Æрдз хъахъхъæныны дунеон бон алы аз дæр нысан цæуы фæндзæм июны. Уыцы бон ма нысан кæнынц Экологы бон дæр. Ацы цау сфидар кодта Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблея 1972 азы 15 декабры æмæ йын ис символикон нысаниуæг. Уый баст у адæймаджы алфæмблайы проблемæты фæдыл Стокгольмы конференцийы райдианы бонимæ. Конференцийы хайадисджытæ райстой Стокгольмаг деклараци. Документ сфидар кодта æрдз бахъахъхъæныны 26 принципы, экологийы фарстаты фæдыл бæрндзинад æмæ сæ сæххæст кæнын сæвæрдта паддзахадтыл.

Хицæн бæрæгбон – Экологы бон нысан кæныны тыххæй уынаффæ райста УФ-йы Президент Владимир Путин. Фæлæ уæддæр Экологы бон баиу кодтой æмбæлон дунеон бæрæгбонмæ, кæцы нысан цæуы 5 июны. Экологы бон у æрдзон ресурсты министрады, алфæмблай дунейы хъахъхъæныныл архайæг органты, бæстæйы æрдзон ресурстæй спайда кæныныл контролгæнæг инстанциты, афтæ ма паддзахадон æмæ хисæрмагонд экологон организациты кусджыты бæрæгбон дæр.

Зæхх тынг стыр æмæ вазыгджын системæ у.  Дунейы хуыздæр климатологтæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, зæххы климат, куыд æн-хъæлмæ кастыстæм, уымæй тагъддæр райдыдта хъарм кæнын. Æцæгдæр, алфамблай æрдзы фарстатæ æвзарæг ИНО-йы консультантты сæргълæууæг Роберт Уотсон зæгы, зæгъгæ, ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азтæ уыдысты иууыл тæвддæр, температурæ та, фæстаг мин азы куы райсæм, уæд тагъддæр рæзтис ссæдзæм æнусы.

Ахуыргæндты-специалистты хъуыдымæ гæсгæ, фæстаг фондзыссæдз азы Зæххы уæлцъары температурæ хъуамæ фæфылдæр уа 1,4 кæнæ суанг 5,8 градусы онг. Уый та нысан кæны, цъититæ тайын райдайдзысты тагъддæр, æмæ дунеон дæтты æмвæзад 88 санти­метры фæуæлдæр уыдзæн. Канд сакъадахтæ æмæ денджызтæм æввахс районтæ нæ фæдæлдон уыдзысты, фæлæ ма тæссаг у, æнæхъæн паддзахадтæ (зæгъæм, Голланди, йæ территорийы фылдæр хай денджызы æмвæзадæй дæлдæр кæй ис, уый тыххæй) дæр доны бынмæ куы аивгъуыйой, уымæй..

Ахуыргæндты бæрæггæнæнтæм гæсгæ зæххы арктикон «ху­ды» ихын уæлцъары фæзуат фæкъаддæр 15 проценты. Уый та ууыл дзурæг у æмæ  климаты ивддзинæдтæ хæццæ кæ­нынц æппæт континенттæм дæр. Аивгъуыйгæ æнусы 50-æм азты æмбисæй фæстæмæ та антарктикон ихтæ хуссарыр-дæм феггуырстысты 2,8 градусы. Гæнæн ис, æмæ цалдæр дæс азы фæстæ нæ сомбоны фæлтæртæ дис нал кæной, абон урс пæлæх-сар худтæй æхгæд чи у, уыцы хæхты цъуппытыл. Ихтæ уæлдай тагъддæр тайынц тропикон уæрхыты.

1940 азмæ Гренландиаг денджызы дыууæ хатты фæкъаддæр ихты бæрц, баренцы – æртæ, æмæ Арктикæйы Советон секторы ихы фæзуат фæкъаддæр æрдæджыонг (1 млн. кв/км). Растдæр уыцы рæстæджы банысан æрцыд, кæй фæкъаддæр ихы фæзуат Альп-ты æмæ Кавказы. Иумиагæй Кавказы ихы фæзуат фæкъаддæр 10 проценты. Гренланды температурæ фæфылдæр 5 градусы, Шпицбергены та – 9 градусы.

Климаты ивддзинæдтыл дзурæг у зайæгойты «миграци» дæр. Рæстæмбис температурæ иу градус кæй фæфылдæр, уый тыххæй Аляскæйы хъæдтæ 100 километры феввахсдæр сты Цæгатмæ. Уæлхох зайæгойтæ Альпты сæ ахуыр сатæг агурыны тыххæй хизынц уæлдæрæй-уæлдæр. Алы дæс азмæ дæр уыдон ацæуынц 1-4 метры. Цæгатаг уæрхыты та разыны, раздæр хуссармæ æввахс чи цард, ахæм уырынгонтæ. Ахъуыды  кæнын æмбæлы ууыл дæр Европæйы æмæ Цæгат Америкæйы хъæууонхæдзарадон аз 11 боны кæй фæфылдæр ис.

