29 апрелы Колымайы столицæ Магаданы райдыдта Уæрæсейы суверенитеты тыххæй националон-сæрибаргæнæн змæлд Дзуарджын автоалыгъд «Большая Россия», кæцыйы маршрут цæуы Уæрæсейы дæсгай горæттыл, бæстæтыл, уыцы нымæцы Мæскуы, Белоруси, Хуссар Ирыстон, Донбасс, Луганск æмæ  Донецкыл æмæ кæронбæттæны ногæй бацæудзысты Мæскуымæ.

Дзуарджын алыгъды хайадисджытæм цы  сыгъдæг иконæ ис, уый у æрæджыйы аргъуыд æмæ ис Мады Майрæмы Казайнаг иконæйы номхыгъды, кæцыйæн лæвæрд æрцыд «Державный Покров»-ы ном. Уымæн йæ нысаниуæг у цардуагон. Казайнаг иконæ æвдыст æрцыд, 1612 азы адæмон бархионты раздзогтæ Минин æмæ Пожарскийы къухты.

Цы у ацы акцийы нысан? Уырысы зæххыты æмбырд æмæ æрбангом кæнын, уæрæсейаг зæххытыл цæрæг уырыссаг æмæ æппæт æфсымæрон адæмты æцæг интерестæ хъахъхъæнын æмæ адæмты иудзинад сæндидзын кæнын. Афтæ ма бæстæйы адæмты ‘хсæн информацион рухстауæн куыст  бакæнын Уæрæсейы архайæг Президент Владимир Путины архайды фæстиуджыты фæдыл æмæ æппæт нацийы фарсхæ-цынадæй цы курс уадзы экономикон, культурон, информацион æмæ сæйраг – духовон суверенитеты фарс балæууын.

Уымæй дарддæр ма мадзалы фæлгæтты организаци цæуы Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæм гуманитарон уæзтæ æмбырд кæнын æмæ æрвитын.

Дзуарджын автоалыгъды инициатортæ сты Уæрæсейы хуымæтæг æмбæстæгтæ – чырыстон диныл хæст адæм, æмæ йæ фарс балæудзысты æндæр традицион динты минæвæрттæ, Фыдыбæстæйы патриоттæ, куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы йæ Райгуырæн бæстæмæ, уыдон, кæцытæ цæттæ сты бæстæйы хъысмæты фæдыл бæрндзинад сæхимæ райсынмæ, сæ кæстæрты фидæны сæрыл, адæймагады дарддæры царды сæрыл.

Дзуарджын алыгъды хайадисджытæ цы горæттыл цæуынц, уым уагъд æрцæуынц иумиаг патриотикон æмæ гуманитарон здæхты акцитæ, кæцыты нысан у бæстæйы суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинад сæндидзын кæнын, кæцы ныддихтæ 1991 азы æмæ уыцы æнæмæнгхъæуæг хæстæ национ лидер Владимир Путиныл сæвæрын.

Ацы бонты Дзуарджын алыгъды хайадисджытæ æрхæццæ сты нæ республикæмæ. Бабæрæг кодтой Мады Майрæмы Аргъуан. Иерей Хетæгкаты Иаков чырыстон уазджытæн радзырдта ацы аргъуаны æмæ нæ республикæйы территорийыл æндæр аргъуанты историтæ. Дзуары лæг сæрмагондæй æрлæу-уыд 2008 азы августы цаутыл, уæд, зæгъгæ, гуырдзиаг агрессийы рæстæджы Цхинвалы цæрджытæ федтой Мады Майрæмы фæзынд.

Акцийы хайадисджытæ æмæ Алайнаг епархийы минæвæрттæ скуывтой, фадат сын уыд алæмæтон иконæтæм бавналынæн, кæцыты семæ æрластой чырыстон уазджытæ.

Националон-сæрибаргæнæг змæлды координатор Марк Сагадатов радзырдта Дзуарджын алыгъды райдианыл, зæгъгæ, Сырх фæзуаты Казайнаг иконæ «Державный покров»-ы раз скуывды фæстæ, уырдыгæй уагъд æрцыд Дзуарджын автоалыгъд Минин æмæ Пожарскийы цырты размæ. Дарддæр иконæйы хæдтæхæгыл аластой Магаданмæ. Уырдыгæй балц адарддæр машинæтыл бæстæйы хуссар арæнтыл. Уыдысты Уралы, Повольже, Дагъыстан, Цæцæн æмæ æндæр республикæты. Планмæ гæсгæ дарддæр ацæудзысты Абхаз, Хъырым, Украинæмæ æмæ æрзилдзысты бæстæйы ныгуылæн арæнтыл. Марк Сагадатовы ныхæстæм гæсгæ,  автоалыгъд кæрон-мæ хъуамæ бахæццæ уа сентябры мæйы кæрон. Мæскуымæ æрцæуы-ны фæстæ план кæнынц иконæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинмæ радтын. Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, цы аргъуанты вæййынц, уым ныууадзынц Казайнаг иконæйы Мады Майрæмы «Державный покров»-ы халдих, кæцы балæвар кодтой Хуссар Ирыстонæн дæр.

