РХИ-йы Дзыллон информацийы фæрæзты бæрæгбоны фæдыл мах бахатыдыстæм Коцты Станиславмæ, цæмæй нын радзура йæ мысинæгтæ РХИ-йы информацион фадыджы къухдариуæггæнæджы куысты тыххæй.

– Станислав Яковы фырт, радзур-ма нын, куыд сырæзт Информацийы министрад?

90-азты райдиан – нæ паддзахаддзинады бындурты арæзты период. Уæд арæзт цыдысты Парламент æмæ Хицауад. Республикæйы къухдариуæгады орган хуынд Хуссар Ирыстоны уавæры нормализацийы фæдыл Рæстæгмæйон Комитет. Йæ сæргъ лæууыд Гасситы Знауыр, йæ хæдивæг та уыд Хуыгаты Герасим. Ацы органы структурæмæ бацыд Информацион комитет, кæцыйы сæргъ лæууыдтæн æз. Мах нæхимæ райстам хæс, цы цаутæ нæм цыд, уыдоны фиксаци кæныны тыххæй, агуырдтам цæфты, æбæрæгæй сæфт адæймæгты, Гуырдзыстонæй лигъдæтты, фæмардуæв-джыты номхыгъдтæ. Уыцы азты æнæн-хъæлæджы хæстон агресси фактон æгъдауæй бандзыг кодта Хуссар Ирыстоны цард æмæ Рæстæгмæйон комитет уыд иунæг координацион центр, кæцыйы æххæст кодта къухдариуæгад.

– Уыцы уавæрты куыд æфтыд дæ къухты информацион куыст æххæст кæнын?

Уыцы уавæрты Информацион комитет æддагон дунеимæ бастдзинад æххæст кодта æрмæстдæр иунæг стационарон телефоны руаджы. Фæлæ мах æрвылбон дæр дæттам 2-3 информацийы алыгъуызон фæрæзтæм, сæйра-джыдæр Мæскуы æмæ Дзæуджыхъæуы информацион агентадтæм. Уыдон уыды-сты зонæнтæ боны дæргъы æмæ æхсæ-вы æрцæугæ цауты тыххæй. Мах нæхимæ истам, Хуссар Ирыстонмæ æндæр бæстæтæй цы уацхæсджытæ цыдысты, уыдоны æмæ сын лæвæрдтам объективон информаци, махмæ цы цаутæ цыд, уыдоны фæдыл. 1990-92 азты хæсты рæстæджы нæхимæ райстам 2500 уац-хæссæджы 54 бæстæйæ.

Уыцы рæстæджы нæ куыстмæ æр-баиу Мæргъиты Алекси (ныртæккæ дзæнæттаг), кæцы фæстæдæр сси азфыссæг. Уый уыцы азты æвæллай-гæйæ райдыдта æмбырд кæнын, Хуссар Ирыстоны уавæрмæ хауæг æппæт информаци дæр.

– Уыцы рæстæджы кæцы журналисттæ куыстой, уыдонæй дæ зæрдыл чи лæууы абон?

Тынг арæх, алы æрцæугæ уæлвæткон уавæры тыххæй дæр-иу нæм Дзæуджыхъæуæй æрцыд исæн къорд Тæболты Иринæйы сæргълæудæй.  Уый фæстæ-иу йæ репортажтæ лæвæрд цыдысты централон уæрæсейаг телеуынынады. Радио «Маяк»-ы уацхæссæг Гугкаты Иринæ æнæхъæн дунейæн хъусын кодта Хуссар Ирыстоны цауты тыххæй. РЦИ-Аланийæ нæ коллегæтæ, ныр дзæнæттаг Дойаты Олег æмæ бирæ æндæр журналисттæн бастдзинад уыд махимæ æмæ регулярон æгъдауæй цыдысты Цхинвалмæ, æрластой-иу нын фыццаг рады æнæмæнгхъæуæг предметтæ: фæтæген, цырæгътæ æмæ æндæртæ. Ноджыдæр сын бузныг зæгъын.

– Дарддæр куыд арæзт цыд Информацийы комитет?

Рæстæгмæйон хицауады фæстæ арæзт æрцыд Министрты совет, уырдæм хæдбар структурæйæ бацыд Информацийы комитет, кæцымæ хаудтой газеттæ, журнал, телеуынынад, типограф, бастдзинады фæрæзтæ æмæ афтæ дарддæр.

– Цы арæзт цыд РХИ-йы информацион тыгъдад рауæрæхдæр кæныны тыххæй?

Уæд арæзт æрцыд информацион агентад «Рес». Йæ бындурæвæрæг æмæ идейон цырынгæнæг уыд Харебаты Батрадз. Уымæй дарддæр ма нæм фæзынд Паддзахадон телеуынынад дæр. Мах æнæхъæн мæй цæттæ кодтам фыццаг эфир. Практикон æгъдауæй нæм уыд иунæг видеокамерæ, нæ нын уыд репортажты кадртæ æмæ дублтæ исыны фадат. Хаттæй-хатт-иу нæ бахъуыд цырæгъты рухсмæ кусын. Фыццаг эфир бацæттæ кæныны хайад иста дзæнæттаг Куымæридтаты Донарæ. Мæ зæрдыл лæууы, мах 5-æм скъолайы куыд истам Галуанты Людмилæйы йе ‘мдзæвгæтæ кæсгæйæ, уæд-иу нæ машинæты хъæрмæ бахъуыд нæ куыст æруромын.

