РХИ-йы Æдасдзинады совет æруынаффæ кодта, Хуссар Ирыстоны ахæстоны чи бады, Гуырдзыстоны уыцы æмбæстаджы Республикæ Абхазы минæврæттæм радтыны фарстыл. Уый тыххæй хъусын кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты пресс-службæ.

Президент Бибылты Анатоли Æдасдзинады советы уæнгтæн фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ номыл куырдиат  æрбарвыста Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимба, цæмæй сæм радтой ахæст Георгий Гиунашвилийы, уый фæстæ Гуырдзыстоны ахæстоны чи бады, Абхазы  уыцы æмбæстагыл æй баивыны тыххæй.

«Мах иууылдæр нæ зæрдыл дарæм, 2016 азы абахазаг фарсæн йæ къухты кæй бафтыд, цæмæй нын раздæхтаиккой, Гуырдзыстоны цæрæнбонтæм ахæстоны бадыны тæрхон кæмæн рахастой, нæ уыцы æмбæстæгты. Нæ æмфыдыбæстæйонтæ æрбаздæхтысты сæ бинонтæм абхазаг дипломатты архайдтыты руаджы. Ныр махмæ æрбацыд куырдиат Абхазы къухдариуæгадæй гуырдзиаг ахæстонæй абхазаг æмбæстаджы раздахынæн баххуыс кæныны тыххæй. Нымайын афтæ, æмæ мах ма хъуамæ ныууадзæм æнæхъусдардæй ацы куырдиат. Ахæм къахдзæф мах æрдыгæй у сæрибар фæндондзинады акт», – банысан кодта Президент.

Постконфликтон бæстонкæнынады фарстыты фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, 2016 азы уыд ахæстты æртæфарсон баивд. «Гуырдзыстоны аст æмбæстаджы сæрибар æрцыдысты Абхазы ахæстонæй, ноджы ма Хуссар Ирыстоны ахæстоны чысыл рæстæг чи бадтысты, Гуырдзыстоны уыцы цыппар æмбæстаджы лæвæрд æрцыдысты гуырдзиаг фарсмæ. Дзуаппæн гуырдзиаг ахæстæттæй сæрибар æрцыдысты Хуссар Ирыстоны цыппар æмбæстаджы. Уыдонæй æртæ – Зассеты Георги, Уалыты Георги æмæ Коцты Иосифæн рахастой  цæрæбонтæм ахæстоны фæбадыны тæрхон æмæ Турашвили Барис та ахæстоны бадт дæргъвæтин рæстæджы», – загъта Джиоты Мурат.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ Гуырдзыстоны ахæстæтты нæ бады Хуссар Ирыстоны иу æмбæстаг дæр, æмæ нæ республикæйы гуырдзиаг æмбæстагдзинадимæ  иунæг ахæст та у Георги Гиунашвили.

Æдасдзинады советы уæнгтæ æмхъæлæсæй схъæлæс кодтой Гиунашвилийы радтыны тыххæй, ныххатыр кæныны тыххæй Барамындыл РХИ-йы Президент йæ къух æрфыста фæстæдæр.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, ссæрибаргонд ахæст хъуамæ лæвæрд æрцæуа Абхазы минæвармæ.

«Махæн æмахастытæ нæй Гуырдзыстонимæ æмæ ацы фарсты махæн нæ бон у æмгуыстад кæнын æрмæстдæр абхазаг фарсимæ, уымæ гæсгæ Гиунашвили хъуамæ комкоммæ лæвæрд æрцæуа Абхазы минæвармæ, кæцы ныртæккæ ис Цхинвалы», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Гуманитарон фарстыты æмæ дунеон организацитимæ бастдзинæдты фæдыл Республикæ Абхазы æххæстбарджын минæвар Зураб Лакербая бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны Президентæн Гуырдзыстоны æмбæстаджы абхазаг фарсмæ кæй радта, уый тыххæй.

«Республикæ Абхазы къухдариуæгады куырдиатмæ гæсгæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонмæ Абхазы Президенты официалон визиты хæдразмæ къух фыст æрцыд Гуырдзыстоны æмбæстагæн ныххатыр кæныны тыххæй Барамындыл æмæ йæ гуырдзиаг фарсæн радтыны тыххæй. Ацы акт æххæст æрцыд Гуырдзыстонимæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæныл. Уый у хæларадон фæндондзинады акт. Абхазаг фарс бузныг у ацы фарстмæ æмбаргæ хъусдард кæй аздæхтой, уый тыххæй», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.