РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы сæрдариуæгадæй ауагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады советы рабадт, – хъусын кæны Президенты пресс-секретарь Гасситы Динæ. Раздæр паддзахады сæргълæууæджы барамындæй фидар æрцыд Æдасдзинады советы ног æдзухон сконд æмæ ныр ауагътой сæ фыццаг рабадт.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй Æдасдзинады советæй æнхъæлмæ кæсы алыгъуызон хæстæ скъуыддзаг кæнынмæ.

«Æдасдзинады совет куыд хъуамæ куса, ахæм ахадæнæй нырмæ нæ куыста. Афтæмæй та уый хъуамæ уа ахæм орган, кæцы скъуыддзаг кæна стратегион хæстæ – бæстæйы мидæггагон æмæ æддагон æдасдзинадæй экономикон æмæ хæлцадон æдасдзинадмæ, иумиагæй сисгæйæ, бæстæйы рæзты æдасдзинады хæстæ. Нæ разы лæууынц стыр хæстæ æмæ мæ ныфс ис, иумæ сæ нæ бон аскъуыддзаг кæнын кæй бауыдзæн æмæ комкоммæ кæй кусдзыстæм республикæйы рæзты хæрзиуæгæн, цæмæй цæрджытæн уæ хæрзвадат уавæртæ цæрынæн», – загъта Президент.

Æдасдзинады советы рабадты боны фæткы уыдис дыууæ сæйрагдæр фарсты – нæ æмарæн территорийыл инфекцийы сытынгдзинад æмæ уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг хибахизæн мадзæлттæ райсын, афтæ ма Хуссар Ирыстоны криминогенон уавæр.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.