Ацы аз нæ горæты хæрзарæзтадмæ цы уынгтæ бахаудысты, уыдоны нымæцы ис, Шанхаймæ цы фæндаг цæуы, уый дæр. Уартæ ма советон хицауад йæ тынгыл куы уыд, уæд æрцыд арæзт ацы уынг, фæлæ йæм уæдæй фæстæмæ нал уыд æркаст æмæ æрцыд бынтон æдзæллаг уавæрмæ, стæй фистæгæй цæуджытæ дæр æвзæрстой зындзинæдтæ. Ныр уымæн рæхджы æрцæудзæн кæрон, ацы бонты æрæвнæлдтой йæ аразынмæ. Кусы дзы алыгъуызон техникæ, кусджытæ зæрдиагæй архайынц арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ рæс-тæгыл сæххæст кæныны сæраппонд. Раздæр уал дзы коммуникацион куыстытæ бакодтой «Водоканал»-ы кусджытæ, ныр та дзы куыстытæ æххæст кæны æндæр арæзтадон фирмæ, æмæ сæумæрайсомæй изæрдалынгтæм кусджытæ вæййынц сæ куысты уæлхъус. Ныртæккæ уал хъомысджын техникæ къахы зæронд асфальты уæлцъар, цыбыр æмгъуыдмæ уал сын бантыст зæххы уæлцъарæй 200 метрæй фылдæр скъахын. Æдæппæт уынджы дæргъ у 1750 метры. Иугæр куы сырæза, уæд йæ фæтæн уыдзæн авд метры æмæ дзы æдæрсгæ дыууæрдæм згъордзысты куыд рог хæдтулгæтæ, афтæ уæззау техни-кæ дæр. Арæзтады фирмæ «Грант»-ы генералон директор Битеты Ричард куыд банысан кодта, афтæмæй уый уыдзæн тынг хорз арæзт, дзуапп дæтдзæн æппæт домæнтæн дæр. Асфальты фыццаг уæлцъар уыдзæн 6 см, дыккаджы цъар та 5 см æмæ йæ бон уыдзæн, 50 тоннæ йæ уæз кæмæн у, ахæм КАМаЗ бауромын. Уынджы иуæрдыгæй фарс уыдзæн тротуар, уымæн та йæ фæтæн хъуамæ уа 2,5 метры. Уыдзæн рæсугъд къæйдуртæй фæлындзыдгонд, уыдон та самал кæндзысты Налцыччы. Æрвылбон дæр сæ куыст цæсгомджынæй æххæст кæнынц Томайты Вадим, Плиты Гарик, Цхуырбаты Алан, Тадтаты Алан, Ичкъиди Роланд, Томайты Денис æмæ æндæртæ. Уымæй дарддæр уынджы кæрæтты арæзт æрцæудзæн рухсы ног хахх. Фирмæйы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй арæзтадон-цалцæггæнæн куыс-тытæ ахицæн уыдзысты сентябры мæйы кæронмæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.