Гæдиаты Цомахъы райгуырдыл сæххæст 140 азы

Курдиатджын ирон фыссæг Беджызаты Чермены куырыхон уацау “Мæсгуытæ дзурынц”-ы ис диссаджы таурæгъон æвдисæн Гæдиаты мыггаджы равзæрды тыххæй. Фыццаг новеллæйы дыууæ мыггаджы (Кодзыртæ æмæ Гаглойтæ) æхсæн халон атахт æмæ уый адыл се ‘хсæн мæлæтдзаг тох бацайдагъ. Иуæн дыууæ æфсад у, фæзæ-гъынц, – фыццæгтæ мыггагскъуыд фесты… Баззад-ма дзы æрмæстдæр иунæг сывæллон – фæйнæгфарс Тохтæйы ус Рубайоны дзидзидай лæппу: “Къæссайы къуымбилты æхсæн, мæгуырæг, атъыста йе ‘нахъом иунæг лæппуйы æмæ фæндаг-фæндаг фæраст… Сывæллон хъыллист кодта къæссайы мидæг, уæдæ цы.

Уæд Гаглойтæй иу ацæргæ лæг басырдта усы:

– Æнцад дæ бынаты, цы ис дæ къæссайы, тагъд æй зæгъ!

– Ницы, дæ нывонд фæуон, мæ сывæллонæн иу гæдыйы лæппын уыди, бирæ йæ уарзта, сывæллоны амардтат æмæ йын йæ гæдыйы лæппын мæ зæрдæ æппарын нæ батардта. Уый хæссын къæссайы. – Йæхæдæг хæкъуырцц-куыдæй кæуы сахъ сылгоймаг.

Чи йын цы зоны, бамбæрста хъуыддагæн йе ‘цæг æви нæ Гаглойы-фырт.

– Цæугæ уæдæ, хорз ус, дæ фæндаг дæ бар у. Амæндты хуыздæр дæ хай, зæгъгæ, загъта Гаглойы-фырт æмæ фæстæмæ фездæхти.

Рубайон фæцыди йæ цæгатмæ, лæджы фæдыл дæр нал ацыди, афтæмæй йæ фыдыкъонайы фарсмæ схъомыл кодта йæ хъæбулы. Лæппуйыл сæвæрдта ном – ГÆДЫ, зæгъгæ, гæдыйы тыххæй йын кæй аирвæзти Гаглойты къухæй, уый сæраппондæн. Гæдыйæн цæуæт рацыди, мæ хуртæ, – смыггаг ис. Никуы фехъуыстат Гæдиатæ, зæгъгæ, иу (иу нæ, фæлæ дыууæ: Секъа таурæгъгæнæгæй айрох. – Х.Б.) дзы номдзыд лæг дæр рацыди. Цомахъ æй хуыдтой, стыр ахуыргонд уыди кæмдæр”.

Тынг бирæ сагъæстыл бафтауы ацы цымыдисаг таурæ-гъæн йæ сæйраг хъуыды адæймаджы зонд æмæ зæрдæйы: цал æмæ цал фыссæджы, нывгæнæджы кæнæ зæрингуырды зынг бахуыссын кодтой, – арæх сабийæ кæнæ мады гуыбынмæ, – тугисыны æгъдæуттæ. Ахъуыды-ма кæнæм, Гаглойты зæронд лæг Рубайонæн йæ къæсса æд къуымбилæй куы æркалын кодтаид, уæд абон Гæдиаты мыггагæн сæ кой, сæ хъæр дæр нал уыдаид. Ирон литературæйы мæсыг та рауадаид дыууæ дуры, дыууæ рæгъы (Секъа æмæ Цомахъ) дæлдæр. Фæлæ, цымæ, цас бæрзонддæр уыдаид, æгъатыр фыдæлтыккон тугисыны æгъдæуттæ Иры дзыхъ-хъы курдиатæй куы нæ суæлæнгай кодтаиккой, уæд?!

