Горæты дæр æмæ хъæуты дæр арæх æрцæуы ахæм цаутæ, æмæ куыдз фæхæцы адæймагыл. Уый та тæссаг у уымæй, æмæ куыдз гæнæн ис уа низджын. Уый фæдыл дохтыртæ рынчынæн скæнынц специалон антирабикон вакцинæ æмæ ма уый фæстæ хъуамæ сæ хъус дарой куыдзы æнæниздзинадмæ дæр. Кæд куыдз дæс бонмæ ницы кæна, уæд кæуыл фæхæцыд, уымæн ницы тас у. Фæлæ вæййы афтæ дæр, æмæ куыдз кæуылдæр фæхæцыд, уый фæстæ уыцы куыдзы амардтой  кæнæ йæ нал ссардтой, уæд рынчынæн бар-æнæбары 90 боны дæргъы фæхъæуы вакцинæтæ аразын. Уый та адæймаджы æнæниздзинадыл хорзæрдæм не ‘ндавы – лæмæгъ кæны иммунитет. Уæлдай тынгдæр та зиан хæссы сывæллæттæн.

Ӕрæджы нæ горæты 65-аздзыд цæрæгыл фæхæцыдысты дзæгъæл куыйтæ. Райсом раджы рахызт йæ хæдзарæй тезгъо кæнынмæ æмæ йыл уынджы сæхи ныццавтой. Цалынмæ йæм сыхæгтæ æххуысмæ цыдысты, уæдмæ йыл бирæ хæттыты фæхæцыдысты, æмæ уæззау уавæры бахаудта рынчындонмæ. Ӕвæццæгæн, куыйты рæстæгыл куынæ асырдтаиккой, уæд ивæрзгæ дæр нал акодтаид. Куыйтæ къордæй тынг тæссаг сты. Кæд дзы кæцыдæр тынг тæппуд у, уæддæр йе ‘мбæлтты ныфсæй уæндаг вæййы æмæ сызнæт вæййынц кæрæдзимæ кæсгæйæ.

Ӕмæ ахæм цаутæ, ахæм фыдбылызтæ арæх æрцæуы. Республикон рынчындоны нын куыд загътой, афтæмæй сæм тынг арæх æрбацæуынц рынчындонмæ куыдзы хæстытимæ. «Азы райдианæй нырмæ нæм ахæмтæ уыд 198 адæймаджы. Стæм хатт дзы вæййы гæдыйы  æмæ уырыйы хæстытæ дæр. Ӕрмæст майы мæйы нæм уыд 43 ахæм рынчыны. Ацы ситуаци фарон дæр ахæм уыд», – зæгъы рынчындоны травматикон пункты хистæр медицинон хо Хъотайты Дианæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ вæййынц ахæмтæ дæр, кæцытæ нæ бауадзынц вакцинæ аразын æмæ нæ бахауынц номхыгъдмæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ сыл фæхæцы сæхи куыдз æмæ, ома, мæ куыдз низджын нæу æмæ нæ тæрсын.

Уымæй уæлдай ма сывæллæттæн та ис хицæн номхыгъд æмæ уырдæм та æрмæстдæр ба-хæссынц æнæххæст кары сывæллæтты. Сывæллæтты рынчындоны медицинон хо Уалыты Светæ нын куыд загъта, афтæмæй сæм азы райдианæй фæстæмæ æрбакодтой 132 рынчыны, кæцытæн бакодтой медицинон æххуыс. Сывæллæттæ ма фæхæцыны æддейæ райсынц психологон травмæ дæр. Кæд ыл йæхи куыдз фæхæцы, уæд гæнæн ис æмæ дзы ма фæтæрса, фæлæ йæм уынджы æнæзонгæ куыдз куы ралæбура, уæд фыртасæй гæнæн ис æмæ йе ‘нæниздзинад бахъыгдард уа.

Дзæгъæл куыйты фæхæцыны цаутæ сты бæрæг къаддæр, фæлæ уыдон сты иууыл тæссагдæр. Уымæн æмæ уыцы куыйты ‘хсæн арæхдæр вæййы низджынтæ. Нæ республикæйы цæрджытæй бирæтæ бæрндзинад нæ хæссынц сæ куыйты тыххæй æмæ уый та раст нæу. Кæд куыдз дарыс, уæд адæмы ма хъуамæ хъыг дара. Кæмæйдæрты вæййы фехъусæн, зæгъгæ, мæ куыдз нæ хæцы. Фæлæ дынджыр куыдзы уындæй дæ зæрдæ куы бавзæр уа, уæд ма дын йæ хæст цы ракæндзæнис, уæлдайдæр та дзы сывæллон куы фæтæрса, уæд.

Цхинвалы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управленийы сæргълæууæг Лалыты Сослан куыд банысан кодта, афтæмæй ацы проблемæ азæй-азмæ скъуыддзаг нæ цæуы æмæ цæрджытæ, уæлдайдæр та горæты, тасдзинадæвзарынц. «Ацы проблемæ аскъуыддзаг уыдзæнис, æрмæстдæр куыйтæн арæзт куы æрцæуа сæрмагонд дарæн бынат, уæд. Абоны бон та нын ацы куыйтæ сты проблемон æмæ йæ цасфæнды куы ивазæм, уæддæр нын исты рымысын хъæуы йæ аиуварс кæнынæн», – банысан кодта Лалыты Сослан.

Раст зæгъгæйæ, ахсджиаг проблемæ у. Уынгты æхсæнгæрзтимæ куы зилæм æмæ куы марæм дзæгъæл куыйты, уæд уый дæр раст нæу, уымæн æмæ адæмы сабырад æмæ æдасдзинад хæлд цæуынц. «Питомник» нæм куы уаид, уæд йæ кусджытæ зиликкой æмæ ахсиккой ацы куыйты. Афтæмæй цæрджытæ уаиккой æдас æмæ нал тæрсиккой сæ сывæллæтты уынгмæ уадзын. Куыдз   куы фæхæца, уæд ын йæ хицауы хъæуы ивар кæнын,  æфхæрын  сæ хъæуы, уынгмæ сын куы раирвæзой æнæ сæхи, уæддæр.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.