Ныр цард уæлгоммæ у æмæ уæлгоммæ царды кады хорзæхтæ, премитæ æмæ цытджын нæмттæй дисы никæйуал бафтаудзынæ, уымæн æмæ хæрх сты: сценæмæ цалдæр хызты ракæн, æмæ – адæмон артист; дæ ахорæнты уæлдæйттæ кæттагыл бапъæзæн кæн, æмæ – адæмон нывгæнæг; примитивон рифмæты аслам æмæ æнæуд дзырдтæ тыхтъыст ныккæн, æмæ – Къостайы номыл премийы лаурет; дыууæ хуымæтæг дзырды кæрæдзийыл æнæрæдыдæй бабæттынмæ ма арæхс, æмæ… Æмæ афтæ дарддæр…

Фæлæ уæд, Цоциты Нинæйы рæстæджы, кадджын нæмттæ «сгуыхт» æмæ  «адæмон» сæрыстырæй зæлыдысты, æндæргъуызон цæстæй сæм кастысты адæм, уымæн æмæ хицæн кодтой æндæртæй, кадджын нæмттæ райсыны онг чи нæ сырæзт, ахæмтæй. Уымæн æмæ уыдонæн æндæр уыдис сæ аивад.

Уымæ гæсгæ зын у, цæсгом хъæцгæ дæр нал кæны, Нинæйы дæр ма, кæйдæрты цур, адæмон артист схонын – сценæйæ аивады рухс цæхæр кæмæй калд, уынджы рацæйцæугæйæ дæр-иу адæмы æхцон мидбылхудт кæй фæдыл ныиивæзт, автобусмæ схизгæйæ-иу зæронд лæгтæ дæр кæмæн сыстадысты!..

Ех-х… Фæлæ цы бакæнæм – кæмæндæр, дам, йæ куырой фезгъæлста æмæ йæ сасир дæр фехста… Уæдæ сæ рохуаты дæр куыд ныууадзæм, уæд бынтон къæмдзæстыг куы уыдзыстæм сæ разы, уæд нæ мæрдтæ сæхимæ уадзгæ дæр куы нал бакæндзысты…

Уыдон æндæргъуызон уыдысты, æндæргъуызон уыд сæ хъазты манерæ, сæ дунеæнкъарынад: Мамиты Димтр, Мæргъиты Сослан, Цхуырбаты Барис, Тугазты Гаврил, Цоциты Къæдзæхмæт, Цæбиты Нинæ, Гаглойты Зинæ, Цоциты Нинæ… Цоционы, иу зарæджы цæйау загъдæуы – адæм се ппæт кæй уарзынц – рæстæндæр ахæм амонд фæцис йе сфæлдисæгæй. Уый сценæйыл цæргæ кодта, хъазыны, ролы бацæуыны сæр æй ницæмæн хъуыд. Адæм æй уыцы-иугъуызон уарзтой алы ролы дæр, æвæрццаг уыдаид æви – æппæрццаг, фæлмæнзæрдæ, уарзæгой мады ролы хъазыдаид æви – къулыбадæг усы ролы, уæддæр сын æнæкæрон зынаргъ уыд, йæ алы фезмæлд, йæ алы сныхасыл дæр ын зæрдиаг къухæмдзæгъд æмæ удылтайгæ мидбылхудтимæ æмбæлдысты.

Йæхæдæг та… Кæддæр æй театры чызджытæй чидæр афарста, грим кæнын цæмæннæ уарзы, уымæй. Æгæр фыдуынд, дам, дæн, æмæ, дам, кæсæны мæхимæ кæсын нæ уарзын… Афтæмæй та, сценæмæ-иу куы рахызт, уæд-иу цыма сценæмæкæсджытыл хурты хурзæрин ракаст!..

