Аивгъуыдта уалдзыгон улæфт бонты æмбис, кæцытæ бынтон æнæнхъæлæджы фылдæр рауадысты, æндæр азты улæфт бонтæм абаргæйæ. Æнæнхъæлæджы уымæн, æмæ ахæм дæргъвæтин улæфт бонтæм ничи каст æнхъæлмæ.

Фыццаг уал базыдтам, Уæрæсейы Федерацийы кæй уыдзæн ахæм дæргъвæтин улæфт бонтæ. Æмæ та райхæлд къухдариуæгады адресыл алыгъуызон дам-думтæ æмæ уайдзæфты комбаст: мах цæмæннæ хъуамæ баулæфæм, мах цы ‘рсырдтам, мах кæмæй æвзæрдæр стæм, æмæ афтæ дарддæр. Уæдмæ нæ хъустыл æрцыд, мах дæр кæй улæфдзыстæм, Уæрæсейы цал боны улæфой, уал боны. Æмæ уæд иннæрдæм ныззылд уайдзæфты куыройы цалх: цæмæн нæ бахъуыд йеуал боны улæфыны сæр, мах кæм фесгуыхтыстæм, мах кæмæй хуыздæр стæм æмæ афтæ дарддæр. Иу дзырдæй, хæйрæг дæр æй нал бамбардзæн, цы нæ хъæуы, цы домæм ацы цардæй…

Фæлæ цалынмæ уый базонæм, уæдмæ къухдариуæгады рахæсгæ уынаффæйы бындурыл республикæйы цæрæг адæм улæфынц, уæрæсейæгтæ куыд улæфынц, афтæ. Иу бакастæй: цыма дзы ахæм фыдбылызæй ницы ис адæмы æнцойдзинады йедтæмæ, фæлæ… Йæ куыст змæнтын кæмæн у, змæст доны кæсаг ахсыны тыххæй мызд чи исы, уыдон хъуамæ истæмæй сраст кæной сæ уавæр. Æмæ бахъавыдысты тæккæ хуыздæр донвæдмæ, куыройы цалх бынтон æндæры рдæм чи ныззилын кодта, ахæм хуыцауæй кургæ æмæ æнæаргæ фæрæзмæ: уый та куыд, адæм бæрæгбонты размæ сæ мызд ма хъуамæ райсой!..  Фæлæ та сын нæ рауад, сæ куыройы цалх нал дæр иуырдæм ныззылд, нал дæр – иннæрдæм. Адæм улæфгæ дæр кæнынц æмæ сæ мыздтæ дæр райстой.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы бахæсмæ гæсгæ, республикæйы Националон банг куыста майы мæйы 3-5 бонты, цæмæй адæмæн фадат уа сæ мыздтæ, сæ пенситæ райсынæн, сæ кредиттæ бафидынæн дæр, æмæ сын республикæйæн æддейæ чи ахуыр кæны, уыцы фæсивæдæн æхцайы фæрæзтæ арвитынæн дæр.

4 майы Президент йæхæдæг бабæрæг кодта, Националон банг ын йæ хæслæвæрд æххæст кæныныл куыд архайы, уый æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Националон бангы кусджытæн сæ къухдариуæггæнæг Джиоты Жаннæйы номæй.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.