Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады уагъд æрцыдис коллегийы рабадт, цыран фæстиуджытæ арæзт æрцыд 2018 азы бакæнгæ куыстæн.Ӕмбырды сæрдариуæг кодта Мидхъуыддæгты министр милицийы инæлар-майор Наниты Игорь.

Мадзалы хайад райстой бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг, Ӕдасдзинады Советы секретарь Уалыты Валери, Хуссар Ирыстоны тыхон ведомствæты къухдариуæггæнджытæ, æндæр бæрнон кусджытæ.

Мидхъуыддæгты министрады штабы хистæр инæлар-майор Кокойты Тарзан æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта 2018 азы Мидхъуыддæгты министрады бакæнгæ куыстимæ.

«2018 азы Мидхъуыддæгты министрад среализаци кодта тынг бирæ мадзæлттæ æндæр тыхон структурæтимæ иумæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл цæрджыты æнцойад ифтонг цыдаид. Ивгъуыд азы ауагъдæуыд 180 дзыллон мадзалы æмæ дзы алкæцыйы дæр фæтк хъахъхъæныны милицийы кусджытæ истой активон хайад. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм дзыллон мадзæлттæ 2017 азы ауагъдæуыд æрмæстдæр 73. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ мидхъуыддæгты министрад сæххæст кодта йæ разы лæууæг хæстæ, кæд æмæ тынг зын уыд, уæддæр», – банысан кодта Кокойты Тарзан.

«Фыдракæндтæ раргом кæныны хъуыддаджы дæр нын уыдис æнтыстытæ. 2018 азы саразгæ фыдракæндтæн раргом ис сæ 83 проценты. Уый та ууыл дзурæг у æмæ криминалон милицийы кусджытæ сæ куыст кæй бакодтой æнтыстджынæй. Азы дæргъы республикæйы фæндæгтыл æрцыдис 173 фæндагон-транспортон цауы, кæцыты фæстиуæгæн,хъыгагæн,фæмард сты 13 адæймаджы. Авариты фæстиуæгæн  уæззау цæфтæ фесты 18 адæй-маджы. 2018 азы  Мидхъуыддæгты министрад æппæт-адæмон фæдагуырдмæ радтыны фæдыл райст æрцыд 171 уынаффæйы. Уыдон аххосджын цæуынц алыхуызон фыдракæндтæ саразыны Хуссар Ирыстоны территорийыл. Ныридæгæн иумæйаг информацион-координацион центры руаджыы куыст цæуы Уæрæсейы Федерацийы тыхон структурæты минæвæрттимæ, цæмæй фыдгæнджытæй Уæрæсейы территорийыл чи æмбæхсы, уыдон ахст æрцæуой. Абоны бон Ӕппæтадæмон агуырдмæ лæвæрд æрцыдысты æрмæджытæ 41 адæймаджы тыххæй. Дарддæр дæр куыст цæуы, цæмæй иу фыдгæнæг дæр ма аирвæза æнæфхæрдæй.Цалдæр мæйы фæстæ та уыдзысты радон æвзæрстытæ нæ бæстæйы Парламентмæ æмæ мæ ныфс ис милицийы кусджытæ кæй сæххæст кæндзысты сæ службæйон хæстæ æмæ нæм кæй нæ уыдзæн фæткхалæн цаутæ», – загъта кæронбæттæны штабы хистæр.

Сæйраг докладимæ раныхас кодта ведомствæйы сæргълæууæг Наниты Игорь. Уый обективонæй æрдзырдта Мидхъуыддæгты министрады æнтыстытыл æмæ хъæн-дзинæдтыл. Банысан кодта, зæгъгæ, иумиагæй сисгæйæ Хуссар Ирыстоны территорийыл криминагенон уавæр у стабилон æмæ мидхъуыддæгты органты кусджытæ иннæ тыхон структурæтимæ иумæ æмбæлонæй хъахъхъæнынц адæмы сабырад.

«Ивгъуыд азы милицийы куыст сæйраджыдæр здæхт уыд адæмы бартæ æмæ сабырад бахъахъхъæнынмæ, фыдгæнджыты ныхмæ карзæй тох кæнынмæ, фыдракæндтæ тагъд раргом кæнынмæ. Азы дæргъы профилактикон куыст цыд куыд бынæттон цæрджытимæ, афтæ фæсарæйнаг æмбæстæгтимæ дæр. Ӕнæххæст кары зынхъомылгæнæн сывæллæттæ дæр æппынæдзух уыдысты милицийы кусджыты хъусдарды бын. Стæй ма æвæрæз бинонтæм дæр цыдыстæм бæрæггæнæг æмæ сын æххуыс кодтам сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн», – банысан кодта Наниты Игорь.

Йæ ныхæстæм гæсгæ æхсæнадон фæтк æмæ адæмы æдасдзинад бахъахъхъæныны фæдыл милицийы кусджытæ азы дæргъы уагътой профилактикон рейдон мадзæлттæ. Сæрмагонд хъусдард здæхт цыдис службæйон дисциплинæмæ. Милицийы кусджытæй йæ службæйон хæстæ æмбæлонæй чи нæ æххæст кодта, милицийы ном чи чъизи кодта, ахæмтæ карзæй æфхæрд цыдысты.

