Алы мыггаджы ‘хсæн дæр вæййы цытджын æмæ кадджын лæгтæ. Иннæты ‘хсæнæй сæ куырыхон зонд, æгъдау, уагахаст æмæ зæрдæйы парахатдзинадæй чи фæхицæн кæны. Ахæмтæ ныфс канд мыггагæн нæ вæййынц. Кæмфæнды ма уой – сыхбæсты, æхсæнады, уынджы, куысты мидæг, алыран дæр свæййынц  уарзон  адæймæгтæ.

Адæмæн лæггад кæнын цардамондыл чи нымайы, семæ цæрын ахсджиаг кæмæн у, раст уыдонæй сæ иу у Дудайты Альберт. Ууыл 20-æм ноябры сæххæст ис 65 азы. Амондджын лæг у Дудайты Альберт. Йæ кадджын юбилейыл æмбæлы рухс зæрдæимæ йæ фæрнджын бинонтимæ, хиуæттимæ, йæ бирæ хæлæрттимæ. Нырма дæр цардхъом, хъæлдзæг, уæнгрог, æнæниз! Йæ азты сæрты акæсгæйæ зæгъы, зæгъгæ, сæйрагдæрыл нымайын æмæ иууыл стырдæр хæрзиуæг царды у бинонты амонд, уый фæстæ та дæ адæмы ‘хсæн фæрнæй цæрын. Уыдæттæй се ‘ппæтæй дæр æххæст у нæ юбиляр!

Ныр та йын акæсæм йæ царды фæндагмæ.

Дудайты Альберт йæ сабион бонтæ арвыста Цхинвалы районы Бихъары хъæуы. Куыд зæнæджы хистæр афтæ, æххуыс кодта йæ фыдæн, фæлæ куыстыты уæлхъус  æдзух уæвгæйæ, хъуыды кодта йæ ахуырыл дæр. Хорз æмбæрста царды ахуырæн цы нысаниуæг ис æмæ сæ хъæуы цы астазон скъола уыд, уый каст куы фæцис, уæд рацыд Цхинвалмæ, уым адарддæр кодта йæ ахуыр скъола-интернаты. Куыд сæ хъæуы скъолайы, афтæ горæты скъола-интернаты дæр уыд цæвиттойнаг йе ‘мбæлттæн йæ ахуырæй æмæ йæ уагахастæй дæр. Уыимæ Альберт хорз арæхст зарынмæ, хайад иста хæдархайгæ аивадон къорды, кæцыйæн разамынд кодта Дзадтиаты Анисим.

Альбертæн æппыныдзух йæ зæрдæ дзырдта хъæууон цардимæ, æмæ астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны хъæууон профессионалон-техникумон ахуыргæнæндоны. Каст æй фæцис æнтысгæйæ, райста бухгалтеры дæсныйад. Уалынмæ æрцыд Райгуырæн бæстæйы раз йе ‘мбæстагон хæс фидыны рæстæг дæр. Службæ кодта Германы зæххыл. Цахæм æнтыстытæ йын уыдис, ууыл дзурæг сты, цы æфсæддон хайы службæ кодта, уый командиртæ йын йæ ныййарджытæм цы фыстæджытæ æрвыстой, уыдон. Йæ хорз службæйы тыххæй йын дыууæ хатты лæвæрд æрцыд Кады грамотæтæ, йæ ныв та æндæр раззагон салдатты нывтимæ конд уыдис æфсæддон хайы Кады фæйнæгыл. Йæ службæйы рæстæджы йæ райстой компартийы рæнхъытæм.

Йæ службæйы рæстæг куы фæцис, уæд æцæгдæр кусын райдыдта Громы совхозы бухгалтерæй. 1979 азы та 24-аздзыд æвзонг лæппу нысан æрцыд Бихъары хъæуæххæсткомы сæрдарæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ куыд уæды областы, афтæ Гуырдзыстоны дæр Альберт кæй уыдис хъæуæххæсткомы иууыл æвзонгдæр сæрдар. Ацы бынаты кусгæйæ, партийы областон комитет Дудайты фырты ахуыр кæнынмæ арвыста Бакойы уæлдæр партион скъоламæ. Ахуыр кодта фæсаууонмæ æмæ йæ каст фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ.

 Уæлдæр партион ахуырад райсыны фæстæ йын бирæ куысты бынæттæ лæвæрдтой горæты, фæлæ, уæддæр уый фæстæмæ кусынмæ ацыд йæхи коммæ. Бихъары хъæуæххæсткомы сæрдарæй фæкуыста 13 азы.

