2008 азы августы хæсты рæстæджы уæрæсейаг æфсæддон тæхджытæ æмæ службæгæнджытæ цы хъайтардзинæдтæ равдыстой, уыдоны тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ фыстам, фæлæ уæддæр нæ хæсыл нымайæм сæ кой ракæнын.

Сергей Кобылашы хæдтæхæг æрæппæрстæуыд августы мæйы гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы, бахауд ныхмæлæууæджы территоримæ, фæлæ сæрæгасæй аирвæзт. Афтæ нæм кæсы, цыма сабыр рæстæджы цæрæм, фæлæ штурмгæнæн авиацийы тæхæг Сергей Кобылашы биографи у хæстон æмæ хъайтарон. Хайад иста цæцæйнаг компанийы, хæцыд Хуссар Ирыстоны, схызт Уæлдæфон гарзджын тыхты авиацийы хистæры онг, ныртæккæ къухдариуæг кæны тæхджыты цæттæгæнæн раззагон центртæй сæ иуæн.

«Хæслæвæрд нын радтой 2008 азы æхсæвы 7-æм августæй 8-æм августмæ. Уæд Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвили бардзырд радта Цхинвалы æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджыты æхсыны тыххæй. Фæдисмæ гæсгæ тагъдыл æрбацыдыстæм аэродроммæ, æмæ 8-æм ав-густы райсомæй райстам командæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Цхинвалмæ цæуæг ныхмæлæууæджы хæстон колоннæтæ скуынæг кæныны тыххæй. Хъуыды кæнын  æмæ гуырдзиаг хæстонтæ не ‘нхъæлмæ кастысты, уæрæсейаг авиаци афтæ тагъд фæзындзæн, Уæрæсе йæ фидауынгæнджыты æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы бахъахъхъæндзæн, уымæ. 8-æм августы æз сарæзтон æртæ хæстон атахты. Мæ хæс уыд Цхинвалмæ гуырдзиаг æфсæдты цыд æруромын, горæтмæ æрбахизын сæ ма бауадзын уæрæсейаг сæйраг тыхты æрбацыдмæ.  Уæрæсейаг æфсæддонтæ Хуссар Ирыстонмæ цыдысты Ручъы тъунелыл. Æмæ ам авиацийæн уыд уæлдай хъысмæтскъуыддзагæнæн нысаниуæг. Мах гуырдзиæгтæн фадат нæ радтам тъунел сæхгæнынæн. Уæлдæфы уыцы иурæстæджы уыдысты 5-6 экипажтæ. Гуырдзиæгтæм уыд нæ авиацийы ныхмæ цæмæй хæцыдаиккой уый – израилаг, америкæйаг кондады зенитон-ракетон комплекстæ, кæцытæ сæм баззадысты Советон Цæдисы рæстæгæй».

Фæсарæйнаг специалисттæ цæттæ кодтой Уæлдæфон тыгъдады хъахъхъæнынад,  Тбилисы, Турчы, денджызы архайдтой радиолокацион æмæ цæстдарæн станцтæ. Кобылаш нæ уарзы йæхи тыххæй дзурын, уый хыгъд фылдæр дзуры йæ хæстон æмбæлтты тыххæй, кæцытæ стыр хайбавæрд бахастой ацы кампанимæ. Сергей Кобылашæй дарддæр ма Уæрæсейы Федерацийы хъайтартæ систы Иван Нечаев æмæ Владимир Едаменко (йæ амæлæты фæстæ). Володя фæмард Дзаумæ æввахс. Уæд полк сарæзта сæдæгай хæстон атахтытæ. Уыдонæй фондз атахт сарæзта Кобылаш. Йæхæдæг дзуры, зæгъгæ, æхсæзæм атахт дæр ын уыд, фæлæ йæ бахъуыд парашютыл æрбадыны сæр.