Гæдиаты мыггаг иннæтæй амондджындæр рауад. Тох-тæйы лæгдзинад æмæ Рубайоны уды сыгъдæгдзинад сæ туджы кæй ахъардта, уымæй. Æппæты амондджындæр та разынд Цомахъ йæхæдæг. Æмæ канд æдзард сабитимæ абаргæйæ нæ, фæлæ 1882 азы тъæнджы мæйы 14 бон Хъуды комы Ганисыхъæуы – ирон аивадон прозæйы бындурæвæрджытæй иу – Гæдиаты Секъайы хæдзары кæй райгуырд, уымæй дæр. Иу æрдзон амондæй ма ноджыдæр хайджын уыд рухстауæджы фырт. Цæй мидæг уыдис уыцы амонд? Поэтикон цæугæдæттæ — Терк æмæ Арагуы, суадæттæй бынмæ згъоргæйæ, сæ зарæг кæм райдайынц, Хъаспийы æмæ Сау денджызтæм мингай азты дæргъы хæххон таурæгътæ зæрдæхæларæй кæй æрвиты, уыцы æрдхæрæны æмæ цæргæсбадæн къæдзæхты æхсæн дунейы рухс кæй федта, уым. Цыбыр дзырдæй, поэт, фыссæг суæвын ын æрдз æмæ хъысмæтæй лæвæрд уыдис…

Ирон литературæйы фидæны классикыл иу афæдз куы сæххæст, уæд йæ ныййарджытæ хуыздæр цардагур ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Джызæлыхъæуы. Ам авдаздзыдæй, Цомахъ ахуыр кæнынмæ бацыд райдайæн скъоламæ (каст æй фæцис 1892 азы). Уый фæстæ кæрæдзийы фæдыл Дзæуджыхъæуы (1892-1897) æмæ Стъараполы (1897-1903) дины скъолатæ… Астæуккаг ахуырад куы райста, уæд æнтыстджынæй сфæрæзта бацæуæн фæлварæнтæ æмæ ссис Тартуйы (Дерпты, Юрьевы) университеты юридикон факультеты студент (чысыл фæстæдæр раивта историон-филологон факультетмæ). Æвæдза, абоны филологон факультеты лæппуттæн бар ратт, уæд юридикон факультетмæ ныххæррæтт кæниккой, æмæ дзы иу дæр уым нал аззаид. 1905 азы хабæртты фæстæ Цомахъ сыздæхт Ирыстонмæ æмæ зæрдиагæй архайдта “Ирон газет” рауадзыны хъуыддаджы. Уæрæсейы фыццаг революцийы рæстæджы поэт ныффыста бирæ зæрдæмæдзæугæ уацмыстæ. 1908 азы паддзахадон фæлварæнтæ куы лæвæрдта, уæд ахст æрцыди æмæ университет фæуын йæ къухы нæ бафтыдис. Каст æй фæцис æрмæстдæр февралы революцийы фæстæ 1917 азы.

Фыццаг Буржуазон-демократон революцийы змæлды иузæрдионæй кæй архайдта, уый тыххæй конд æрцыдис Таллины ахæстоны. Бетъырбухы æфсæддон тæрхондон ын стæрхон кодта 4 азы уæззау куыстытæ фæкæныны æмгъуыдмæ Прибалтикæйы крайы. Фæлæ тæрхон куы фидар кодтой, уæд ын рахастой æндæр уынаффæ: цæрæнбонты Хурыскæсæн Сыбырмæ хаст æрцæуæд. Уырдæм æрвыст æрцыдис 1910   азы æртхъирæны мæйы. Сусæны мæймæ йæ фæдардтой Александровскы астæуккаг ахæстоны, уый фæстæ йæ этапæй арвыстой Ленæйы былгæронмæ — Иркутскы губернийы Киренскы уездмæ. Хасты уæвгæйæ, Гæдиаты лæппу сусæгæй кодта революцион куыст, зæхкусджыты сабитæн уыд ахуыргæнæг, политикон артелы уыд хуымæтæг кусæг. Новониколаевскмæ йæ куы раивтой, уæд адæмæн лæвæрдта сæрмагонд уроктæ, зæрдæргъæвдæй кодта рухсадон куыст горæты мæгуыртæ æмæ кусджыты æхсæн. Зæрдиагæй архайдта Сыбыры мыхуыры дзыллон фæрæзты мидæг. Горæты æхсæнады мидæг ын уыдис стыр кад, суанг ма йæ адæмон æмбырды уæнгæй дæр равзæрстой. Фæлæ, уæддæр æрвылбон йæ зæрдæ æхсайдта йæ иубæстон дзыллæмæ.