Хæдгъуыз, алыварсон æмæ коммæгæс уыдысты Нинæйы курдиаты авналæнтæ. Æмхуызон арæхст куыд комикон, афтæ трагикон фæлгæнцты дæр уд бауадзынмæ, сценæмæкæсæджы раз сæ цардæгасæй равдисынмæ. Йæ бирæнымæц фæлгæнцтæ йын сценæмæкæсæг зæрдиагæй бауарзта, хион-хæстæджы ад кодтой алкæмæндæр – Къостайы загъдау, æнæфæхудгæ, æнæфæкæугæ сæм чи лæууыди…

Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр адæм алкæй æмæ алцы æмхуызон кæм уарздзысты, хъæбултæм ахасты дæр ма куы вæййы уæлдай хъулон уарзт. Нинæйы сценæйон фæлгæнцтæй адæм хъулон уарзт кæй кодтой, уый уыд Мысырхан – спектакль «Пæсæйы фæндон»-ы. Æмæ йыл адæмы æхсæн сбадт уыцы уарзон ном, суанг  æй йæ царды фæстаг бонты онг дæр афтæ хуыдтой, кæд «Пæсæйы фæндон» репертуарæй куы систой, уæдæй дæсгай азтæ рацыд, уæддæр.

Адæмæн уарзон адæймаг уыд æрмæст уый тыххæй нæ, сæ уарзон артист кæй уыд – йæ хуымæтæгдзинад, йæ рæвдыд ахаст æмæ хъæлдзæг зæрдæйы уагæй бакодта йæ уацары йæ бирæнымæц табугæнджыты. Сценæйыл куыд уыд адæмы уд æмæ дзæцц, афтæ уыд царды дæр. Йæ иухатæнон фатеры дуар æхгæдæй никуы дардта, йæ цæхх, йæ къæбæр иудадзыг йæ армы дзыхъы уыдысты, æгæрыстæмæй йæ «хъæбæрсæрстæй» дæр æхцондзинад хаста адæмæн.

Иу хатт сæ корпусы кæйдæр зианы кæнд уыд. Адæм хæрнæджы фынгæй куы сыстадысты, уæд… Табу уæ фарнæн, фæлæ йæ уæхæдæг дæр хорз зонут, хисты сæн чи фæнуазы, уыцы лæгтæ куыддæр фынгæй сыстынц, афтæ сæ  уайтагъд кæдæмдæр кæй æрфæнды, уый… Гъемæ дын, мах Батрадз чи у – Харебаты, уый уыцы барджынæй кæйдæр Нинæйы фатермæ куы бакæнид. Нинæ йæхæдæг нырма  кæрты зианджынтимæ кæй лæууыд, уый зыдта, фæлæ дуар гом кæй уыдаид, ууыл дызæрдыг нæ кодта… Кæй «сулæфыдысты», уымæй бæргæ бангæстæ сты, фæлæ куыддæр кæрæдзийæн «с облегчением»-тæ дзургæ дуары онг рæхæццæ сты, афтæ дын сæ Нинæ куы баййафид:

– Æ, уæ фæхъау фæуон, афтæтæ уарзын, гъе, уæ нывонд æрбауон, хъуамæ кæрæдзимæ хиуæтты зæрдæ дарæм, уæдæ куыд, – йæ зæрдиаг мидбылхудт æмæ арфæты сæ фиутыхт акодта.

Уыдон дæр ноджы куыднæ бангæстæ уыдаиккой, сæхи рады йын сæхæдæг дæр куыднæ фæарфæтæ кодтаиккой. Стæй:

– Цæй, хорз, Захаровна, хатырæй нын фæуæд, цинты æмбæлæм нырæй фæстæмæ, мах ацыдыстæм, – загътой йын…

Æмæ уæд Цоционæн йæ арфæтæй йæ «хъæбæрсæрст» фæтыхджындæр. Йæ къухтæ йæ синтыл авæргæйæ сæм бауырдыг:

– Уый та куыд «ацыдыстæм»?.. Æвзæр хулигантæ, мæ доны запастæ мын бахардз кодтат æмæ афтæмæй цæуынмæ хъавут?..

Æмæ сын, мæ зæрдейæ, сæ къухы ведратæ фæсагъта æмæ, хъæуы ма дæ, цы – уа-а-а-ртæ сын, посты хæдзары кæрты-иу мæй иу хатт дон кæцæй рамызт, уыцы кранæй æнæхъæн бон дон фæхæссын кодта…