Банысан кæнын мæ фæнды, техникон гæнæнтæ æмæ алæвæрд йæхæдæг, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдысты ныллæг æмвæзадыл, фæлæ куыстмæ цымыдисдзинад уыд егъау æмæ уый фæстиуæгæн телеалæвæрдтæ рауадысты мидисджын.

Коцты Валери нын уæд партизанон амалæй баххуыс кодта эфиры рацæуынæн æмæ æнæхъæн дунейæн РХИ-йыл сюжет фенын кæнынæн. Афтæ ма мах куыстам радиоалæвæрдтыл дæр. Джиоты Земæ, Беппиты Изольдæ арæзтой радиоалæвæрдтæ англисаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтыл æмæ сæ мах дæттам, нæ трагедийы тыххæй нын æнæхъæн дуне кæй фехъусдзæн, уыцы ныфсимæ. Посты бæстыхайы ныккæнды (цыран æппынæдзух къæхты бын кодтой мыстытæ) мах уагътам трансляцитæ, кæд нын уый тыххæй официалон бар лæвæрд нæ уыд, уæддæр, информацион блокадæ атоныны ныфсæй.

– Информацийы министры бынаты кусыны рæстæджы дæ иууыл ирддæр мысинæгтæ?

Уыцы азты уыд бирæ бахъуыдыкæнинаг цаутæ. Фæлæ, хъыгагæн, сæ фылдæр хай баст сты трагикон цаутимæ. Æз бахъуыды кодтон æртæ факты. Фыццаг – 1991 азы Дзауы зæххæнкъуыст. Уæд иу уысммæ поселочы ныппырх сты бæстыхæйтттæ. Мах Тъехты Юляимæ уайтагъд БТР-ыл ацыдыстæм трагедийы бынатмæ. Райсомæй 4 сахатыл уыд дыккаг зæххæнкъуыст, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты адæм. Се ‘хсæн уыдысты интернаты сывæллæттæ. Мах ацы трагеди федтам нæхи цæстæй. Уый фæстæ вертолетыл атахтыстæм Дзауы районы Хахеты хъæумæ, уымæн æмæ автомобилон фæндаг фехæлд. Немæ уыд академик Флоренский – зæххæнкъуысты фарстыты фæдыл Советон Цæдисы сæйраг специалист. Зæххы бын чи фæцис æмæ бынтон æнæнхъæлæджы сæрæгас чи баззадысты, уыцы адæмы уынд нын нæ зæрдæтæ нынкъуысын кодтой.

Мæ мысынады чи баззад, уыцы иннæ факт та уыд ирон Хелцуайы сыгъд хъæу. Мах алы бæстæтæй 14 уацхæссæгимæ æрцыдыстæм Хелцуамæ. Адæймæгты æмæ хæдзарон цæрæгойты мард буартæ схæццæ сты, се ‘хсæн уыд сывæллæттæ дæр. Хæдзæртты сыгъдтытæ, судзгæ къуымбилы, топпыхосы æмæ фыдызгъæлы характерон уæззау тæф…

Мард хъæуы хуызæй сæ зонгуытыл æрхаудысты уацхæсджытæ, сæ цæссыг бауромын сæ бон нæ уыд.

Æртыккаг факт баст у Руслан Хасбулатовы дачæйы Дагомысы бадзырдтыл къухтæ æрфыссынимæ. Ацы документыл къухтæ æрфыссыны рæстæджы уым уыдысты Б. Ельцин æмæ Э. Шеварднадзе, æндæр бæрнон адæймæгтæ. Уыдон уыдысты фыццаг бадзырдтæ дунеон æмвæзадыл, цыран Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнджытæ хайад истой куыд сæрмагонд фарс, афтæ. Гуырдзиаг фарс нæ разы кодта бирæ пункттимæ, фæлæ уæддæр бадзырд къухты бафтыд. Зæгъæм, гуырдзиæгтæ категорион æгъдауæй уыдысты махмæ Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд уыдаид, уый ныхмæ. Фæлæ уæддæр нæ къухты бафтыд ацы пункт райсын æмæ уыцы бонæй фæстæмæ хуссарирыстойнаг ОМОН ссис легитимон структурæ.

Æмæ иууыл сæйрагдæр та – æртæ къуырийы фæстæ Хуссар Ирыстонмæ æрбаконд æрцыдысты фидауынгæнæг æфсæдтæ. Уыцы къуыритæ ахастой 91 адæймаджы цард. Махæн нæ къухты бафтыд сæртæг сабырад. Уый уыд уникалон операци уавæр æрбæстон кæныны, сабырад бахъахъхъæныны фæдыл.

Интервью райста

Цхуырбаты Залинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.