Автоалыгъды хайадисджытæн ма фембæлд уыд нæ горæты Анахарси-сы номыл республикон библиотекæйы конференц-залы информацион фæрæзты минæвæрттимæ. Мадзал пресс-конференцийы хуызы уагъд хъуамæ цыдаид, фæлæ акцийы хайадисджытæ  сæ мадзалы нысан æмæ ахадындзинад афтæ рахастой рæгъмæ æмæ уыд цымыдисон. Зæгъæн ис,  æмæ рауад  зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас.

Дзуарджын алыгъды къухдариуæггæнæг Алексей Ермаков сарæзта цыбыр экскурс, зæгъгæ, хæстон тæссагдзинады уавæрты мах не ‘ппæт дæр хъуамæ æрбангом уæм. Æмæ нæ абон æрбангом кæндзæн Фыдыбæстæмæ уарзондзинад æмæ нæ иумиаг уырнынад.

«Знаг хæст расидт уырыссаг дунейæн, нæ æргъадтæн, нæ уырнынадæн. 1991 азы «уазал хæсты» састы баззайгæйæ, фæдих стæм 15 бæстæйыл. Ныр та нæ иугæйттæй хъавынц скуынæг кæнынмæ, нæ ныхмæ нын æфсымæрон адæм скæнгæйæ. Ахæм уавæрты знаг архайы уавæр æндыгъд кæныныл æмæ адæмты ‘хсæн хæрамдзинад байтауыныл, кæцыйæн йæ бон у цæрын иу бинонтау. Уымæ гæсгæ махæн бар нæй æгомыгæй кæсын, нæ алфæмблай цы цæуы, уыдæттæм. Мах хъуамæ æрбангом уæм æмæ, иумæ скувгæйæ, слæууæм нæ Фыдыбæстæ, нæ традицион æргъадтæ бахъахъхъæныныл», – банысан кодта Ермаков.

Æппæтуæрæсейон чырыстон автоалыгъды хайадисджытæ, куыд националон змæлд, афтæ æрсидтысты Националон лидер Владимир Путины фарс æрбалæууынмæ, нациты хаттмæ нæ кæсгæйæ.

Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зассеты Жаннæ банысан кодта, ирон адæм кæдфæнды дæр кæй сты, æцæг Националон лидер  Владимир Путины æвварс. Уыдон æрмæст ныхæстæ не сты, фæлæ йæ равдыстам хъуыддагæй УФ-йы президентон æвзæрстыты рæстæджы.

Автоалыгъды хайадисджытæ ма куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ исынц бирæ видеороликтæ адæмы домындзинадмæ гæсгæ. Уыдоны сæйраг мидис у  Уæрæсейы Президент Владимир Путины фарсмæ балæууын, йæ политикæйыл æмразы уæвын. Бирæтæ та йын, зæгъгæ, ныридæгæн арфæ кæнынц йæ гуырæнбоны тыххæй.

Зассеты Жаннæ йæ рады банысан кодта ахæм мадзæлттæ уадзыны æнæмæнгхъæуындзинад. Фæндон бахаста, цæмæй уа иунæг программæ духовон æндидзынады фæдыл, цæмæй йæ зоной ныййарджытæ, цæмæй сфидар уа нæ идеологи.

«Нæ националон идеологийы сæйраг æууæл махæн у нæ «ирон æгъдау». Уым фыццаг бынаты ис Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, Дунескæнæг нын цы зæххы гæппæл балæвар кодта, уымæ уарзондзинад», – дзырдта Зæссеты Жаннæ. 2008 азы августы хæсты рæстæджы, зæгъгæ, мах Мады Майрæмы символ разæнгард кодта æмæ бахъахъхъæдтам нæхи , нæ горæт æмæ нæ адæмы.

Мадзалы кæрон Дзуарджын алыгъды хайадисджытæ Мады Майрæмы Казайнаг иконæ «Державный покров»-ы халдих балæвар кодтой Президент Бибылты Анатолийæн, кæцыйы радтой Зассеты Жаннæмæ. Зæрдылдарынæн ма мадзалы хайадисджытæ систой къамтæ.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.