рутены уникалон фыстæджытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фыстæджытæн ис зонадон интерес æмæ ноджыдæр æвдисæн систы сæ авторы, йæ радтæг адæмы æцæг патриоты диссаджы удыхъæдæн. 1989-2008 азты Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы куыд газет «Хурзæрин»-ы коллектив, афтæ журнал «Фидиуæг»-ы коллектив дæр куыстой тынг уæззау уавæрты. Фæлæ сæ кусджытæ тынг хорз æмбæрстой, газеттæ æмæ журнал кæй хъæуынц адæмы, уæлдайдæр та Хуссар Ирыстонæн Гуырдзыстон информацион блокадæ куы сарæзта, уыцы азты. Бирæ фыдæбæттæ бавзæрстой хуссарирыстойнаг журналисттæ газеттæ æмæ журнал рауадзыныл кусгæйæ. Бирæтæ дзы гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы цæфтæ дæр фесты. 1992 азы гуырдзиаг нæмыгæй фæмард зынгæ ирон фыссæг Гуыцмæзты Алеш. Бирæ азты дæргъы сæ кусæн хатæнтæ хъарм кодтой пецтæй, æгæрыстæмæй-иу сæ бахъуыд сæ хæдзæрттæй сугтæ æрбахæссыны сæр дæр, цæмæй сæ куыст ма æрлæууыдаит æмæ адæммæ хæццæ кодтаиккой рæстдзинад гуырдзиаг абырджыты фы-даудæн мæлæтхæссæг архайдтыты тыххæй. Æмæ сын æнтысгæ дæр ба-кодта. Æгæрыстæмæй 2008 азы августы тæссаг хæсты фæстæ дæр газеты æмæ журналы коллективтæ уайтагъд æрæв-нæлдтой сæ куыстмæ, сæ кусæн хатæнты алыгъуызон æхсæнгæрзты нæмгуыты схъистæй асыгъдæг кæнгæйæ. Журналы фæрстыл мыхуыр цæуынц фысджыты æмæ культурæйы архайджыты тыххæй æрмæджытæ, очерктæ. Афтæ ма дзы мыхуыр цæуынц цымыдисон архивон æрмæджытæ æмæ афтæ дарддæр.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ раздæр, Советон дуджы журнал «Фидиуæг»-ы тираж кæй хызт 5 мин экземплярмæ, газет «Хурзæрин»-ы (Советон Ирыстон) тираж та — 14 мин экземплярмæ. Хъыгагæн, абон нæ республикæйы уагъдцæуæг ирон газет æмæ журналæн сæ тираж, уырыссаг газеттимæ абаргæйæ, у бирæ къаддæр, уый адæймаджы зæрдæйæн у тынг уæззау. Хуыцау зæгъæд, æмæ æввахс рæстæджы не ’мбæстæгтæ тынгдæр аргъ кæнын цы райдайой сæ мадæлон æвзагыл уагъдцæуæг ра-уагъдтæн.

Газет «Хурзæрин»-ы коллектив зæрдæбынæй арфæ кæнынц сæ коллегæтæн, сæ зæрдæ сын зæгъы бирæ азты дæргъы æнтыстджын куысты фæндиæгтæ сабыр арвы бын. Цæр нын æнустæм, нæ уарзон журнал «Фидиуæг» æмæ ирон адæмы зæрдæтæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ рухс кæн мидисджын уацмыстæ, публикацитæй!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.