Адæймаг цæуинаг кæдæм вæййы, уырдæм йæ фæндаг цахæм уыдзæнис, уый æрвылхатт дæр куы зонид, уæд чизоны бирæхатт йæ фæнд ивгæ дæр акæнид, йæ хъуыддаджы фæдыл дæр нал ацæуид. Ахæм дзырдтимæ йæ ныхас мемæ райдыдта Цхинвалы районы Бихъары хъæуы цæрæг Дудайты Павел. Павел райгуырд ацы хъæуы, ам арвыста йе ‘взонджы бонтæ, ам бауарзта радтæг адæмы, фыдызæхх, райгуырæн къуым. Советон дуджы бихъаргомы хъæуты цæрджытæ иууылдæр горæтмæ æмæ горæтæй фæстæмæ цыдысты Гуырдзыстоныл. Автобус цы гуырдзиаг хъæутыл цыд, уыдоны цæрджытæ дæр арæх Цхинвалæй цыдысты Бихъары автобусыл. Уымæ гæсгæ дзы Павел зыдта бирæ кæйдæрты. 1990 азы 7 февралы гуырдзы æмæ иры ‘хсæн, хæстон архайдтытæ нæма уыдис, фæлæ уæддæр тæссаг уыдис ууылты цæуын. Куы-иу ацыдысты уæддæр-иу Уæрæсейы æфсæдтонты æххуысæй. Павел ауылты цыд арæх, чидæртæ йæ фæдзæхсгæ дæр кодтой, зæгъгæ, дæхи хъахъхъæн. Павелы стыр ныфс уыд, цы гуырдзиæгты зыдта уыдонæй æмæ та иу бон йæ хъæуккаг Уалыты Асланимæ араст Бихъарæй Цхинвалмæ. Йæхицæн ныфсытæ æвæрдта, зæгъгæ нæ исчи куы хъыгдара, уæд уый гæнæн нæй æмæ дзы мæ зонгæтæй мачи разына. Фыццаг гуырдзиаг посты йæ зонгæтæй ауыдта кæйдæрты æмæ сæхи куы амбæхстой, уæд Павел ахъуыды кодта нæ сæ фæнды нæ бахъыгдарын æмæ йæхи сабыр кодта уымæй. Уыдон та, кæд сæ нæ бахъыгдардтой, уæддæр рацыдысты сæ фæдыл æмæ сæ горæтмæ æбацæуæны æндæр гуырдзиаг посты лæуджытæм банымыгътой. Сæхæдæг та ацыдысты иуæрдæм æмæ уырдыгæй кастысты, дарддæр цы цæудзæнис, уымæ. Уæд Павел æмæ Асланæн  Уæрæсейы æфсæдтонтæ дæр ницыуал баххуыс кодтой. Гуырдзиæгтæ сæ рахизын кодтой машинæйæ æмæ сæ фæстæмæ аластой Тхъиаумæ. Фæндагыл сын дзырдтой алыгъуызон æбуалгъ ныхæстæ, тæрсын сæ кодтой хæцæнгарзæй, æфхæрдтой сæ физикон æгъдауæй дæр. Бынатмæ сæ куы ныккодтой уæд сæ алыварс æртымбыл цыппор гурдзиагæй фылдæр. Уыдонæй алчи дæр, чи хи равдисыны тыххæй, чи та йæ хъæддых æмæ йæ æнæбасæдтондзинад фенын кæныны тыххæй, кæмæн йæ къухы цы уыд уымæй цавтой Павел æмæ Асланы. Дзургæ та сын кодтой, зæгъгæ нæ зæххыл цæрут æмæ кæимæ хæцут. Уый фæстæ сæ аластой Мегърекисы хъæумæ. Уым дæр сыл æртымбыл сты æххормаг бирæгътау æмæ сæм къæпп кодтой алырдыгæй. Чи сæ ныхасæй æфхæрдта, чи та физикон æгъдауæй. Иурæстæджы знæт «бирæгътæ» чысыл фæсабырдæр сты æмæ сын уæд уый фæстæ худгæ былæй раргом кодтой, зæгъгæ уæ ныртæккæ акæндзыстæм иу ранмæ æмæ уым гуырдзиаг зæххыл фæуыдзæнис уæ цард. Ацы ныхæстæ дзырдтой, раст цымæ исты хъæбатырдзинад сарæзтой, уыйау сæрбæрзондæй. Æмæ, æцæгдæр, акодтой сæ Каралетмæ, Медзыдайы цæугæдоны былмæ. Лæппутæ сæ къæхтыл дæр нал лæууыдысты, фæлæ сæ слæууын кодтой тыхамæлттæй. Машинæйæ ма рахызт дыууæ гуырдзиаджы æмæ дзы сæ иу æхста Павелы иннæ та Асланы. Павел ма абон дæр хорз хъуыды кæны фыццаг æхстыты фæстæ дæр ма Асланы цæстытæм кæй фемдзаст. Фæцæф сты сæ дыууæ дæр, фæлæ йæм ба-дзырдта, зæгъгæ, ахауæм, мæрдтæ нæ фенхъæлдзысты æмæ нæ чизоны нал фехсой, фæлæ та уæдмæ фæцыд дыккаг æхсты хъæр æмæ акалд Асланы хъуыры туг. Павел Асланæй базыдта йæ бæрæг, фæлæ ма йæхæдæг дыккаг æхсты фæстæ дæр лæууыд къахыл. Уæд та нæмыг сæмбæлд йæ фарсыл, бахъыг-дардта йын йæ рахиз цонг дæр. Æртыккаг æхсты хъæр дæр ауад Павелы хъустыл, фæлæ цыдæр уысм нал базыдта цы бацис уый æмæ уый дæр æрхауд зæххыл. Уый фæстæ ма Павелы фæкодтой иу контролон æхст дæр, уый та сæмбæлд йæ сæрыл, фæлæ цæф рауад уæлæнгай.

