Проектыл кусы лингвистты къорд Мæскуыйы паддзахадон университеты доцент Олег Беляевы сæргълæудæй. Ахуыргонд æрцыд Дзæуджыхъæумæ, цæмæй радзура йæ лингвистикон иртасынæдты тыххæй. Лекци бакаст ЦИПУ-йы. Беляев банысан кодта, зæгъгæ, ахæм дзырдуат саразыны инициатор у зынгæ активист Торчынты Амырхан. Куыстыл цæуы цалдæр азы дæргъы. «Ныртæккæ нын арæзт ис цыппар томæй дыууæ. Æртыккаг том дæр цæттæ уыдзæн ацы аз, цыппæрæм та — иннæ аз. Уæд æрбавдыст æрцæудзæн бæрæггæнæнты базæ, кæцыйæ гæнæн уыдзæн он-лайнæй спайда кæнын. Развæлгъау мыхуыр æрцыдысты дыууæ томы, нырма сæ хъæуы æрбаиу кæнын æмæ сæ афтæ ныммыхуыр кæнын. Проектыл мемæ куыстой студенттæ-аспиранттæ, уыдон кусынц тæлмацыл, æмæ редактурæйæ та архайын мæхæдæг», — радзырдта Беляев.

Ахуыргонд банысан кодта, зæгъгæ, йæ командæ англисаг æвзагмæ æрмæст тæлмац нæ кæны этимологи, фæлæ ма аразы электронон ресурс Абайты Васойы дзырдуаты бындурыл. «Мах аскъуыддзаг кодтам тæлмац саразын, фæлæ англисаг æвзагыл, уый у цахæмдæр афтид куыст. Аскъуыддзаг ма кодтам бæрæггæнæнты базæ саразын. Уымæ гæсгæ куысты фылдæр хай ис уый мидæг, цæмæй йæ ратæлмац кæнæм. Хъæуы йæ радæттын бæрæггæнæнты базæйы хуызы», — банысан кодта специалист.

Æвзаджы документацийæн ноджы иу электронон ресурс та у корпус. Уый у текстты электронон æмбырдгонд, цыран гæнæн ис ссарæн алы ныхасæн дæр æмæ йе спайда кæныны варианттæн. Ирон æвзаджы корпус арæзт æрцыд 10 азы размæ æмæ уæдæй фæстæмæ уæрæхдæр кæны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.