Рагæй фæстæмæ рудзгуытæ арæзтой æрмæстдæр хъæдæрмæгæй æмæ натуралон æрмæгæй конд кæй уыдысты, уымæ гæсгæ адæймагæн ницы зиан хастой. Фæлæ фæстаг азты техникон прогрессы фæстиуæгæн хъæдæрмæгæй рудзгуытæ ивын райдыдтой пластикæй æмæ ныры онг дæр ахуыргæндтæн сæ бон фидарæй зæгъын нæу, тæссаг сты адæймаджы организмæн ацы рудзгуытæ, æви нæ.

Фыццаг пластикæй конд рудзынг фæзынд 1952 азы, – зынгæ дизайнер Хайнц Паше патент сарæзта ацы дзаумайæн, кæцыйы сконды уыд химикон буарад «поливинилхлорид». Фæлæ ныры хуызæн нæ уыд йе сконд, – болатæй арæзт рамæйыл æркодтой æрдæгфæлмæн пластик. Фыццаг æм йæ хъус ничи æрдардта, уымæн æмæ зынаргъ лæууыд ахæм рудзынг, стæй технологитæ дæр нырма уыцы æмвæзадмæ не схызтысты, цæмæй сæ æнæкъуылымпыйæ æмæ аслам аргъыл аразой. 1959 азы Хайнц Пашейы патент йæхимæ райста немыцаг компани «Rehau», фæлæ йæм ивындзинæдтæ бахаста æмæ цыбыр рæстæгмæ уадзын райдыдтой пластикæй конд рудзгуытæ. Фыццаджы уал фæивтой пластикы гъæд – фæлмæн пластик дзуапп нæ дæтта домæнтæн æмæ æрымысыдысты хъæбæр пластик.

Пластикæй конд рудзгуытæ ныр дæр аслам не сты. Уæдæ сæ цæмæ райдыдтой адæм æвæрын сæ хæдзæртты? Ам стыр ролы ахъазыд рæстмæ рекламон акци. Райдианы цæрджытæн пластикæй рудзгуытæ æвæрдтой æнæаргъæй, стæй ма рекламæйы рæстæджы тынг æппæлыдысты ацы ног фæзынгæ технологитæй, ома, пластикæй арæзт рудзынг у рæсугъд, бирæ азты лæууы йæ хуыз æнæфæивгæйæ æмæ уазал хæдзармæ нæ уадзы. Уымæ гæсгæ зымæгон уазал бонты хъармдæр уыдысты цæрæнуæттæ æмæ уынæр дæр къаддæр хъуыст æддейæ. Фæлæ йæ рæстæг куыд равдыста, афтæмæй уæлдæф кæй нæ уадзы, ома, герметикон æхгæд кæй у, уый ссис йæ сæйраг минус.

Компани «Экостандарт»-ы экспертон хайады сæргълæууæг Валери Кучеров куыд æмбарын кæны, уымæ гæсгæ артсирвæзты рæстæджы пластикы сыгъды тæф адæймаджы æнцонтæй мары.

«Цæмæй пластик йæ хуыз ма аива хурмæ, уазæлтты рæстæджы фидардæр уа, уый тыххæй йын йе скондмæ æфтауынц зды, кæцы йын йæ гъæд стабилизаци кæны. Фæлæ зды адæймаджы æнæниздзинадыл тынг æндавы, уымæн æмæ хауы уæззау згъæртæм. Афтæмæй хъæстæ кæны адæймаджы организм, – æрæмбырд вæййы  стджыты, уыргты, игæры æмæ нервты системæйы. Здыйы æндæвдад иууыл фыццаг фæхатынц сывæллæттæ æмæ ас кары адæм. Фæстаг азты пластикы кондады зды ивын райдыдтой æндæр стабилизатортæй, кæцытæ, ома, ницы зиан хæссынц адæймагæн», – зæгъы эксперт.