1913 азы Романовтæ сæхи цæттæ кодтой, сæ паддзахиуæгадыл 300 азы кæй æххæст кодта, уымæ. Секъа дæр, мæгуыр, йæ зæрдæ тынг дардта, зæгъгæ, уый фæдыл цы амнисти рацæуа, уым мæ фырты дæр кæд суæгъд кæниккой. 1913 азы Цомахъмæ цы фыстæг арвыста, уым хъусын кодта: “12 декабры 1912 азы паддзахмæ прошение арвыстон, фæлæ дзы дзуапп нæй. Ноджыдæр та йæм арвитдзынæн, кæд дын уыцы фондз азы бахатыр кæнид”. Фæлæ куырыхон фыссæг æмæ хуыцауылæууæндæг лæджы тухитæ ууыл нæ фесты. 1914 азы кæрон паддзах Никъала Дзæуджыхъæумæ куы ссыд, уæд та йæ зæрдæйы цыдæр ныфс бацыд æмæ йæм цы гæххæтт балæвæрдта, уый тыххæй Цомахъмæ фыста: “Абон, 4 декабры, паддзах ам уыд, æмæ йæм прошение балæвæрдтон де ссæрибар кæныны тыххæй. Цы уыдзæн, уый фæстæдæр фендзыстæм”. Æдæппæт æртæ куырдиаты балæвæрдта Секъа паддзах Никъаламæ, фæлæ Хуыцауы дзæгъæлы… Æмæ афтæмæй, зæрдæхсайгæйæ, авд мæйы фæстæ Паддзахвæндагыл араст йæ фæстаг балцы…

Цомахъæн та йæ райгуырæн Ирыстонмæ сыздæхыны фадат фæци æрмæст Февралы революцийы фæстæ, йæхи загъдау, “Царды уылæнтæ… хæхтæм барджын æгъдæуттæ æмæ барджын ныхæстæ” куы æрбахастой, уæд.

Стыр тохы уылæнтæ, барджын æгъдæуттæ æмæ барджын ныхæстæй фыссæджы баулæфыны, йæхи сдзæбæх кæныны бон дæр нæ фæци. Фидæны рухс æмæ амондджын цардмæ бæлгæйæ, зæрдæ æмæ зондæй, уæхскуæз æмæ дысвæлдæхтæй аныгъуылдис алыхуызон куыстыты Терчы облæсты адæмон Советы ирæтты уæнг иугæнды æмæ сæрдарæй, Терчы Советон республикæйы (1918-1919) адæмон ахуырады комиссары хæдивæг, Дзæуджыхъæуы ревкомы сæрдары хæдивæг (1920), Цæгат Ирыстоны облæсты ахуырады сæргълæууæг (1921-1922), газет “Рæстдзинад”-ы редактор (1923-1924). Фæскавказы коммунистон университеты ахуыргонд-нымæрдар (1925-1926), Цæгат Ирыстоны пединституты ректор (1927-1930). 1928 азы йын æнæ диссертаци бахъахъхъæнгæйæ лæвæрд æрцыд доценты ном. 1931 азы, 49-аздзыдæй, кæфты мæйы 24 бон Гæдиаты Секъайы фырт Цомахъы фæллад, уарзон, рæвдауæг, курдиатджын æмæ нæрæмон зæрдæйы цæхæры арт бауазал… Иу бæрнон куыстæй иннæмæ æрвыст цыдис, зындæр-иу кæм уыдис, уым дысвæлдæхтæй æрбалæугæйæ. Æцæг лæгдзинад, куырыхондзинад æмæ арæхстдзинад равдисын кæм хъуыдис, уырдæм тындзыдта Цомахъы зæрдæ æмæ зонд. Æмæ алы ран дæр, Маяковскийы загъдау, “йæ зарæджы хурхыл къахæй лæугæйæ”, фыдæбон кодта æмæ йæ иубæстон адæм, йæ уарзон Ирæн лæггадгæнгæйæ, басыгъдис…