«Маневрæй рахизыны рæстæджы мæм хъусдарæг   Алексей Кукушкин хъæр кæны: «Командир, рауагътой дыл ракетæ!» Æмæ уыцы уысм банкъардтон тыхджын цæф. Хæдтæхæг йæ цъуппыл æрзылд уæлдæфы. Машинæ фæстæмæ куынæ сраст уыдаид, уæд мæ бон не суыдаид парашютыл мæхи рауадзын. Фæлæ мæм судзгæ машинæ байхъуыста, бузныг конструктортæн. Хæдтæхæг куы сраст, уæд спайда кодтон зынгхуыссынгæнæн системæйæ, змæлынгæнджытæй сæ иу ссыгъд. Уый фæстæ ссыгъд иннæ дæр æмæ та йæ ахуыссын кодтон. Уынын, машинæ нал аирвæздзæн æмæ аскъуыддзаг кодтон уæрæсейаг æфсæдты ‘рдæм атæхын, мæ бон куыд суа, афтæ. Цхинвалæй атахтæн 8 километры бæрц æмæ 200 метры бæрзæндæй мæхи æруагътон парашютыл. Æрбадтæн цæхæрадоны: мæ алыварс фæткъуыбæлæстæ, пъамидортæ, кæрчытæ ралидз-балидз кæнынц. Нæ хъуысы хæсты æмæ снарядты хъæр. Систон мæ хæцæнгарз. Уынын, мæ хъусдарæг мæ сæрты сарæзта вираж, бафиппайдта мæ, уый та нысан кодта, æххуыс мæм кæй  æрбацæудзæн, уый».

Куыд рабæрæг, афтæмæй Кобылашы хæдтæхæг фехстой дыууæ ракетæйæ. Афтæмæй тæхæг хъуамæ фæмард уыдаид. Уый диссаджы æгъдауæй кæй аирвæзт, уый тыххæй афтæ фæдзуры: «Æрбадтæн мæ къæхтыл пъамидорты уæлæ. Цалынмæ мæ парашют тыхтон, уæдмæ мæм рауад иу зæронд ус æмæ мыл хъæр кæнын райдыдта гуырдзиагау. Æз ын бамбарын кодтон, йе ‘взаг ын кæй не ‘мбарын, уый. Сылгоймаг мæ фæрсы, уырыссаг дæ?  О, йын куы загътон, уæд мын дзуры, зæгъгæ, куыд гæнæн ис, афтæ дæ тагъддæр хъæуы гуырдзиаг хъæуæй ацæуын. Уый мын загъта, зæгъгæ, Саакашвилийы нæ уарзы, дыууæ лæппуйы йын цæры Уæрæсейы. «Ацу ардыгæй, гæнæн ис æмæ дæ ссарой». Ракуырдтон дзы хызын. Уый мæм рахаста урс хызын, цыран нывæрдтон мæ сæрдыгон худ æмæ æрмкъухтæ. Æмæ ацыдтæн хъæуыл, цыран алыран дæр уыд Саакашвилийы портреттæ. Мæ ныхмæ рацæуынц дыууæ лæппуйы. Мæнмæ уыд 200 патроны æмæ мæ куы бахъуыдаид, уæд сæ спайда кодтаин… Фæлæ раирвæзтæн знæгтæй».

Кобылаш хъæуæй куы рацыд, уыцы момент ирвæзынгæнæн экипажимæ вертолет Ми-24 дымæг разынд. Сергей спецрацийæ фехъусын кодта йæхи тыххæй. Гуырдзиаг сылгоймаг æм цы урс хызын радта, уымæ гæсгæ йæ уайтагъд суыдтой æмæ хъуамæ æрбадтаид, фæлæ… «Уалынмæ къутæртæй райдыдтой вертолеты æхсын егъаукалиброн пулеметæй. Ми-24 пилот уыд мæ хæлар Глянцев. Тагъд лыгъдæй сгæпп кодтон, уæлдæфы ныллæг йæхи чи æруагъта, уыцы вертолетмæ. Хæстон Ми-24 æххуысæй атахтыстæм Беслæнмæ. Уырдыгæй Мæздæгмæ æмæ уый фæстæ та вертолетыл Буденновскмæ…».

