Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Æддагон развæдсгæрсты службæйы (ÆРС) кусджытæн ведомствойы сырæзтыл 19 азы кæй сæххæст, уый фæдыл.

Паддзахады сæргълæууæг фембæлд ÆРС-йы разамонæг Уарзиаты Алексей æмæ службæйы сæрмагонд скондимæ. Президент сын раарфæ кодта бæстæйы разамынд сын сæ разы цы хæстæ æвæры, уыдон æнтыстджынæй кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй.

«Геополитикон процесстæ хынцгæйæ, ÆРС ахсджиаг хайбавæрд хæссы республикæйы æдасдзинад сифтонг кæнынмæ. Махæн нæ зæрдыл лæууы цахæм фыдæвзарæнтыл рацыдыстæм, цы аргъ бафыстам нæ хæдбардзинадыл. Уæ куыст у иууыл бæрнондæртæй иу, йæ домæнтæ та — бæрзонд. Республикæйы разамынад стыр аргъ кæны уæ куыстæн», — загъта Президент.

Уарзиаты Алексей баныфс æвæрдта, зæгъгæ, ÆРС-ы кусджытæ дарддæр дæр кадимæ æххæст кæндзысты сæ службæ.

«Уæ разы лæууынц вазыгджын хæстæ, кæцытæ аскъуыддзаг кæныныл баст у нæ бæстæйы рæзт, РХИ-йы национ интерестæ хъахъхъæнын», — банысан кодта уый.

ÆРС-ы кусджытæ æмæ ветерантæн раарфæ кодтой уæрæсейаг коллегæтæ. Уæрæсейы æдасдзинады федералон службæйы разамынады номæй арфæйы фыстæг бакаст РХИ-йы УФ-йы ÆФС-йы официалон минæвар Евгени Рагозин.

«Мах стыр аргъ кæнæм УФ-йы Æдасдзинады федералон службæ æмæ РХИ-йы Æддагон развæдсгæрсты службæйы ’хсæн сæвзæргæ партнерон ахастытæн, уыдон бындуриуæг кæнынц кæрæдзийæн кад кæнынады. Уыцы ахастытæ фидар кæнын сты нæ бæстæйы æдасдзинады тæссагдзинæдты ныхмæ эффективонæй фæлæууыны æмæ регионалон стабилондзинад бахъахъхъæныны бындур», — дзырдæуы арфæйы телы.

РХИ-йы паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Олег Ширан йæ арфæйы ныхæсты банысан кодта, зæгъгæ, дæлхайадæн ис хъæздыг истори æмæ кадджын традицитæ. 19 азы дæргъы службæ рацыд зын, фæлæ хъайтарон фæндаг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.