Раст у, Цомахъ йæ удæй арт кæй цагъта, уый. Фæлæ 30-50 азты Ягода, Ежов, Берия æмæ уыдоны ирыстойнаг хъузæттæ иу æмæ дыууæ хатты цъыф нæ калдтой, йæ намыс, суадонау, сыгъдæг кæмæн уыд, уыцы адæймагыл. Зын зæгъæн у, 37 азмæ куы фæцардаид, уæд йæ хъысмæт куыд рауадаид, уый?! Фæлæ цыдис рæстæг æмæ та-иу суадонмæ йæхи ссыгъдæг кæныны фаг тых разынд. Фыссæджы ном хицауады æмæ тæрхоны цæсты бафтауыныл чи архайдта, уыдоны ‘хсæн ахæмтæ уыд, æмæ зæрдæ нæ коммæ кæсы, зонд нæ кæрды, æвзаг нæ тасы уыдонæн сæ нæмттæ дзурынмæ дæр. Æрмæст, стыр хъыгагæн, уыцы азты фаг лæгдзинад нæ разынд, абон нæ литературæйы кад æмæ рад кæмæн ис, уыдонмæ дæр.

Дзырдæн зæгъæм, мæнæ куыд фыста 1951 азы Ар-дасенты Хадзыбатыр: “…иу хъуыддаг рох кæнын нæ хъæуы Цомахъы революцион зондахасты тыххæй дзургæйæ. Кæд Цомахъ революцион куыст кодта, кæд фæллойгæнæг адæмы сæрыл тох кодта, уæддæр 1919 азы онг нæ (!) уыди Коммунистон партийы рæнхъыты, æмæ йæ революцион тох иудадзыг большевикты позицитæй (!?) нæ уыди, уыдис æм, социал-революционерты ‘рдæм æй чи цудын кодта, ахæм хицæн рæдыдтытæ, уæлдайдæр реакцийы дуджы Сыбырмæ хаст куы æрцыди, уыцы рæстæджы. Ахæм рæдыдтытæ (!?)  фæзындысты Цомахъы иуæй-иу радзырдтыл (“Подаванец” æмæ æнд.)…”

Гæдиаты Цомахъы райгуырдыл сæххæст 140 азы… Æнусæй фылдæр денджызтæм Хъуды комæй бирæ дæттæ ахастой Терк æмæ Арагуыйы уылæнтæ. Æмæ мæ исчи куы бафæрсид, фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадæй абон мах тынгдæр цы хъæуы, цавæр хъуыды, зæгъгæ, уæд ын, æвиппайды, дзуапп радтин: Цомахъæн йæхи æмдзæвгæ “Ныстуаны” рæнхъытæй: “Адæмы фарн æмæ кад, фидар лæуут!”.

Афтæ канд нæ дуджы уæззау уавæры тыххæй нæ хъуыды кæнын, фæлæ Иры ивгъуыд, абон æмæ фидæныл сагъæсгæнгæйæ дæр. Зын уыд йæ рæстæджы Цомахъæн, зын уыд йæ æмцæдисонтæ æмæ æмдугонтæн дæр, фæлæ уæды рæстæджы адæммæ ирондзинад уыдис. Ууыл та, астæуккаг цæджындзтау, æнцой кодтой адæмы фарн æмæ кад… æмæ фидар лæууыдысты. Уæды ирон фæсивæд, “рацарæзты сывæллæттау”, сæ мадæлон æвзагыл, лите-ратурæ æмæ культурæйыл былысчъилтæ куы кодтаиккой, уæд сæм Цомахъ “фидар лæууынмæ” нæ сидтаид, ахæм æнæрхъуыды нæ уыдис…