Фæлæ кæд пластикæй арæзт рудзгуытæ адæймагæн ницы зиан хæссынц, уæд европæйаг бæстæты цæмæннæуал æвæрынц ахæм рудзгуытæ? Фæстаг азты ацы бæстæты цæрджытæ æвæрын райдыдтой хъæдæй арæзт рудзгуытæ, кæд сын бирæ зынаргъдæр лæууынц, уæддæр. Ӕгæрыстæмæй ма дзаумæттæ дæр æлхæнынц æрмæстдæр хъæдæрмæгæй арæзт. Уымæн æмæ йæ бамбæрстой, пластик тынг кæй æндавы адæймаджы æнæниздзинадыл, кæй йын лæмæгъ кæны йæ иммунитет. Ӕмæ махмæ та хъæдæрмæг стæм нæу, ис нын фадат самал кæнæм гъæдджын æрмæгæй арæзт рудзгуытæ, фæлæ уæддæр кæрæдзимæ гæсгæ æлхæнæм пластикæй дзаумæттæ.

Бирæтæ фæзæгъынц, ома, пластик иу æвæрд скодтай æмæ дæсгай азты сæрибар дæ рудзынг ивынæй. Стæй йæ сæрфын дæр æнцондæр у, – йæ ныссыгъдæг кæныныл къаддæр рæстæг æмæ тых хардз кæны. Фæлæ нын сæйраг хъуамæ уа æнæниздзинад, хъуыды кæнын хъæуы кæстæр фæлтæрыл.

Пластикы сæйраг хорздзинадыл нымайынц, ома, хъармдæр сты. Фæлæ дохтыртæ æмæ ацы сферæйы специалисттæ куыд фæдзæхсынц, афтæмæй, фæнды тæвд уа, фæнды – уазал рæстæг, уæддæр æнæмæнг хъæуы бон 3-4 хатты фæйнæ фынддæс минуты рудзгуытæ бакæнын, цæмæй уæлдæф асыгъдæг уа. Уымæн æмæ хатæны ныббады æвзæр уæлдæф, – пластик йæхæдæг дæр дæтты марг тæф æмæ ма хæдзары мидæг дæр вæййы алыгъуызон тæфтæ. Хатæны та уæлдæф куынæ зилдух кæна, уæд ахæм ран адæймаг йæхи фæхаты лæмæгъ, йæ сæр риссын райдайы æмæ йæм афтæ фæкæсы, цыма хуыдыг кæны. Хъæдæй арæзт рудзынгæн ахæм проблемæтæ нæй – йæ зыхъхъыртæй уæлдæф циркуляци кæны. Стæй ма пластикæй цы тæф цæуы, уый расайы онкологийы æмæ рæуджыты низтæ дæр, фæзынын кæны аллерги, астма. Уымæй уæлдай ма ахæм хатæнты вæййы уымæл æмæ дзы уый фæстиуæгæн фæзыны алыгъуызон микробтæ æмæ хъуынатæ.

Дохтыртæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй пластикæй арæзт рудзгуытæ кæцы хæдзарæн ис, уый цæрджытæ арæхдæр рынчын кæнынц алыгъуызон низтæй, уæлдайдæр та – сывæллæттæ. Уæлдæф фæсатæгдæр кæныны тыххæй бирæтæ сæвæрынц кондиционертæ, кæнæ та фæпайда кæнынц вентилятортæй. Фæлæ фылдæр хатт адон ноджы æвзæрдæр бандавынц адæймаджы æнæниздзинадыл æмæ проблемæ фæкарздæр кæнынц.

Уæдæ пластик рудзынг кæд бон цалдæр хатты хъæуы бакæнын уæлдæф асыгъдæг кæныны тыххæй, уæд ма уыцы хатæны хъармдзинад æрлæудзæнис? Уымæ гæсгæ, зæгъæн ис æмæ хъармæн ницы æххуыс у, – зымæгон дын фылдæр слæудзæнис хæдзар хъармдзинадæй сифтонг кæнын.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.