Павел, зымæгон уазал зæххыл хаудæй цас фæцис уый абон йæхæдæг дæр нæ зоны, фæлæ иу уысм æрæмбæрста йæхи. Цы æрцыд, уый хъуыды кодта хорз, алцы дæр ауад йæ цæстытыл, фæлæ фезмæла, исты сдзура, уымæй тарст. Уымæн æмæ бæлвырдæй  нæ  зыдта  марджытæ  цы  фесты, уый. Хъæлæба куы никæцæй хъуыст уæд схæцыд йæ сæрыл, аракæс-бакæс кодта, фæлæ бæлвырдæй ницы зынд, уыд талынг, куыд фæзæгъынц, цæсты къух куы фæтъыстаис уæддæр нæ зындис. Куыддæрты бабырæгау кодта Ас-ланмæ, асгæрста йæ, фæлæ уый разынд мард. Павелæн фæдывæр йæ рыст, бынтондæр стыхст, нал зоны цы бакæна, уый дæр. Йæ алы фезмæлд дæр ын æвзæрын кодта ног æмæ стыр рыст. Уыцы уысм бæллыд æрмæстдæр рухсы цъыртт искæцæй фенынмæ. Уымæн æмæ тар æхсæвы кæдæм быра, йæ цæф уæнгтæ чердæм хæсса, уый нал хатыд.Уæдмæ йæхицæй иудзæвгар æддæдæр, цахæмдæр мæнгагъуыстæй ракалд рухс.

«Зонын æй ме знæгтæ сты, нæ мын баххуыс кæндзысты, фæлæ цæмæй мæлæтæй фервæзон, уый тыххæй мын фæзынд чысыл фадат æмæ дзы исты амæлттæй спайда кæнон», –  ахъуыды кодта æмæ рухс кæцæй калд, уырдæм хилæгау кодта, куы йæ гуыбыны цъарыл, куы та йæ цыппæртыл.

Æмбисæхсæвæй ахызт. Кæцæйдæр рухскæнгæ фæзынд машинæ. Павел фыццаг фенхъæлдта йæ марджытæ фæстæмæ æрбаздæхтысты, фæлæ машинæ йæ иувæрсты куы афардæг æмæ фæстæдæр уырдыгæй хæцæнгарзы æхстытæ куы райхъуыст, уæд бамбæрста, кæцыдæр ирæттыл та Аслан æмæ йæ бон кæй æркодта, уый.

-Хатыдтæн машинæджынтæ фæстæмæ тагъд рацæудзысты æмæ æз дæр сабыргай лæсæгау кодтон рухсмæ, – дарддæр дзырдта Павел. Æмæ нæ фæрæдыд. Æрдæг сахат дæр нæма рацыд афтæ машинæ раздæхт. Ацы хатт Павелмæ æрбацæйцыд хæстæгдæр æмæ уый дæр кæд нæ уыдта кæдæм, уæддæр йæхи атылдта дæлбыл. Бырц афтæ арф нæ уыд, фæлæ æмуырдыг кæй уыд, уый тыххæй дзы Павелы бон схизын дæр нал уыд. Уазал æмæ йын цъыф зæхх йæ фæллад æмæ лæмæгъ уæнгтæн æвæрдтой ныхдуртæ. Цы гыццыл тых æмæ ма йæм хъару уыдис уый дæр уым ныууагъта, фæлæ уæддæр схызт.

