7-æм ноябры киноконцертон зал «Чермен»-ы Республикæйы Таможнæйон кусæджы бон æмæ нæ республикæйы Паддзахадон таможнæйон комитетыл 24 азы сæххæсты цытæн уагъд æрцыд цытджын мадзал. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Хицауады Сæрдары хæдивæг Козаты Димитр, Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ.

Паддзахадон таможнæйон комитеты къухдариуæггæнæг Цхуырбаты Мурат ацы боны цытæн йе ’мкусджытæн арфæ ракæнынæй дарддæр æрдзырдта, йæ дæлбар уагдон паддзахадон бюджетмæ цы æфтиæгтæ бахаста, ууыл. Ивгъуыд азмæ абаргæйæ уыдон сты бæрæг фылдæр. Æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта республикæйы таможнæйы куыст æмæ архайдимæ, Уæрæсейы Федерацийы таможнæйон органтимæ интеграцийы фæдыл, хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг арæнтыл товарæрзылд æмæ транспортон фæрæзтæ хизыны фæткы фæдыл æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти Президент Тыбылты Леониды номæй раарфæ кодта таможнæйы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.

Зæрдиаг арфæ ракодта Хицауады уæнгты номæй дæр. «Республикæйы къухдариуæгад архайы ууыл, цæмæй куысты æмбæлон уавæртæ арæзт цæуой æмæ дзуапп дæттой нырыккон домæнтæн. Уыдон æнтыстджынæй æххæст кæнынц, сæ разы цы бæрнон хæстæ æвæрд ис, уыдон. Таможнæйон службæйы руаджы мах абон дзурæм ифтонгадыл, экономикон æдасдзинадыл. Ацы службæйы эффективон архайды руаджы бæрзонддæр кæнынц бюджетон æфтиæгтæ, ифтонг цæуы ведомствотæ æмæ структурæты æмархайд, цæмæй арæзт цæуой уавæртæ республикæйы бизнес æмæ базарадон-экономикон бастдзинæдтæ аразынæн æфсымæрон Уæрæсейы Федерациимæ», — дзырдта Хицауады Сæрдар.

Уымæй дарддæр республикæйы къухдариуæгад егъау хъусдард здахы таможнæйон службæйы кадрон потенциал фæхъæздыгдæр кæнынмæ. Ныртæккæ Уæрæсейы Уæлдæр таможнæйон ахуыргæнæндæтты ахуыр кæны бирæ æвзонг фæсивæд. Уыдон баххæст кæндзысты таможнæйон кусджыты рæнхъытæ.

Хъуылымбегты Доменти стыр бузныджы ныхæстæ загъта таможнæйон службæйы ветерантæн, кæцытæ лæууыдысты ацы службæ саразыны райдианы. Абон дæр уыдон нæ хæлæг кæнынц æвзонг скондæн сæ фæлтæрддзинад, сæ арæхстдзинад адæттын.

Ныртæккæ, зæгъгæ, нæ республикæ ис йæ рæзты фæндагыл. Нæ разы цы хæстæ ис, уыдон здæхт сты нæ республикæйы цæрджыты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ.

«Нæ тыхтæ баиу кæнгæйæ æнтыстджынæй æрвылбон дæр æххæст кæндзыстæм уыцы хæстæ», — банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти бæрæгбоны цытæн къух æрфыста Таможнæйы комитеты къорд кусæджы Арфæйы фыстæджытæй схорзæхджын кæныны фæдыл уынаффæйыл.

РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг, Таможнæйон комитеты куратор Козаты Димитр зæрдиаг арфæтæ ракодта йæ коллегæтæн, уымæн æмæ уый дæр у таможнæйы куысты ветеран. Таможнæйы кусджытæ, зæгъгæ, æрмæст экономикон æгъдауæй нæ хъахъхъæнынц Фыдыбæстæ, фæлæ уæззау рæстæджыты дæр — бæстæйы хъысмæтскъуыддзаггæнæг бонты тох кодтой йæ хæдбардзинады сæрыл.

Козаты Димитр банысан кодта, фæстаг азты планон фæстиуджыты бæрæг рæзт. Уый, зæгъгæ, мах ныфс уадзы, дарддæр дæр нæ къухты фылдæр æнтыстытæ кæй бафтдзæн. Ныфс нæ ис ног, нырыккон технологитæм кæй рахиздзыстæм — электронон æмæ интернет деклараци кæнынмæ.

Раныхасгæнджытæ арфæтæй дарддæр зæрдылдарæн лæвæрттæ бакодтой бæрæгбонгæнджытæн.

Паддзахадон таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурат дæр Арфæйы фыстæджытæй схорзæхджын кодта йæ дæлбаруæвæг уагдоны къорд кусæджы.

Мадзалы официалон хай адарддæр бæрæгбонон концертон программæйæ.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.