Æрмæст поэт фыдызæххæн йæ фенынмæ нæ бæллыд, нæ тырныдта, фæлæ æххуыс кæнынмæ дæр, уымæн æмæ йын зыдта йе ‘фхæрд, йæ тухи, йæ хæрам, йæ мæт, йæ бæллиц. Иннæрдыгæй та йын æнæзонгæ нæ уыд, “æрцæуæг æлдар” барвæндонæй йæ къæлæтджынæй кæй нæ рахиздзæнис, уый. Уымæ гæсгæ, дард æмæ даргъ сыбираг æхсæвты Цомахъ æрцыд ахæм хатдзæгмæ: “Æрмæст æхсарæй æвзæры амонды уидаг — æнамонд фыд бæсты”.

Æмæ мæнæ: “Царды уылæнтæ æрбахастой хæхтæм барджын æгъдæуттæ æмæ барджын ныхæстæ”. Тохы дзырд фехъуысти сагъæссаг хъæутæм, адæмы зæрдæ ныррызти йæ хъæрмæ. Суанг бынтон æфхæрд удтæ дæр æргом кæнын райдыдтой сæ фæндтæ. Къостайы загъдау, “Бирæ фæлмæн тынтæ зæрдæ нывæнды, бар ма йын ратт!”. Къæрцхъус разынд уыцы ивддзинæдтæ фиппайынмæ поэт æмæ сын йæ артæмдых ныхæстæй судзын кодта сæ зæрдæтæ:

 

Ма дзур: “чысыл стæм!” – ма дзур тæрсгæйæ,

Ма дзур: “нæ къухтæ цыбыр сты”, – уый.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис ахæмтæ дæр, “æнцад уал уæм!”, “ныууадзæм, ныууадзæм уал!” чи дзырдта, фæлæ сæ куырыхон фыссæг раст æмбæрста æмæ сын аргъ кодта диалектикон æгъдауæй, иннæрдыгæй та сæ æууæндын кодта, стыр хъаруйы хицау кæй сты дзыллæтæ иумæ, ууыл:

 

Дзыллæйы хъаруйæ къæдзæх ныннæрдзæн,

Хæхтæ нырриздзысты дзыллæты барæй.

Адæмы ныхмæ цы уæйыг фæлæудзæн?

Чи сыл фæуыдзæн уæлахиз æхсарæй?

Фæуæлахиз сты Уæрæсейы дыккаг (февралы) æмæ æртыккаг (октябры) революцитæ, фæлæ Ирыстоны хуссар хай Жордания æмæ Джугъелийы лæгмартæ туджы зæйты бын куы фæкодтой, уæд Цомахъ стыр зæрдæрисимæ фыста: “Фæсхохы Ир… Гуырдзыйы æлдæртты рагон тыхтона…” Агуырдта дзуапп дæр ахæм тугахуырст рæстæг æмæ уавæрæн, фæлæ йын нæ историйы мæгуырау къæбицы куы ницы ссардта, уæд ноджы уæззаудæр зæрдæйыуагимæ фыста: “Æнкъард у Ирыстоны астæуккаг æнусты истори”. Æрмæст ууыл нæ фесты фыссæджы мидсагъæстæ æмæ мидхъуырдухæнтæ – йæ алывæрсыг зонадон æмæ сфæлдыстадон агурæнты бындурыл, мæнмæ гæсгæ, скодта цымыдисаг диалектикон хатдзæг: “Ирон адæмæн сæ историон хъысмæт афтæ рауади æмæ, швейцайрæгтау (рæстæг куыд равдыста, уымæ гæсгæ конфедерацийы цæрджытæ сарæзтой дунейы хъæздыгдæр паддзахадтæй иу. – Х.Б.), сæ бон нæ баци фидар политикон организаци саразын”.