Уыцы иу рæстæджы ма куыста сыхаг хъæу Арцеуы дыргъкуыстгæнæг совхозы партион секретарæй. Уыцы азты  Бихъаргомы цæрджытæ æппындæр ницы цух уыдысты, цыдæриддæр сæм æмбæлд областæй, алцæмæй дæр дзы уыдысты хайджын. Арæх-иу фехæлдысты Медзыдайы цæугæдоны сæрты цы хидтæ уыд, уыдон. Æмæ иууыл тынгдæр ацы комы адæм уымæй тыхстысты. Ацы цæугæдæтты сæрты арæзт æрцыд æфсæйнаг-бетонон хид, кæцыйæн йæ дæргъ уыд 35 метры. Æмæ  канд  уый  нæ иумæйагæй сисгæйæ, ацы комы адæмæн Дудайты Альберты фæрцы сæ царды уавæртæ кодтой хуыздæр. Альберты фæрцы ма аскъуыддзаг Бихъарæй иууыл дæрддагдæр хъæу Ардисмæ фæндаг саразыны фарст дæр. Арæзт æрцыд проект æмæ сметæ дæр, фæлæ уалынмæ райдыдта гуырдзиаг-ирон хæст æмæ фæндаг æрдæгарæзтæй  баззад.

Дудайты Альберт ацы комы кæй райгуырд, æрмæст, уый йæ нæ разæнгард кодта хорз хъуыддæгтæ аразынмæ. Зæрдæйæ уарзы уый алы адæймаджы дæр, сæ цинтæ сæ хъыгтæй сын хайджын у. Искæй рис – йæ рис, сæ хъыг дæр сын йæхи хъыгау райсы. Альберты хъæуггаг мын ахæм цау радзырдта, 1987 азы уалдзæджы Медзыдайы цæу-гæдон тæркъкъæвдаты  фæстиуæгæн тынг раивылд, аласта хид. Дон ракалд, Бихъары цы дыууæ фермæ уыд, уыдоныл. Фермæтæй сæ иуы уыд 300 бæрц ставдкъах фос, иннæйы та 200 роды. Ацы хабар æрцыдис сæумæцъæхæй. Альберт йæ фыд Адиозимæ астæумæ доны балæгæрстой. Фос донæй фæтарстысты æмæ знæтæй богъ-богъ кодтой. Фæлæ сæ фыд æмæ фырт сæ цардыл нæ хъуыдыгæнгæйæ æдас ранмæ аскъæрдтой фосы æмæ сæ фервæзын  кодтой.

1991 азы Дудайты Альбертмæ кусынмæ фæдзырдтой районы администрацимæ. Кусын райдыдта цæрджыты социалон ифтонгады хайады хистæр бухгалтерæй. Фæстæдæр ацы хайад баиу кодтой районы æнæниздзинад хъахъхъæнынады хайадимæ æмæ Альберты снысан кодтой хайады хистæры хæдивæгæй. 1997 азæй куыста цæрджыты социалон ифтонгады хайады хистæрæй. Куыста  Цхинвалы районы администрацийы экономикæйы хайады сæргълæууæгæй дæр. 2010 азæй нырмæ та кусы Цхинвалы районы посты хайады хистæрæй. Кæмфæнды ма куса Дудайты Альберт, алыран йæ хæстæ æххæст кæны намысджынæй, архайы алы адæймагæн дæр йæ уавæр фæрог кæныныл. Ууыл дзурæг сты, хицауадæй цы бирæнымæц хорзæхтæй схорзæхджын кæны уыцы грамотæтæ æмæ майдантæ: РХИ-йы Кады грамотæ, Социалон хъахъхъæнынады сгуыхт кусæг, РХИ-йы КП Кады грамотæ, РХИ-йыл 25 азы сæххæсты майдан, Æппæтирон æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы кады  грамотæ æмæ ноджы æндæртæ. Æвзæрст цыд, куыд хъæууон афтæ районон советмæ депутатæй.

Дудайты Альберт кæмфæнды ма куса, уæддæр уыцы-иу рæстæджы фæкæны æхсæнадон архайд дæр. Уый къорд азты размæ æвзæрст æрцыд Æппæтирон æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхасы», Цхинвалы организацийы сæрдарæй, уыимæ ма у «Стыр Ныхасы» Советы уæнг дæр.

Хæдзары хистæр куы бæзза, кæстæртæ сæ чысылæй фæстæмæ мад æмæ фыды хæрзæгъдаудзинад æмæ фæллойгæнгæ куы уыной, уæд уыдон дæр хистæрты фарн рахæссынц. Альберт йæ уæздан цардæмбал Куыдзеты Зояимæ цы æртæ хъæбул схъомыл кодта, уыдон сты цæвиттойнаг. Цæхх, кæрдзын рæдауæй дæттын цардамондыл нымайынц сæ кадджын ныййарджытау. Адæмимæ уарзонæй цæрын, уды фарн ма фесафын – уый сын фæдзæхсы Альберт, канд сывæллæттæн нæ, фæлæ ма йын цы 8 хъæбулы хъæбул ис, уыдонæн дæр.

Дудайты Альбертæн нæ зæрдæ зæгъы ноджыдæр бирæ азты цæрæнбон. Ныртæккæ куыд цардхъом, куыстхъом, уæнгрог, хъæлдзæг дæ, афтæ куыд уай, уыцы амонд дæ уæт.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.