Ахæм уыд йæ фæлдыст, йæ удысконд, йæ ныхыфыст – бынтон æнæнхъæлæджы дæр хъуамæ исты экстремалон уавæры смидæг уыдаид. Йæ фырты фырт Уæрæсейы цард æмæ йæ иу хатт йæхимæ акодта. Цом, бабу, æмæ дын горæт фенын кæнон, зæгъгæ, иу бон æй горæты азилын кодта. Кæмдæр  æй, цавæрдæр къаннæг паркы фæхсбандоныл æрбадын кодта, йæхæдæг кæдæмдæр ауад. Куыддæр лæппу ацыд, афтæ иу зæронд лæг йæхи Нинæйы фарсмæ æруагъта æмæ йæ æнæ уæлдай æфсæрмытæ æмæ ныгъуылдтытæй хынцфарст кæныныл схæцыд: цал азы йыл цæуы, йæ лæг мæлгæ акодта æви хицæн аисты,  пенси цас исы, цалхатæнон фатер ын ис æмæ афтæ дарддæр…

Нинæ дын ахæм цыдæртæ уарзта æмæ быхста, цы – фестад æмæ йæ пъравизонкъайæ (афтæ хуыдта сылгоймаджы къухыхæсгæ сумкæ) лæгыл хæфт-хæфт ралæууыд, куыд фæзæгъынц, саубыны над æй фæкодта.

Адæм сыл æрæмбырд сты, кæйдæр мæгуыр лæджы ма тыххæй скъахтой Цоционы къухтæй. Уæдмæ фæзынд йæ фырты фырт дæр æмæ, йæ худæг тыххæй уромгæйæ йæ хъæбæрсæрст бабойы ракодта уыцы æнæхайыры паркæй. Нинæ афтæ æнхъæлдта, зæронд лæджы кæй фæнадта, ууыл худы, уый та… Нинæйæн йæ фæсонæрхæджы дæр кæцæй уыдаид, йæ фырты фырт æй барæй кæй бакодта уырдæм: уыцы паркмæ цыдысты æрмæстдæр ахæмтæ, йæхицæн къай чи агуырдта: иугæр сылгоймаг уым бады, уæд уый нысан кодта, йæхицæн мойаг кæй агуры, нæлгоймаг дзы куы æрбадтаид, уæд дæр – афтæ…

Цæмæн хардз кæнын рæстæг ахæм цæуылдæрты, адæм се ппæт кæй уарзтой, уыцы адæмон артисткæйæн йе сцæнæйон аивады кой цæмæннæ кæнын? Уымæн æмæ Нинæ-артисткæйы аивады тыххæй бирæ æрцыд фыст, кæй хъæуой, уый сæ ссардзæн. Стæй хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, артисткæ, сценæйы дæсныйæн йæ фæскулисон цардмæ адæм къаддæр кæй нæ фæцымыдис кæнынц. Нинæйæн та йæ курдиат сценæйæ куыд æрттывта, афтæ – æхсæнадон царды дæр. Йæ фæлмæн юмор æмæ йæ хъæбæрсæрстыл адæм тайгæ кодтой. Кæмæдæрты афтæ дæр каст, цыма Нинæ хъазын æмæ худын йедтæмæ ницы зоны, цыма йын зæрдæ нæй, маст кæнын, риссын ын æцæгæлон уыдысты… Фæлæ нæ уыд афтæ, алцæмæй дæр йемыдзаг уыд нæ адæмон артисткæйы удысконд, йæ патриотизм, йе мбæстагон позици дæр арф æмæ æнæцудгæ уыдысты.

