Рагæй фæстæмæ ирон адæм стыр аргъ кодтой кардзыд адæймæгтæн. Адæймагæн йæ сæр фæурс, зæгъгæ, уæд уый раз уырдыг лæууыдысты кæстæртæ. Куырыхон Соломон дæр ма дзырдта, «Седина – венец мудрости», зæгъгæ. Афтæ ма аудгæ ахст уыди сылгоймагмæ дæр. Фæлæ ныртæккæйы дугивæны дунейы цытæ цæуы, уыдон æнæ бандавгæ куыд уыдзысты нæ адæмы удыхъæдыл дæр.

Кæддæр иухатт уыдтæн уæрæсейаг горæттæй иуы. Мæ хъысмæт мæ уырдæм ахаста мæ зынвадатæй… Уыцы ран цард тынг зынаргъ лæууы, иу бон дæр дзы æгуыстæй цæрыны фадат нæй. Уым, æцæгæйдæр, æххæст кæны ирон æмбисонд  – æмæ канд ирон адæммæ нæй ацы æмбисонд – чи нæ кусы, уый нæ хæры, зæгъгæ. Æмæ кæд æз уазæгуаты уыдтæн, уæддæр мын æнæкусгæ нæ уыди, æфсæрмы кодтон мæ фысымтæй, æмæ балæууыдтæн куыст агуырыныл. Куыст агуырдтон алыран дæр, æвзарыны фадат та мын кæм уыд! О, фæлæ-иу кæдæм бадзырдтон, уым-иу мын уайтагъд мæ дзых ахгæдтой: «Сколько вам лет?». Æз-иу фæтыхстæн, фæлæ-иу загътон, уыйбæрц æмæ мыл уыйбæрц цæуы, зæгъгæ. Уыдон-иу куы базыдтой, æнæхъæн дыууиссæдз азы мыл цæуы, уæд, цыма, уыйбæрц зæххыл ничи фæцарди, афтæ-иу мын уазал хъæлæсы уагæй загътой: «Оставьте свои координаты, мы вам позвоним». Мæн-иу уырныдта, æрбадзурдзысты мæм, зæгъгæ, фæлæ арс цымы бын куыд ныммард, афтæ-иу сæм æз дæр æнæхъуаджы æнхъæлмæ кæсынæй амардтæн.

Дзырд дардыл у, уæрæседзау, стæй цыфæнды бæстæйы дæр цард чи агуры, уыцы адæймаджы царды зындзинæдтæ дæр дæрдтыл дзуринаг сты. Фæлæ иу-хорз у, æмæ уыцы хъуыддæгтæй адæймаджы зæрдæ фæхауы, æмæ фæзæгъы:

«Фæхæссон ма, загътон, уæддæр, Фæстæмæ мæ иунæджы сæр Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…». Дарддæр æй зонут…  Уыцы ран цæссыг дæр вæййы, æмæ æппæт дæр.

Афтæмæй, ницæмæйты-мацæмæйты фæстæмæ æрцардтæн мæ райгуырæн бæстæйы. Ацы ран райгуырдтæн, ацы ран схъомыл дæн, ацы ран рафтыдтæн нæ адæмимæ иумæ маст æмæ фыдæбонæй. Æцæг, раст куы зæгъон, уæд мæ бирæ хатт уырнгæ дæр нал фæкæны мæ ивгъуыд, уымæн æмæ тынг фæивтой нæ адæм, сыхы дæр, уынджы дæр, æндæр рæтты дæр… Æмæ уыцы ивындзинæдтæ тынг риссын кæнынц адæймаджы зæрдæ.

Мæ зæрдыл лæууы иу ахæм хабар. Иу рæстæджы, Леуахи тынг куы раивылд, уæд уыцы уылæнæй фаллаг фарсы хæдзæрттæ ныддонласт сты. Адæм сæ сæрæн сæрфат нал ардтой. Мæ зæрдыл лæууы, уыцы дуджы ма адæм куыд хъæрмуд уыдысты. Мах нæ сыхаг фæси-вæдимæ балæууыдыстæм Леуахийы былыл. Уыцы ран нæ ирон лæппутæ рæхысæй лæууыдысты, æмæ цыма доны хъаймæтыл дæр сæ бон цыди, ахæм хуыз æвдыстой. Æцæгæйдæр мæ уырны, ахæм лæппутæн доны хъару дæр кæй бакоммæ кастаид. Уыдон мах фенгæйæ, тынг батыхстысты æмæ нын æцæг æфсымæртау бауайдзæф кодтой:

– Ардæм цæмæн æрбацыдыстут? Ацæут, мæ хотæ, ам ныртæккæ тынг тæссаг у!

