Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ауагъта 2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты штабы рабадт.

Æруынаффæ кодтой, Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы объекттæ реализаци цæуынц, уыдоны арæзтады темптыл.

Автомобилон фæндаг Гуфта-Къуайсайы арæзтадон-монтажон куыстытæ цæуынц, уый тыххæй фехъусын кодта Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззытаты Эдуард, кæцыйы ныхæстæм гæсгæ, фæндагыл уагъд цæуынц фæндаджы хæрзарæзтады, дондзæуæн хæтæлтæ фидар кæныны куыстытæ.

«Зæххы куыстытæ фесты, æвæрд æрцыд дихгæнæнты 5,6 км, баззадис ма дзы сæвæрын 3,5 км асфальт», – загъта уый.

Президент фæндагаразджытæй æрдомдта, цæмæй объекты фæфылдæр кæной куыстыты гуырахст дыууæ хатты, афтæ ма сын раарфæ кодта сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн, кæцы традицимæ гæсгæ нысан цæуы октябры æртыккаг хуыцаубоны. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, фæндагон инфраструктурæйы ифтонгад у рес-публикæйы рæзты ахсджиаг фактор.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы генералон директор Мæхъиты Семен радзырдта Кировы хъæумæ æввахс хид аразыны тыххæй.

«Объекты уагъд цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ, арæзт цæуы цыппæрæм быцæу, æртæ дзы цæуынц бетон, афтæ ма бетон кæнынц былгæрон фидаргæнæн агъуыстытæ дæр. Уымæй уæлдай ма, мах цæттæ кæнæм иувæрсты цæуæг фæндаг».

Арæзтадон куыстытæ уагъд цæуынц Революцийы, Белинскийы, Плиты Алыксандры, Нæузæххонты, Хъайтарты, Табуйы фырты æмæ Базарадон уынгтыл. Мæхъиты Семены ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ ранымадгонд уынгтыл уагъд цæуынц зæххыбыны куыстытæ, фидар цæуынц дондзæуæнтæ æмæ бордюртæ, афтæ ма рухсгæнæн быцæутæ, уагъд цæуынц хæрзарæзтадон куыстытæ.

Магистралон донвæд Уанат-Цхинвалы арæзтады тыххæй радзырдта арæзтадон фирмæ арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СТМ-Юг»-ы къухдариуæггæнæг Коцты Олег.

«Дарддæр уагъд цæуынц магистралон донвæды монтажгæнæн куыстытæ, дренажон хæтæл сæвæрыны куыстытæ. Мах фæфылдæр кодтам кусæгдых æмæ техникæ. Æмæ цифрæтæм гæсгæ мах графикмæ гæсгæ фæуыдзыстæм, фæнд кæнæм раздæр фæуыныл. Хъомысад ис, архайынц дзы техникæйы максималон иуæджы», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæгæн ма фехъусын кодтой Цхинвалы №3 астуæккаг скъолайы бæстыхай æмæ Дзауы æмæ Знауыры поселочы 18 фатерон хæдзæртты арæзтады куыстыты тыххæй.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзæрады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ, ацы объектты куыстытæ уагъд цæуынц хорз темптæй, скъолайы уагъд цæуынц æмбæрзт, хъармгæнæн хæтæлтæ сæвæрыны куыстытæ, хæрзарæзт цæуы агъуыст, афтæ ма сæрдæн куыстытæ дæр.

Банысангонд æрцыд, ныртæккæ финансон фæрæзты хæрдзтæ кæй сты 41, 37 проценты.

Бибылты Анатоли радон хатт æрдомдта, цæмæй æппæт объекттыл физикон куыстытæ æххæст æрцæуой 100 процентæй.

«Мах хæсджын стæм фæстиуæг равдисыны тыххæй æмæ тырнæм Инвестицион программæ  100 процентæй сæххæст кæнынмæ. Уымæ гæсгæ уæрæхдæр кæнут куыстытæ, кусæгдых æмæ техникæ.

Æнæгуырысхойæ уын бузныг зæгъын, арæнгонд мадзæлттæм нæ кæсгæйæ, кæцымæ гæсгæ сымахæн йæ райдианы гæнæн нæ уыд куыстытæ æххæстæй ифтонг кæнын, сымах сæххæст кодтат егъау гуырахст. Фæлæ нæ разы цы плæнттæ сæвæрдтам, уыдон хъуамæ реализаци æрцæуой», – загъта уый.

Хуссар Ирыстоны ОРВИ æмæ коронавирусон инфекцийæ рынчынты нымæц кæй фæфылдæр ис, уымæ гæсгæ Президент æрдомдта рабадты хайадисджытæй, цæмæй райсой мадзæлттæ кусджыты индивидуалон хъахъхъæныны фæрæзтæй сифтонг кæнынæн.

«Мах хъуамæ æппæтдæр саразæм, цæмæй максималонæй адæ-мы æдасдзинад бахъахъхъæнæм æмæ, цæмæй арæзтады объектты куыст ма æрлæуа», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.