Уæд горæты дон маргъы æхсырæй зынаргъдæр уыд, кæддæрты-иу куы рацыд, уæддæр дзы алчи нуазын нæ уæндыд. Нинæ бынтондæр нæ нуæзта кранты дон, йæхцæн нуазыны дон алы хатт дæр хаста, кæддæр Ачабеты хиды цурмæ  Монастерæй цы суадоны дон рауагътой, уырдыгæй. Алкæй дæр разæнгард кодта, цæмæй ма зивæг кæной, сæхицæн сыгъдæг нуазыны дон ма хæлæг кæной. Мæн дæр-иу арæх акодта йемæ. Чъехы автобусыл-иу ацыдыстæм, цалынмæ-иу автобус Чъехæй фæстæмæ здæхтис, уæдмæ-иу дон райстам æмæ… Иу хатт, рацарæзт нын нæ сабыр цард аныхъуырынмæ куы æрхъавыд, уыцы рæстæджы уыд. Уæдмæ Фергана, Карабах æмæ æндæр рæтты ныккалд туг, фæлæ махмæ нырма гуырдзы хъыззы-хъыззы кодтой, æргом хæсты нæм рауцæудзысты, ууыл хъуыды дæр ничи ма кодта. Гъемæ дын, куыддæр автобус хидмæ баввахс, афтæ кæсæм æмæ суадоны алыварс дунейы адæм. Уæддæр æрхызтыстæм, уæдæ цы кодтаиккам. Адæмы бардзы астæу лæууыд, бæрзонд, рæхснæг нæлгоймаг æмæ уыцы знæт, хъуыддаггъуызæй хъæрæй  ныхас кодта адæмимæ. Йæ бакаст æмæ йæ дарæсыкондæй бæрæг уыд, бынæттон кæй нæ уыдаид, сæ деда-калакæй æрбацæугæ кæй уыд. Æз ын йæ ныхæстæн, кæй зæгъын æй хъæуы, ницы æмбæрстон, фæлæ йæм Нинæ уыцы лæмбынæг хъуыста. Мигæнæнты донæй куы байдзаг кодтон æмæ фæстæмæ йæ цурмæ куы бацыдтæн, уæд мæм йæ цæстытæ уыцы мæстыгъуызæй сзылдта æмæ афтæ зæгъы:

«Мах кой кæны ацы куыдзы хъæвдын, нæ ныхмæ сæ ардауы».

Иу афон йæхи нал баурæдта, хæстæг бацыд дзурæгмæ, йæ галстук ын бынмæ æривæзта æмæ йæм хæрдмæ цыдæртæ дзуры. Лæг йæ хуыз аныхъуырдта, стыхст, йæ бон дзурын ницыуал уыд æмæ йæ уæхсджытæ раздыхс-баздыхс кæныныл схæцыд… Уæдмæ автобус дæр æрхæццæ æмæ рацыдыстæм горæтмæ. Нинæйы куы бафарстон, зæгъын, цы йын загътай, уæд уыцы мæстыйæ афтæ бакодта:

– Цы йын хъуамæ загътаин, цы йæм æмбæлд, уый йедтæмæ? Зæгъын, æвæццæгæн дын дæ мадмæ ирон лæг бахъуыззыд æмæ иннæ гуырдзиæгтæй бæрзонддæр уымæн дæ…

Цалдæр боны фæстæ телевизормæ кæсын æмæ уæртæ уыцы лæг… Кæд уыд   сæ национ змæлды лидер Звиад Гамсахурдиа. Йæ кой йын уæды онг куыднæ хъуыстон, зонгæ уыдтæн йæ тугмондаг политикон архайдимæ, фæлæ йæ хуызмæ нæма зыдтон, никуы сын кастæн сæ телеуынынады алæвæрдтæм. Мæ фырдиссагæй Нинæтæм смидæг дæн:

– Захаровна, уыцы лæг чи уыд, уый зоныс? – къæсæрæй дзургæ бараст дæн.

– Тугхъæлæс фæуæд, куыднæ йæ зонын, – Нинæйы цæсгомыл иу нуар дæр нæ фезмæлыд, – йæ фыды дæр ма йын куы зыдтон…

– Классикы? Константинейы?.. – ныдис кодтон æз.

– О, о, Константинейы. Уый йæ фыртæй фашистдæр уыд. Фæндзай æвдæм азы декадæйы фæстиуджытæй нæ зæрдæ цæмæйдæрты нæ барухс æмæ йæм жюрийы æнæрæстдзинæдты тыххæй Гæззаты Степанимæ нæ хъаст бахастам, куыд æнæхъæн Гуырдзыстоны иууыл нымаддæр адæймагмæ, афтæ. Куыдзмæ дæр нæ не рдардта – гуырдзиаг æвзагыл, дам, дзурут, æмæ дам, алцæмæй дæр райгонд уыдзыстут…