Наниты Игорь ма æрдзырдта, Мидхъуыддæгты министрады 2018 азы цы масштабон оптимизации уагъд æрцыд, ууыл.

«Реорганизаци æмæ оптимизаци никуы ацæуы нывыл, уæлдайдæр та ахæм цыбыр æмгъуыдмæ куы æрцæуы уагъд, уæд. Фæлæ планон æмæ этапгай штатон-организацион  мадзæлтты руаджы оптимизацийы процесс ацыд хорз æмвæзадыл. Мидхъуыддæгты министрады управленитæ æмæ службæтæ абоны бон цæсгомджынæй æххæст кæнынц сæ службæйон хæстæ. Ууыл дзурæг сты 2018 азы ведомствæйы оперативон-службæйон архайды æнтыстытæ», – банысан кодта Наниты Игорь.

Мидхъуыддæгты министр кæронбæттæны бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы президент Бибылты Анатолийæн, æппынæдзух милицийы проблемон фарстатæ аскъуыддзаг кæныны активон хайад кæй райсы, уый тыххæй.

Бузныг загъта милицийы кусджытæн дæр сæ бакæнгæ куысты тыххæй.

РХИ-йы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Мидхъуыддæгты министрады куыст алы фадыджы дæр фæхуыздæр ис, фæлæ ма дзы уæддæр ис хъæндзинæдтæ. «Ивгъуыд азы куысты хыгъдмæ куы æркæсæм, уæд фенæн ис, фыдракæндты нымæц кæй фæфылдæр, уый. Фæлæ уыимæ иумæ та фыдракæндты раргомдзинады процент бæрæг фæфылдæр ис. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ криминалон милицийы куыст ис æмбæлон æмвæзадыл. Фæлæ уыимӕ иумӕ фаг куыст нӕ цӕуы наркотикон буарадтӕ парахатгӕнджыты ныхмӕ. Ноджы ма милицийы хъӕуы ӕнгомдӕр кусын хъалонты фæдыл комитетимӕ, цӕмӕй раргом уой, хъалонтæ чи нӕ фиды, уыцы ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ организацитӕ», – банысан кодта Дзӕгъиаты Уырызмӕг.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатоли йӕ  раныхасы ӕрдзырдта милицийы куысты фӕдыл ӕмткӕй ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ оптимизацийы процесс цыд æнӕхъӕн азы дӕргъы, уӕддӕр сӕ службӕйон хӕстӕ сӕххӕст кодтой иттӕг хорз.

«Оптимизаци алыхатт дӕр ӕвзӕрæрдӕм ӕндавы ведомствойы куыстыл, фӕлӕ Мидхъуыддӕгты министрады къухдариуӕгады профессионалон архайды фӕрцы милицийы кусджыты службӕйон хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл оптимизаци нæ бандӕвта. Оптимизаци дарддӕр нал уыдзӕн. Цы 1150 кусӕджы ис ведомствӕйы, уыдон баззайдзысты кусгӕйӕ», – фехъусын кодта бӕстӕйы президент.

«Фыдракӕндты раргомдзинады процент бӕрӕг кӕй фӕфылдӕр ис, уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг хорз у. Фӕлӕ ма цы фыдракӕндтӕ баззадысты ӕнӕраргомӕй, уыдоныл дӕр хъӕуы дарддæр кусын. Фыдгӕнӕг ӕй куы зона ӕмӕ йын фадат ис бӕрндзинадӕй аирвӕзынӕн, уӕд та сараздзӕн йӕ фыдракӕнд. Уый тыххӕй та алчидӕр хъуамӕ зона ӕмӕ иу фыдгӕнӕг дӕр ӕнӕфхӕрд нӕ баззайдзæн. Ӕмӕ уӕд тӕрсдзысты ӕмӕ сӕхи хиздзысты алыхуызон фыдракæндон къахдзӕфтӕй. Банысан кӕнын ма мӕ фӕнды уый дӕр ӕмӕ ӕрӕджы баконд ӕрцыдис иумӕйаг информацион-координацион центр, ӕмӕ уый та хъуамӕ стыр ахъаз фӕуа милицийы куыстæн. Уыцы центры саразӕн ис тынг бирӕ экспертизӕты, кӕцытӕн ныры онг саразыны фадат нӕ уыдис. Стӕй ма дарддӕр дӕр карзӕй тох кӕнын хъӕуы, наркотиктӕ чи парахат кӕны, уыдоны ныхмæ. Уымӕн ӕмӕ уыдон сты Ирыстоны знӕгтӕ, куынӕг нын кӕнынц нӕ сомбон», – банысан кодта Президент.

Дарддæр уый хъусдард аздæхта службæйон дисциплинæ хуыздæр кæнынмæ, проект «Æдас горæт» æххæст кæныны ахсджиагдзинадмæ. Æрсидт милицийы кусджытæм, цæмæй Парламентмæ æвзæрстыты рæстæджы ма æруадзой барадхалæн цаутæ.

Кæронбæттæны Бибылты Анатоли дæр ведомствӕйы кусджытӕн загъта бузныджы ныхӕстӕ сӕ бакӕнгӕ куысты тыххӕй.

ДЖИОТЫ Александр  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.