2017 азы 27-æм августы РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли Сергей Кобылашы схорзæхджын кодта Ирыстоны Уæлдæр хорзæх – «Уацамонгæ»-йы орденæй, 2008 азы августы хæсты цы хъæбатырдзинад равдыста, уый тыххæй.

     ЗÆДТÆ-ИРВÆЗЫНГÆНДЖЫТÆ

Майор Иван Нечаев Сыгъзæрин Стъалы райста 2008 азы 8-æм августы  хæстон операцийы рæстæджы. Уыцы бон райсомæй штурмгæнджытæ Су-25 стахтысты уæл-дæфмæ Буденновскы æфсæддон аэродромæй. Иван Нечаев кæд уый размæ хайад иста Цæцæны бандитон къордты куынæг кæныны операцийы, уæддæр Хуссар Ирыстоны цы федта, уый йæ дисы баппæрста. Цхинвал сыгъдис æнæхъæнæй. Гуырдзиæгты танкты лулæтæ здæхт уыдысты цæрæн кварталты ‘рдæм. Мах тахтыстæм чысыл бæрзæндты, мигътæй дæлдæр, уымæ гæсгæ нæм алцы дæр зынд армы-тъæпæнау. «Ацы операцийы фыццаг бон 368-æм авиацион полкыл æрцыд зиæнттæ. Æрæппæрстой дæлбулкъон Олег Теребунскийы хæдтæхæг. Парашютыл йæхи æруадзгæйæ, уый дыууæ боны цыд зынджы цæхæрæй æмæ сæрæгасæй баззад. УФ-йы Президенты Барамындæй хор-зæхджын æрцыд Хъайтардзинады орденæй. 9-æм августы фæмард майор Владимир Едаменко. Уымæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы хъайтары ном йæ амæлæты фæстæ. 11-æм августы æмбисбон капитан Нечаев майор Алексей Гертеримæ æрба-цыдысты хæстон хæс æххæст кæныны районмæ. Уыдон сиу сты рацийæ зæххы авиаамонæгимæ æмæ ныхмæлæууæджы координаттæ райсгæйæ, райдыдтой гуырдзиаг агрессорты колоннæйыл ракетæтæ уадзын. Дыккаг бацыды рæстæджы Нечаев бафиппайдта зæххæй урс фæздæджы фæд, уый уыд зенитон-ракетон комплексæй æхст. «Ракетæ!» – ахъуыды кодта Нечаев æмæ  уайтагъд машинæйы тынг ныууагъта. «Мæнæн мæ бон не ссис ракетæйы ныхмæ маневр саразын. Рæстæг нын не сфаг. Бамбæрстон æй, кæй мыл сæмбæлд ракетæ. Бакастæн прибортæм. Иу уысм фæтъæпп кодта сырх зынгхуыссынгæнæн лампæ æмæ уайтагъд ахицæн. Дыууæ змæлынгæнæджы дæр куыстой, фæлæ бæрæг февзæрдæр сæ куыст». Кæй зæгъын æй хъæуы, Иван уæд нæма зыдта, æцæг диссаг кæй æрцыд, уый. Æцæгæйдæр, дыууæ змæлынгæнæджы серьезонæй бахъыгдард сты.  Пилот разылдта йæ хæдтæхæг æмæ курс систа базæмæ. Нечаев бахатыд Гертермæ, цæмæй фена, хæдтæхæг куыд бахъыгдард, уый. Уый йын фехъусын кодта: «Ваня, алцы дæр у тынг æвзæр». Разæй уыд Кавказы хох, кæцыйы сæрты хъуыд атæхын, куыдфæнды ма уыдаид, уæддæр. Зæххæй йын фехъусын кодтой, цæмæй æрбадтаид фæсауæрцон аэродромы, фæлæ уый фидарæй аскъуыддзаг кодта: «Хæдзармæ!». Æмæ… Иван Нечаев атахт хæхты сæрты æмæ бахæццæ йæ аэродроммæ. Куы æрбадт, уæд æй фыццаг бафæндыд тамако сдымын. Уыцы бон ын йæ æмслужбæгæнджытæ загътой, зæгъгæ сæм сæвзæрд ахæм тæлмæнтæ, цыма йын йæ хæдтæхæджы уæлдæфы хъахъхъæдтой зæдтæ æмæ йæ дзæбæхæй бахæццæ кодтой базæйы онг. Уымæн æмæ теоретикон æгъдауæй машинæйы дымæг хъуамæ ахаудаид, Кавказы хохмæ цалынмæ нæ батахт, уæдмæ. Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, афицер-тæхæджы кад æмæ хæс афтид ныхæстæ не сты Иванæн. «Цхинвалы мардысты сабыр цæрджытæ æмæ уый тыххæй тынг мæсты кодтон. 21-æм æнус, æмæ цы диссæгтæ цæуы. Кæд мæнæн мæ бон у сылгоймæгты, зæрæдты, сывæллæтты бахъахъхъæнын, уæд æй цæмæннæ хъуамæ сарæзтаин?! Мæхи тыххæй цъус хъуыды кодтон. Нымайын афтæ æмæ нормалон адæймаг а-дунемæ фæзыны æрмæстдæр хорздзинад аразыны, уарзондзинады тыххæй».

