Алы адæймагæн дæр ис нысан йæ царды. Йæ райгуырдæй фæс-тæмæ сывæллонæн ныййарæг мад бауарзын кæны Райгуырæн зæхх, йæ радтæг адæмы. Æмæ уыцы амындимæ райдайы фыццаг къахдзæфтæ кæнын царды фæндагыл. Тынг дæрзæг, уæззау æмæ даргъ у уыцы фæндаг. Æмæ алкæйы хæс дæр у рæстагæй, æнæфæцудгæйæ, йæ сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, йæхицæн йæ адæмы ’хсæн рæсугъд, хорз ном скæнын, йæ фæстæ ныууадзын хорз хъуыддæгтæ æмæ фарны фæд.

Адæймаг йæхи æмбарыныхъом куы фæвæййы, уæд æй хъæуы ахъуыды кæнын, цы у сæйрагдæр æмæ йыл цы хæстæ ис царды, æппæт уыдæттыл. Уыцы хæстæн та сæ ахсджиагдæр у куыст. Хъуамæ алчи дæр тырна уымæ, цæмæй йын адæмы ’хсæн уа кад, аргъ ын кæной, йæ алыварс чи ис, уыдон. Уый та аразгæ у адæймагæн йæхицæй. Æгъдауджын, цæстуарзон куы уай, адæмимæ хæларæй куы цæрай, царды исты хорздзинад ныууадзынмæ куы тырнай, уæд, зæгъæн ис, дзæгъæлы нæ райгуырдтæ. Хорзы ном хæссыныл бирæ фыдæбон ис. Йæ царды хабæрттæ кæсгæйæ, цæстыты раз ирдæй сысты, хуымæтæг адæмы ʹхсæнæй чи рацыд^; цардмæ, адæммæ йæхи сæрмагонд цæстæнгас кæмæн ис, дунейы хъуыддæгтæн æмæ рæстдзинадæн йæхи барæнæй аргъ чи кæны, хорз æмæ æвзæр искæй ныхæстæй чи нæ зоны, ахæм адæймаг.

Фыссæгæн дæр æмæ поэтæн дæр курдиат æрдзæй лæвæрд куы нæ уа, уæд йæ фыдæбæттæ цыфæнды рæсугъд куы уой, фæлæ сæ апп куы нæ уа, уæд сæ æппындæр ницы пайда ис, нæдæр йæхицæн, нæдæр адæмæн. Уыдзысты хуымæтæг, кæрæдзийыл рæсугъд амад рæнхъыты къорд. Фæлæ дæ иугæр æрдз курдиатæй фæхайджын кодта, йæ мидбылты дæм фæлмæн куы бахуда, уæд æй зон, уый хуымæтæджы фæзынд кæй нæ у.

Фыссæн сис йæ къухмæ чи райсы, уымæн йе сфæлдыстадон уацмыстæ нысанмæздæхтæй амонынц æхсæнадмæ, адæммæ. Хъæуы хиуыл кусын цæрæнбонты дæр. Хъуамæ дæ уд æмæ дæ цард снывонд кæнай адæмæн. Цины дæр æмæ хъыджы дæр уай сæ фарсмæ. Дæ уынд сын уа æхцон, дæ дзырд — зæды дзырд. Æрмæст ацы миниуджытæм тырнын хъæуы…

Æрдз ахæм курдиат кæмæн радта, уыдонæй иу у, Къостайыхъæуккаг Хуыбиаты Никъала. Никъала райгуырд Цхинвалы районы Къостайыхъæуы, уым фæци астæуккаг скъола æмæ уый фæстæ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ. У хайджын бинонты фарнæй. Кусы газет «Хурзæрин»-ы редакцийы, уацхæссæгæй. Рухсмæ хæссы нæ республикæ æмæ Цхинвалы районы цæрджыты тыхстагдæр фарстытæ.

Адæймаг цы дæсныйады фæндагыл ныллæууы, уый хъуамæ хæсса æхцондзинад æмæ пайда æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ ма йæ алфæмблайы цы адæм ис, уыдонæн дæр. Адæмы хорзæхæй стырдæр хорзæх та нæй а-зæххыл. Лæгæн йæ авдæнæй йæ ингæнмæ Хуыцау цас рæстæг радта, уыцы æмгъуыд хъуамæ йæ адæмы раз къæмдзæстыг мацæмæй уа. Æнæ сыгъдæгзæрдæ фæллойæ, æнæ намысæй фæцæрæн нæй. Стыр худинаг у æгуыстæй бадын, искæйы мулкмæ кæсын, уынгты дзæгъæл лекка кæнын. Уый у стыр цæлхдур нæ абоны царды размæцыдæн. Хъуамæ алы адæймаг дæр йæ хæс зона: кæй у æхсæнады уæнг, кæй йæ хъæуы фæллой кæнын, йæ дарддæры цард аразын.

Иуӕй-иу адӕймагæн зын у йӕхи ӕрмӕст иу профессийы фæлгæтты ӕвӕрын. Йӕ гоймагдзинады бирӕвӕрсыгдзинад ын бар нӕ фæдӕтты ӕрмӕст иу хъуыддаг аразын. Йӕ дыккаг профессийы тыххӕй дӕр Никъала дзуры зӕрдӕрадӕй. Куыд йе ’мкусджытæ, афтæ горӕты цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр тырнынц, цӕмӕй сӕ къахыдарӕс бацалцӕг кӕнынмӕ бахӕссой æрмæстдæр Никъаламæ, уымӕн ӕмӕ йӕ куыст алыхатт дӕр вӕййы цӕсгомджын ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Цыфӕнды куыст дӕр ӕнувыд ӕмӕ намысджынӕй куы кӕнай, уӕд уый ӕнӕхъусдард никуы баззайы.

Никъала ма иттæг хорз цæгъды ирон музыкалон инструменттыл. Музыкæ æппынæдзух ис йæ зæрдæйы.

Зарæг адæмы зæрдæ у. Адæмæн сæ миддуне, сæ характер, сæ удыхъæд, сæ сурæт кæй æвдисы, уый мах хорз зонæм. Адæмон музыкæйы сусæг æнкъарæнтæ ирдæй равдисын тынг стыр зонындзинæдтæ æмæ сфæлдыстадон фæлтæрддзинад хъæуы. Уыдонæй Никъала у æххæст æппæтварсонæй дæр.

Уыцы уæздандзинад махæн, ирон адæмæн, æвæццæгæн, нæ фыдæлтæй баззад. Æфсармæй æгъдау цæуы, æгъдауæй та — намыс. Уымæн æмæ æгъдау у царды мидис, æхсæн царды мидис æмæ йæ куыд арфдæр æнкъарай, куыд рæсугъддæр, мидисджын-дæрæй йæ æххæст кæной, афтæ дæ намыс кæндзæн тыхджындæр. Адæймаг æнусты нæ цæры, æнусты цæрынц йæ кад кæнæ — йæ худинаг. Ном лӕгӕн йӕ кад у, йӕ царды сӕр.

Ноджыдæр фæрнæй кус, Никъала, æмæ дæм бирæ азты стырдæр æнтыстытæ æфтæд. Дæ сызгъæрин къухтæ фæрнæй фæдар.

Дриаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.