Ацы ныхæстæ Цомахъ загъта 1924 азы, фæлæ ма, нæ абоны æхсæнадон-политикон уавæрыл куы ахъуыды кæнæм, уæддæр, æнæгуырысхойæ, æрцæуæм иунæг æмæ фидар хъуыдымæ: фыссæг, йæ ныхасы размæ, цыма йе уæны каст, уый хуызæн рауад. Поэты æвзагæй уыцы хъуыды сирвæзт 98 азы размæ, фæлæ фæстаг рæстæг æхсæнадон-политикон организацитæн иугæндтæ аразыны бар лæвæрд куы ‘рцыд, уæддæр нæм нæма ис фидар политикон организаци?!. Нæ чысыл Ирыстоны арæзт æрцыд 30 парти, æхсæнадон змæлд æмæ цæдисæй фылдæр, фæлæ иу низæй рынчын сты: сæ уынаффæтæ кæрæдзиуыл нæ бадынц, адæмы æхсæн сын кад æмæ рад нæй, сæ ныхас та рæгъы нæ цæуы… Мæнмæ гæсгæ, амæй фæстæмæ дæр нæ ацæудзæн, цалынмæ Гæдиаты Цомахъ æмæ уый хуызæн æхсæнадон архайджытæ æмæ курдиатджын фысджыты куырыхон фæдзæхстытæй хъæугæ хатдзæгтæ куы нæ скæнæм, уæд…

Поэт нын цы фæдзæхсынмæ хъавыд, уымæн абон æнцонæй сбæрæг кæнын, æвæццæгæн, нæ къухы æнæ арф иртасæн куыстытæй нæ бафтдзæн. Фæлæ иу хъуыддаг бæлвырд у: Цомахъ, уæлдæр цы хъуыдыйыл æрлæууыдыс-тæм, уый 1924 азы хуымæтæджы нæ загъта.

1922 азы Советон Хицауад Гуырдзыстоны цæдисон республикæйы мидæг сарæзтой Хуссар Ирыстоны автономон облæст, 1924 азы та – Цæгат Ирыстоны! Цыбыр ныхасæй, иу адæм мин азты фæцæрæг адæм, политикон æмæ барадон æгъдауæй дихгонд æрцыдысты. Беджызаты Чермены загъдау, “…Ирыстон тугæй цы сæрибар балхæдта” (цалæм хатт! – Х.Б.), уый йын æфсæдты æмæ гуымиры лæгдыхы фæрцы ист æрцыд… Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы стыр политикон, зæххыл чи нæма æрцыд (нæдæр Корея, Вьетнам, Герман, Йемен уæд дихгонд нæма уыдысты. Советон хицауад сæ æнæсæрфат фæлварæн фыццаг Ирыстоныл бафæлвæрдтой) ахæм хъæддаг фыдракæндимæ Цомахъæн сразы уæвæн нæ уыд йæ зæрдæ æмæ йæ зонды…

Чи зоны, исчи афтæ дæр зæгъа: “Кæд ахæм хъайтар уы-дис, уæд ног цардыл цæмæн зарыд!” Фыссæджы уацмыстæ лæмбынæг чи нæ бакæса, уый, гæнæн ис, æмæ зæгъа. Фæлæ Цомахъы сфæлдыстадон куырдадзы чи аныгъуыла, уымæн йæ размæ слæудзысты фыссæджы æцæг комулæфт æмæ поэты æцæг æрмдзæф. Ома, курдиатджын нывгæнæгæн йæ уацмыстæ фыццаг бакасты фæстæ æххæст нæ раргом вæййынц. Хъуыддаг, æцæгæйдæр, афтæ кæй уыдис, уымæн æвдисæн сты, Хъамбердиаты Мысост поэтæн йæ цæстмæ кæй дардта, уыцы рæнхъытæ:

 

Фæлæ зонын æз бæлвырдæй,

Хур кæй аныгуылдзæн, уый.

Фæлæ зонын æз бæлвырдæй,

Цард кæй фæуыдзæн уæддæр.