   ГЕННАДИЙ АНАШКИН – УÆРÆСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ ХЪАЙТАР

Геннадий Анашкин у уæрæсейаг æф-сæддон архайæг, инæлар-майор, Хуссар Федералон зылды 58-æм армийы командæгæнæджы хæдивæг, Уæрæсейы Федерацийы хъайтар. Каст фæцис Рязаны уæлдæр уæлдæфон-десантон командон ахуыргæнæндон. Уый фæстæ службæ кæнынмæ æрвыст æрцыд Ульяновскы парашютон-десантон полкмæ. Уыд командиры хæдивæг, фæстдæр та – ацы полчы паршютон-десантон ротæйы командир.

2006 азы августы нысан æрцыд Ульяновскы гвардион уæлдæфон-десантон бригадæйы командиры хæдивæгæй. Дæлхæйтты сконды хайад иста Цæцæны хæстыты. 2007 азæй командæ кодта Псковы 76-æм гвардион десантон-штурмгæнæн дивизийыл. 2008 азы 8-æм августы сæ райсомæй сыстын кодтой фæдисмæ гæсгæ æмæ цалдæр сахаты фæстæ булкъон Анашкин батальонон тактикон къорды сæргъ лæугæйæ, ратахт Цæгат Ирыстонмæ. 8-æм августæй 9-æм августмæ æхсæвы къорд Анашкины командæйы бын райдыдта марш Хуссар Ирыстонмæ æмæ 9-æм августы райсоммæ бацыдысты Цхинвалмæ. 10-æм августы къорд дыууæ парашютон-десантон ротæйы скондæй БМД, цыппар хæддзæугæ хæцæнгарз «Нона», æмæ цыппар БТР-имæ рейды рацыд Гурмæ. Фæндагыл сæ атакæ кодта гуырдзиаг авиаци, зенитон фæрæзтæй æрæппæрстой штурмгæнæн хæдтæхæг. Гуырдзиаг хъæу Шиндисæй Гурмæ цæугæйæ, Анашкины къорд сатакæ кодта æмæ скуынæг кодта Варианы хъæуы цур хæстон исады æфтауцдон. 12-æм августы карз тохы фæстæ бацахстой телемæсыджы бæрзæнд, скуынæг кодтой ныхмæлæууæджы артиллерион батарея. Рейды рæстæджы Анашкины къорд фесæфта иу æфсæддон службæгæнæджы, фарастæй та фесты цæфтæ. Геннадий Анашкинæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы хъайтары ном «Сыгъзæрин Стъалы»-йы майдан ын ратгæйæ.

2014 азы нысан æрцыд 58-æм иумиагæфсæддон армийы командæгæнæджы хæдивæгæй. 2015 азы йын УФ-йы Президенты Барамындæй лæвæрд æрцыд инæлар-майоры цин.

Бацæттæ йæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.