Бабырыд рухс кæцæй калд уыцы мæнгагъуыстмæ. Куыйтæ дæр ыл рæйдтой, фæлæ сын Павел сæ рæйд, раст цымæ хъусгæ дæр нæ кодта, уыйау цыд йæ нысанмæ. Бахæццæ, зыдта хатæны ис чидæртæ, дзурынц гуырдзиагау, фæлæ сæ бирæ рæстæг æддæмæ ничи каст. Куы рахызтысты, Павелы зæххыл хаудæй куы ауыдтой, уæд бæрæг уыд – уыдысты нозтджын æмæ гуымгуымгæнгæ, æввахс дæр æм нæ бацыдысты афтæмæй сдзырдтой, зæгъгæ у расыг æмæ уал уадз æмæ ам, уазалы аулæфа, фæстæдæр æй абæрæг кæндзыстæм æмæ та кæцæй рахызтысты, уырдæм кæрæ-дзийы фæстæ бацыдысты. Бирæ фехъуыст сæ хъæлдзæг хъæлæба. Ноджы тынгдæр куы «бадзæбæх» сты, уæд æрбаймысыдысты, чысыл раздæр хаудæй кæй федтой, уый. Рахызтысты æмæ сæм нал дæр сæ уæнгтæ хъуыстой, нал дæр се ‘взаг – сæ кæхтыл рæстмæ лæугæ дæр нал кодтой. Куы базыдтой Павел ирон у, йæ туджы æвдылд, уæд сыл худæг бахæцыд. Архайдтой хауд лæджы къахæй цæвыныл дæр, фæлæ иу сæхæдæг дæр фæхъилатæ сты.

– Аппарæм æй дуармæ, уым ныммæл-дзæнис æмæ нæ куыйтæн хæринаг, -дзырдтой йæ алыварс раздыхс-баздыхс кæнгæ.

Тыхст адæймаг цы нæ кæны. Павелæн йæ фыды хо цæры Шавшебийы хъæуы, у гуырдзиаг чындз. Скодта йæ кой. Уæд расыг гуырдзиæгтæ фæдзырдтой, Павелы фыды хойы бинонтæм нæ, фæлæ сæ сыхагмæ. Æрбацыд Павелы тынг хорз чи зыдта уыцы гуыр-дзиаг. Æрбацыд æмæ йæ ахæм уавæры куы ауыдта уæд йæхæдæг дæр фæтыхст æмæ фæдзырдта тагъд æххуысы машинæмæ. Тагъд æххуысы машинæ æрбацыд Гурæй æмæ Павелы аластой рынчындонмæ.

Уыцы æхсæв Павелыл операци скодтой, бабастой йын йæ цæфтæ дæр, фæлæ йæм палатамæ рынчындоны гуырдзиæгтæ æмæ рынчындонмæ æрбацæуджытæ кодтой лæбурæгау, дзырдтой йын алыгъуызон æфхæрæн æмæ адæймажы кадджын ном дæлæмæ чи кæны, ахæм ныхæстæ. Палатайы уыд иунæгæй. Æппынæдзух æм лæбурджытæ кæй цыд, кæй тарстысты куы алидза уымæй, уый тыххæй йæ æхсæвæй бонæй хъахъхъæдтой цалдæр милиционеры. Исчи-иу ын хæринæгтæ куы бахаста, уæд-иу ын уыдон дæр байстой, йæхицæн-иу ын дзы ныууагътой ма амæлайы къæбæр.

Павелы æнæниздзинад фæхуыздæр, фæлæ йæ гуырдзиæгты æртхъирæнтæ бадомдтой, дзырдтой йын, зæгъгæ, куы сдзæбæх уай уæд та, дам, нын кæдæм ирвæзыс. Уыцы ныхæсты фæстæ Павелы нал уырныдта æмæ ма бафта Ирыстонмæ, фена ма йæ хиуæтты.

Иу бон фæссихор рынчындоны алыварсæй райхъуыст дæргъвæтин æхстытæ, фæстæдæр куыд фæбæрæг афтæмæй уый, нысан кодта рынчындон æрхъулайы кæй ис. Уæдмæ палатайы Павелы фарсмæ балæууыд цалдæр уырыссаг æфсæддоны, афарстой йæ, зæгъгæ, Дудайты Павел ды дæ. Фырцинæй Павелы цæстытæ азылдысты доны, йæ бон сдзуапп кæнын дæр нал бацис, йæ сæр сæм батылдта æмæ йын уæд афтæ.

– Цхинвалмæ ацæттæ кæн дæхи. Де ‘фсымæр Васи дæ хæстæджытæ æмæ дæм дæ ирон адæм кæсынц æнхъæлмæ.

Павелæн уæд йæ бон цæуын нæ, фæлæ лæууын дæр нæ уыдис. Æфсæдтонтæ дохтыртæй бæргæ куырдтой сынт, фæлæ сын нæ радтой, загътой сын, зæгъгæ, нæм нæй. Уæд æфсæддтонтæ Павелы сæ цæнгтыл    фелвæстой æмæ йæ машинæйы смидæг кодтой. Сæхæдæг дæр абадтысты йæ алыварс æмæ рацыдысты.

Уæдæй рацыд 16 азы. Павел ма ам Цхинвалы дæр йæ цæфтæн фæхос кодта дыууæ мæйы. Уый фæстæ дæр ма цъус зынтæ нæ бавзæрста, фæлæ йе ‘нæниздзинадæй нæу хъæстаг. Йæ цæфты уынгæ цы кæны, уый йеддæмæ сæ хатгæ дæр нал кæны. Раздæрау у куыстуарзаг æмæ йæ иу уысм иу ран лæугæйæ уынгæ дæр ничи фæкæны.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.