Зæххон атмосферæ тынгдæр æндавын кæй райдыдта, уый æнæзонгæ нæу хицæн регионты æрдзон фæзындтытыл дæр. Ныртæккæ хус рæстæгæй тыхсы планетæйы 2 процент, иуæй-иу ахуыргæндты прогнозтæм гæсгæ 2050 азы хус рæстæгæй тыхсдзæн зæххы 10 прцентæй фылдæр.

ИНО-йы Алфамблай æрдзы программæйы сæргълæууæг Клаус Топферы хъуыдымæ гæсгæ зонадон иртасæнты бæрæггæнæнтæ дзурæг сты, кæй фæхъармдæр, ууыл. Уый у адæймаджы æнæрхъуыды хæдзарадон архайды аххосæй. Ивгъуыд æнусы райдайæны та хъуыддаг уыд бынтон æндæргъуызон. Æрмæстдæр æрдзон тыхтæ æндæвтой климаты ивддзинæдтыл. Ахæмтæ, куыд хуры активондзинад, вулканы рыджы æппæрстытæ, чысыл организмты архайд.

Фæлæ ивгъуыд æнусы 50-æм азтæй фæстæмæ æвзалытуаг газ æмæ йе ‘ндæвдад фылдæр кæнын райдыдтой зæххон атмосферæйы. Цыбырдзырдæй, æвзалытуаг газы бæрц фылдæр кæй фæцис, уый та афтæ æмбаргæ у, æмæ сыгъд цæуы æр­дзон органикон æртаг. Уымæй уæлдай нæм нæй хæдзардзин зæххон пайдакæнынад: хъæдты бынæй рухс суагътам, æгæрон фæзуæттæ хуымгонд цæуынц хъæууонхæдзарадон культурæтæн.

Дарддæр ИНО-йы дзуаппы автортæ сидынц дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй бæлвырд къахдзæфтæ арæзт æрцæуа атмосферæмæ къаддæр газтæ æппарыны тыххæй. Ацы хъуыддагыл та куыст цæуы рагæй. 1997 азы япойнаг горæт Киотойы климат банывыл кæныны фæдыл дунеон конференцийы  ахуыргæндтæ баныхас кодтой, цæмæй райрæзгæ бæстæтæ 5 проценты фæкъаддæр кæной æвзалытуаг газы, æндæр алыхуызон газты æппæрстытæ.

2013 азы Гаагайы цы экологон форум уыдис, уый архайджытæ та афæлвæрдтой ацы нысан къухы бафтыны фарстатыл бакусын.

2014 азы 25 сентябры Уæрæсейы социалон-экологион цæдисы пресс-релизы дзырдæуы, зæгъгæ, ИНО-йы климатон саммиты, кæцы уагъд æрцыд Нью-Йоркы,  хайадисджытæ сæрезонæй ныфс бавæрдтой, æппæт дæр климаты тыххæй саразын. 126 бæстæйы лидертæ ныфс бавæрдтой климат фæивыны проблемæ аскъуыддзаг кæнынмæ серьезонæй кæй æрывналдзысты: фæкъаддæр кæной хъæрмуатон газтæ, фæфылдæр кæной цъæх климатон фонд, æмæ иннæ аз райсой ног бадзырд ивддзинæдты тыххæй. Райст æрцыд хъæуæг Деклараци хъæдты тыххæй. 2020 азмæ æрдæджы бæрц хъуамæ фæкъаддæр уа хъæдтæ куынæг кæныны процесс. 2030 азмæ та урæд хъуамæ æрцæуа ацы тенденци. Декларацимæ гæсгæ райсгæ мадзæлттæ 2030 азмæ фæкъаддæр кæндзысты æвзалытуаг газтæ  афæдзы дæргъы 4,5 – 8,8 миллиард  тоннæйы бæрц.

АИШ æмæ Китай сты уыцы бæстæтæ, кæцытæ иууыл фылдæр чъизи кæнынц уæл-дæф «хъармгæнæн газтæй».

Ис ахæм хъуыды, адæймаг сомбон архайдзæн, цæмæй контроль кæна Зæххы климатыл, фæлæ йын цахæм æнтыстытæ уыдзæн, уый фенын кæндзæн рæстæг. Адæймагадæн уый йæ къухты куынæ бафта, уæд «адæймагмæ, куыд æмбаргæ цæрæгой», æнхъæлмæ кæсы динозаврты хъысмæт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.