Кæй зæрдæ нæ фæтасыдаид ахæм ахаст равдисджытæм, мах дæр нæ сæртæ æркъул кодтам æмæ фæстæмæ раздæхтыстæм. Мæ зæрдæ куыд рухс уыди уыцы бон, куыд буц уыдтæн нæ лæппуты уæздандзинад æмæ æхсарæй! Уыдонæн лæггад кæнын та мæ уд мæ дзæцц уыди…

Ныртæккæ та рисгæ кæны мæ зæрдæ æмæ йæ рыстæн хос дæр нæ арын. Куыд сæфы нæ адæмы фарн, куыд ахъуызыди, тæмæнкалгæ суадон змисы куыд афардæг вæййы, афтæ, куыд фæхуыссы, кæрæдзийы уарзгæйæ нæ риуты цы цырен арт сыгъди, уый. Сыхы астæу, хиуæтты æхсæн, æмбæлтты ахастыты цæй стыр афтиддзинад сæвзæрди. Æхсæвыгæтты сыхбæсты уагхалджытæ куыд халынц хистæрты зæрдæтæ сæ фыддзырд æмæ тæркныхасæй. Кардзыд адæм цæмæй зæрдæскъуыд фæуой, уымæн бирæ нал бахъæуы.

Иу адæймаг мын радзырдта ахæм хабар. Сыхы лæппутæ æхсæвыгæтты æнцой кæмæн нæ лæвæрттой, ахæм у уыцы адæймаг. Раст уыцы рæстæджы фæзиан йæ иунæг фырт. Йæ рыст йæ риуы нал цыди, æхсæв æмæ йын бон сиу сты. Зиан бавæрдтой, æмæ дзы рацыд иуцалдæр боны. Уыдон зианы ницæмæ дардтой, хархаса кодтой æхсæв-бонмæ. Рыстзæрдæ мад цы бакодтаид, уый нæ зыдта. Фæстагмæ йæм разынди ахæм хъару, æмæ сæм барвыста минæвар:

– Бахатыр кæнут, мæ хъæбулы хатырæй иу чысыл уæ хъæрахст фæсабырдæр кæнут.

Æмæ ахæм цаутæ стæм не сты не ‘хсæнады. Сыхаг сыхаджы уавæры нал цæуы, нал ын ауæрды йæ рыст, йæ зианыл. Хистæр æмæ кæстæр нал æвзарæм куыстуаты дæр æмæ сыхбæсты дæр. Æмæ мæнæ цы фыст ис Хуыцауы сæйраг фæдзæхсты: «Кадыл дар дæ мад æмæ дæ фыды, æмæ зæххыл дæ цæрæнбонтæ уыдзысты бирæ!» Æз ма йæм бафтауин, кадыл дар искæйы мад æмæ фыды дæр. Науæд халыс, уыдон кæй мад æмæ фыд сты, уыдоны зæрдæтæ, халыс сæ зæрдæйы, иумæйагæй та – адæмы фарн.

Æцæг, иуыл ахæмтæ не сты, се ‘хсæн бирæ ис, сæ уагахастæй цæвиттон райсæн кæмæй ис…

Уымæй уæлдай ма ныртæккæ, кæмдæрты дыууиссæдз азæй уæлдæр кæуыл цæуы, уыдон куыстмæ дæр нал исынц. Кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та –  рæхуыст!

Хъуыддаг афтæ куы ахæсса дарддæр дæр, уæд нæ фæсивæд дæр хъырызы цæстæй кæсын райдайдзысты хистæр адæммæ, æмæ нæ адæмы удыхъæды фыдæлты фарнæй цы сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр хæзна уыди – хистæрæн кад кæнын, уымæй дæр та æнæхай фæуыдзыстæм.

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.