Сыгъд ссæуæд сæ койыл дæр – Нинæйы тыххæй цы бирæнымæц мысинæгтæ баззад, уыдоны хсæн йæ юморæмхæццæ хъæлдзæг хабæрттæ фылдæр æхцондзинад хæссынц зæрдæйæн… Фæлтау ын скæнон йæ къахеттаг хабары кой. Гастролты рæстæджы нын иу хъæууон клубы спектаклы  фæстæ фынг æрæвæрдтой. Æмбисæхсæвмæ æввахс сыстадыстæм æмæ хъуамæ рацæуæм Лагодехмæ, уым цардыстæм уазæгдоны. Нæ хæлæддзаг «Кубан» автобусыл бадгæ бæргæ скодтам, фæлæ «дыввын-дыввын» цы кæны, уый йедтæмæ йæ бынатæй не ггуырсы, кæд ыл шофыр Уалыты Паулик йæ чысайнаг  æлгъыстыты тæккæ цæхджындæртæй дзæбæх саргъуыдта, уæддæр… Куыд рабæрæг, афтæмæй йын чидæр йæ бензин рауагъта…

 Æндæр гæнæн нал уыд æмæ нæ фысымтæ фæстæмæ баздæхтой. Автобусыдзаг адæмы фаг хуыссæнгæрзтæ сæм кæцæй уыдаид, фæлæ нæ æмбисæхсæв уынджы дæр куыд ныууагътаиккой… Нинæ йæ бамбæрста, иунæгæй схуыссыны «амонд» æм кæй не рхаудзæн æмæ куыддæр мидæмæ бахызтыстæм, афтæ фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, æмæ сын хæринаггæнæны къуымы цы нарæг сынтæг уыд, ууыл абадт… Уырдæм куы цыдыстæм, уæд нæ сæйраг администратор Джиоты Феликс (Таманго) æрбарынчын æмæ йæ бæсты Дзадтиаты Соскъойы арвыстой. Фысымты ус, уыцы тыхстгъуызæй, кæмæн уаты, кæмæн – пъолыл, кæм дыгæйттæй, кæм – æртыгæйттæй уæттæ кæны; Нинæ бады сынтæгыл, йæ бынатæй не змæлы… Соскъо æфсæрмы кæны, мæгуыр æмæ мидæмæ дæр нæ хизы, хæдзары раз сæнæфсиры бын, йæ къухтæ йæ синтыл сæвæрдта, афтæмæй даууæрдæм рацу-бацу кæны. Ныр, фысымты ус чи у, уый куыднæ хаты, Нинæйæн йæ хъавд цæмæ у, уый æмæ иу каст Нинæмæ бакæны, иннæ каст та рудзынгæй Соскъомæ акæны… Æрæджиау афтæ бакодта:

– Ацы дзæбæх ус, бæргæ хорз уаид, ацы сынтæгыл иунæгæй куы баулæфис, фæлæ дæлæ зæронд лæгæй худинаг у æмæ йын цы акæнон…

– Ууыл мын тыхсгæ дæр ма кæн, мах лæг æмæ ус стæм æмæ иумæ схуысдзыстæм, – йæ хъуыры фæбадт Нинæ.

– Æ, Хуыцау дæ куыд сарæзта! – æхсызгон улæфт скодта фысымты ус æмæ дыккаг уæладзыгмæ схызт, цæмæй искуы къуымы исты бызгъуыртыл æрулæфыдаид йæхæдæг дæр.

Нинæ уадидæгæн рухс ахуыссын кодта æмæ хъæццулы бын смидæг. Соскъо та, мæгуыр, суанг хурыскастмæ сæнæфсиры бын фæрацу-бацу кодта, йæ къухтæ йæ синтыл æвæрд, афтæмæй…

Ахæм уыд нæ адæмон артисткæ Нинæ-Мысырхан. Йæхæдæг цæрдтæй мæрдтæм хæстæгдæр кæй хуыдта, уыцы кары дæр, чысыл чызгау, хъæлдзæг, æнæрцæф æмæ къæбæда уыд. Уый сценæйыл уыд аивады цырв, магнитау йæхимæ æлвæста сценæмæкæсæджы. Уый æцæг адæмон уыд, уый ирон театралон аивады судзгæ цырагъ уыд! Йæ цъæхснаг хъæлæс, йæ рог кафты фæрцы йæхæдæг æнæхъæн чындзæхсæв уыд… Кæм хъуыд, уым та: куырыхон, бадт зонды хицау, зондамонæг, уынаффæгæнæг.  Ныр… Уый цахæм уыд, ахæмтæ нал ис… Чизоны ма искуы фæзына Нинæйы хуызæттæ, кæд ма искуы, ахæмтæ кæм уыд, ахæм цард уа, уæд…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.