Зын зæгъæн у, фыццаджыдæр, ацы рæнхъытæй Цомахъ цы зæгъынмæ хъавыд, уый: æрдзон хур æцæгдæр кæй аныгуылы, адæмты æмæ дугты хурæй загъта, æви хуымæтæг адæймагæн абон уа, райсом уа, йæ цард куы фæвæййы, уæд ын хуры цæст кæй ахуыссы, уымæй. Адон æнæмæнг, сты поэты философон хъуыдыты ратæдзæн, фæлæ Мысосты уыцы хъуыддæгтыл сагъæс кæнынмæ не ‘вдæлд æмæ уайдзæф кæныныл фæци Цомахъæн:

 

Ды нæ царды фæудыл зарыс,

Нæ, фæлæуу,

Фæлæуу, ныууадз æй

Æз мæхи æндæрыл хъарын:

Хурмæ асинтæ куырдадзæй!

Кæйдæр загъдау, уымæн æвдисæн лæууынц фыссæгæн йæхи рæнхъытæ дæр. Цомахъы зæрдæйы, уыцы æмдзæвгæ фысгæйæ, цытæ цыди, цæмæй уыдон бамбарай, уый тыххæй пехуымпар уæвын нæ хъæуы. Æрмæст дæр ын йæ хъуыдытыл радыгай дæ цæст ахæсс æмæ алцыдæр йæ бынаты сбады: “Зæрдæхалæн маст уыд рагæй дæр мемæ”, “Æнкъард у мæ бынат. Æнкъард у мæ цæрæн”. “Мæ фынтæ — фыдфынтæ, мæ мæтæн зæгъæн дæр нæй”. Бынтон зын уавæры бахауд Цомахъ йæ уарзон, йæ иубæстон Ирыстоны йын куы ныддихтæ кодтой, уæд. Зæрдæсастæй ма, мæгуыр, фыста: “Дæ фыдгул афтæ фæуæд, уыдон куыд фесты”, “Къордгæйт-тæ фестæм. Асаст нæ тых, нæ хъару”. Ахæм хатдзæг скодта иумæйагæй Ирыстоны сагъæсты тыххæй — Ирыстоны сагъæссаг хъæбул.

Цомахъ цардæй ахицæн, йæ тæккæ лæджы кары æмæ фыссæджы тыхы куы бацыд, уæд. Бирæ цыдæртæ ма уыд йæ зæрды саразын, уыдонимæ “Ирон литературæйы очерк” ныффыссын дæр, фæлæ Гулуты Андрей куыд фыссы, уымæ гæсгæ, “фæрынчын, хуыссæнæй нал сыстад æмæ йе сфæлдыстадон бæллицтæ сæххæст кæнын йæ къухы нал бафтыд…”.

Цомахъ ирон адæмон сфæлдыстадæн йæ уды бæрц аргъ кæй кодта, уый тыххæй мæ мæ ныхас балхынцъ кæнын фæнды рагон æмбисондæй. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ бакодтой:  “Фыды фарн, дам, мæрдтæм нæ цæуы!” Секъайы удварн гуырдзæй дæр æмæ æрдзæй дæр райсгæйæ, Цомахъ йæ зæрдыл дардта, кæддæриддæр, йæ фыды ныстуан, йæ фыды фæдзæхст Иры иудзинады тыххæй æмæ дзыллæмæ сидти: “Адæмы фарн æмæ кад, фидар лæуут!” Кæддæр Нафи Брытъиаты Елбыздыхъойы фарныл дзургæйæ, афтæ фыста, зæгъгæ, фыссæг æнæзынгæйæ цы саразы, уый йемæ мæрдтæм ахæссы, цыдæриддæр æм хорзæй вæййы, уый та йæ адæмæн ныууадзы. Нæ ахаста Секъа дæр йæ уды фарн Барастырæн лæварæн. Цомахъы курдиатыл аза бæласы сыфтæй æрзад æмæ сæ поэт ирон литературæйы мæсыгæн йæ цыппар кæроныл ныссагъта.

ХОЗИТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.