2016 азы 4-æм октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сайтыл æвæрд æрцыд информацион æрмæг ахæм номимæ – «Депутаты Парламента провели встречу с жителями общежития СПТУ-131».

Ацы публикацийы фæдыл РХИ-йы Парламенты Президенты Æххæстбарджын минæвар Козаты Мадинæ официалон фыстæг арвыста РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолийы номыл. Фыстæджы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Публикацийы ис æбæлвырд бæрæггæнæнтæ, 131-æм профтехахуыргæнæндоны æмдзæрæндоны цæрджытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидимæ куы ныхас кодтой, уый фæдыл, йæ автортæ йæ равдыстой паддзахады сæргълæууæджы ахасты бынтондæр æнæрайсинаг хуызы. Информацийы æнæ æмбæлон басгæрстæй цитатæ кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды ныхæстæ, цыма уыцы ныхæстæ загъта æмбæстаг Джиоты Л.-йæн, йæхимæ йæ куы райста, уæд.

Æцæгæй та бацамынд ныхæстæ Тыбылты Леонид нæ загъта.

Бæрæг у, публикацийы кæй кой скодтой, уыцы депутаттæ, сæ разы кæй не рывæрдтой 131-æм профтехахуыргæнæндоны æмдзæрæндоны алыварс уавæр равзарын æмæ æцæгæйдæр адæмæн истæмæй баххуыс кæныны хæс. Науæд уыдон зыдтаиккой 2016 азы 15-æм июны Президент Тыбылты Леонид 131-æм профтехахуыргæнæндоны æмдзæрæндоны цæрджытимæ  фембæлды тыххæй æмæ сæм информаци уыдаид Президенты хæслæвæрдтæ сæххæст кæныны сæраппонд, кæцыты уый бакодта æмбæлон ведомствотæн фембæлды фæстиуджытæм гæсгæ.

Хъыгагæн, банысан кæнын хъæуы уый, æмæ публикацийæн кæй ис спекуляцийы характер 131-æм профтехахуыргæнæндоны æмдзæрæндоны цæрджыты вазыгджын цардуагон уавæртæй пайда кæнгæйæ, кæцыты фæхуыздæр кæныны тыххæй республикæйы къухдариуæгад гæнæн цы ис, уый аразы паддзахадон бюджеты цы финансон фæрæзтæ ис, уыдоны фæлгæтты.

Информацион æрмæг æвæрд æрцыд канд Республикæ Хуссар Ирыстоны сайтыл нæ, фæлæ ма йæ РХИ-йы Парламент арвыста газеттæ «Южная Осетия» æмæ «Хурзæрин»-мæ ныммыхуыр кæныны нысанæн. Ахæм архайдтытæ æвдисæн сты уымæн, æмæ хицæн парламентон тыхтæ нысанмæздæхт куыст кæй кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æмæ къухдариуæгады ныхмæ.

Уæ хъусдард уын здахæм уымæ, æмæ ахæм къахдзæфтæ ахъаз кæй не сты республикæйы æхсæнадон-политикон стабилондзинад бахъахъхъæнынæн æмæ Хуссар Ирыстоны æххæстгæнæн æмæ закъондæттынадон хицауиуæгады ‘хсæн кæрæдзийы æмба-рынадæн».

Кæройнаг хатдзæджы РХИ-йы Парламенты Президенты Æххæстбарджын минæвар бахатыд сайты редактормæ, цæмæй хъусдард аздаха, ахæм публикацитæн фидæны æруадзæн кæй нæй, уымæ. Уымæн æмæ уыдон ахъаз не сты хицауиуæгады къабæзты ‘хсæн конструктивон диалогæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.