Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты ссарыны фæдыл цы æртæфарсон Координацион механизм кусы, уый руаджы ацы аз 5 февралы уæрæсейаг фарсы минæвæрттæ хуссарирыстойнаг фарсмæ ралæвæрдтой Тедеты Маиры тыххæй информаци, къам æмæ ДНК (генетикон информацихæссæг анализ).

Ацы æбæрæгæй сæфт æвзонг лæппу 2008 азы августы Гуырдзыстоны агрессийы хæстон архайдтыты рæстæджы фесæфт Хъайтарты уынгæй 12-æм скъолайы территорийæ, фæстаг хатт ма йæ федтой йе ’мбæлттæ уым. Уæрæсейаг фарсмæ мардæй бахауд 2008 азы 21 августы æмæ йæ, куыд æнæбæрæг мард буар, афтæ бавæрдтой Мæздæджы горæты.

Нæ бæстæйы Генералон прокуратурæ Ростовы тæрхондон-медицинон æмæ криминалистон экспертизæйы центры ногæй саразын кодтой Маиры мад æмæ йæ фырты ДНК-тæ, цæмæй æххæстæй бафидар æрцыдаид, æцæгæйдæр, мард буары баззайæццæгтæ Тедейы фырты сты, æви нæ.

29 марты центр официалон æгъдауæй бафидар кодта, æбæрæгæй сæфт æвзонг лæппу Маиры мард буар кæй у.

Тедеты Маиры табæт æрластой йæ райгуырæн хъæу Малдамæ æмæ йæ цытджын æгъдауæй бавæрдтой, цæрынæй цы зæххыл нæ бафсæст, уым.

Фæстаг хæрзбон кæнынмæ йæм æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад Президент Тыбылты Леониды сæргълæудæй, Маиры æввахс хиуæттæ æмæ хæстæджытæ, министрадтæ, ведомствоты сæргълæуджытæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Хъахъхъæнынады министрады цытджын караул Президент Тыбылты Леониды номæй бахаста венок.

Фыдохы митинджы Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, бирæ уæззаудзинæдтæ æмæ зиæнттæ сфæрæзтам, æмæ фидар хъуамæ фæлæууæм. Суанг 20-æм азтæй фæстæмæ цы бавзæр-стам, уый алчи дæр хъуамæ зона.

«Тедеты Маиры нын не знæгтæ атыдтой нæ къухæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ. Бирæ рæстæг нымад цыд æбæрæгæй сæфтыл», — дзырдта Тыбылты Леонид.

Уый бузныг загъта Маиры хиуæттæн, бирæ кæй фæрæзтой сæ æбæрæгæй сæфт хъæбул ссарыны æнхъæл. Уыцы хъуыддаджы хицауад дæр иуран нæ бадт. Стыр куыст бакодтой Адæймаджы барты фæдыл Президенты æххæстбарджын Тасойты Инал, Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дауыт, Фæсконфликтон бæстонкæнынады фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын Джиоты Мурат.

Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, куыст цыд, цæмæй исты бæрæг баззыдтаиккой ацы лæппуйы тыххæй. Ацы хъуыддагыл цы къамиситæ кусынц, уыдон ноджыдæр кусдзысты, цæмæй ссарой иннæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты дæр.

«Махæн нæ къухæй фесæфт ахæм адæймаг, кæцы уарзта йæ Райгуырæн бæстæйы æмæ йæ фæстæ ныууагъта хорз ном. Кæд бирæ рæстæг нæ уардтам Маиры, уæд ныр йæ Фыдыбæстæйы зæххыл сæмбæлд, махæн та хæрзбон зæгъынæй дарддæр нæ бон ницы у», — дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Ноджыдæр ма банысан кодта, ацы куыст дарддæр дæр кæндзæн æмæ Хуссар Ирыстон сæрибары фæндагыл кæй фæрцы слæууыд, уыдоны хъысмæт дарддæр бæлвырд хъуамæ цæуа æмæ сæ сæ зæххыл сæмбæлын кæнæм, цы хуызы сты, уыцы хуызы.

Тедеты Маирæн РХИ-йы Президенты Барамындмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр хорзæх орден «Уацамонгæ» лæвæрд æрцыд йæ хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады тыххæй йæ амæ-лæты фæстæ. Тыбылты Леонид кадджын хорзæх радта Маиры чысыл фырт-мæ, зæгъгæ, йæ зон, дæ фыд хъайтар кæй уыд нæ бæстæйæн, уый.

Маиры хъæздыг удыхъæд æмæ хорз миниуджыты тыххæй фыдохы митинджы дзырдтой Къусраты Зауыр, Бестауты Емзар.

Хъæубæсты иумиаг æмæ ныфсы хъæбул æмæ фæдисонæн хъæубæсты но-мæй фæстаг хæрзбон загъта Æлборты Ролик.

Тедеты Маир 2008 азы фесæфт 28-аздзыдæй. Æбæрæгæй сæфт уыд авд азы, йæ иунæг хъæбулыл дæр цæуы уал азы.

КЪÆБУЛТЫ Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.