Адæймаджы фæцæрынæн йæ фагæй фылдæр нæ хъæуы, бирæ йæ хъæуы зонд æмæ намыс. Уымæй дæр афтæ бирæ, æмæ сæ æфсæдгæ дæр нæ кæны. Зонд æмæ намыс кæрæдзийыл баст не сты. Алы зондджын куырыхон нæу. Куырыхон чи нæу, уый намысæн æцæгæлон у. Зонд-джын адæймагмæ æфсарм, æгъдау куы нæ уа, уæд уый куырыхон нæу æмæ йæ зонд кæцырдæм фæуыдзæн, уый зын зæгъæн у.

Намыс у, адæймагæн йæ цард-цæрæнбонты йæ къухы хорзæй цы бафты, уый. Йæхицæн адæмы ’хсæн цы ном скæна, уымæ гæсгæ у йæ намыс дæр. Намыс у адæймагæн йæ мидтæрхонгæнæг дæр. Фаг намыс кæмæ нæй, уый кæнгæ митæй фæцард, æппынæдзух æрмæст йæхи гуылы бын æндзæрста, иннæтыл хахуыртæ мысгæйæ, йæ къæхты бын сæ кæнгæйæ, уæлæмæ хызт, фæлæ куыд æнхъæл у, афтæ уæлеау не схызт. Ахæм адæймагæн йæ намыс тæрхонгæнæг куыд хъуамæ уа?

Намыс, иу хатт ма йæ зæгъын, адæймагæн у, йæ цардвæндагыл рифтаджы йе ’ккой цы хæзна хæссы, адæм æй хорзæй цæмæй базоной, кад, æгъдау ын цæмæ гæсгæ кæнынц, уый. Уымæн йæ рахæцæн та у æфсарм. Æфсæрмы чи нæ кæны, ууыл суанг йæхи раз дæр ницы хæс æвæрд ис. Æмæ ахæм адæймаг зын ссарæн у. Адæймаджы æфсармæй райгуырдысты æгъдæуттæ. Алыхуызон рæсугъд æгъдæуттæ сты æхсæнадон царды бындуртæ. Уыдон фидарæй æххæстгонд куы цæуой, уæд цард æхсидгæ кæны. Хиды могортау фидар та уæд вæййы, æмæ намыс адæмы фарн уæлахизмæ куы фæхоны.

Куыд уынæм, афтæмæй æфсармæй цæуы æгъдау, æгъдауæй та — намыс. Æртæ æмбарынады кæрæдзийыл сты æнгом баст, раст æртæкъуымоны æртæ фарсау — иу дзы айсай, уæд иннæтæн ницыуал нысаниуæг ис. Ирон æртæ æртæдзыхонау сты табуйаг, Хуыцауы арфæ, фарн æмæ æнгомдзинад тауынц дзыллæтыл.

Ирон адæймагæн йæ алы сныхас, йæ алы акъахдзæф æмæ ми дæр сты æгъдауимæ баст. Суанг ма сывæллон куы вæййы, уæд дæр фæзоны, кæнын цы не ’мбæлы, хистæрты, сылгоймаджы, нæлгоймаджы раз хи куыд дарын хъæуы, семæ цы дзыхыуагæй дзургæ у, уый. Æппæт уыцы æнæфыст закъонтæ базоны бинонты, сыхбæсты, хъæубæсты фæрцы. Æмæ йын уыдон фæндаг гæрдынц адæймагдзинадмæ.

Ирон æгъдау адæмы кæрæдзийыл бæтты. Æнгомдзинад та тых дæр у æмæ ныфс дæр. Тых æмæ ныфс царды зындзинæдты раз. Нæ фыдæлтæй нын хуымæтæджы нæ баззад æмбисонд: «Æнгом бинонтæ цард арынц», зæгъгæ. Æгъдау у æнгом царды бындур. Уый фæрцы адæм къæдзæхтæ дæр фæлдахынц. Æмæ, зæгъгæ, де ’гъдау адæмы æгъдауæй нæ цæуы, æрмæст дзы дæхи гуылы бын æндзарыс, дæ мондæгтæ дзы уадзыс, уæд дæ уайтагъд бафиппайдзысты, сæхи дыл атигъ кæндзысты. Ирон æгъдауыл кæм ныллæууай, уым дæ уæлфадæй сгæпп кæндзæн. Уымæй ницы фæфос кæндзынæ. Абон уа, райсом, къæбуты ’рдыгæй дыл йæ цæф сæмбæлдзæн. Цы байтауай, уый æркæрддзынæ.

Æгъдау хъæдрæбыны дæр хъæуы, — фæзæгъынц ирон адæм. Хъæдрæбын нæ, фæлæ ма акæсут уæ алыварс, хорз адæм: горæтты уынгты уа, хъæуты — чи куыд дары йæхи. Ирыстоны хорз фæсивæд рæзы, зонд æмæ æгъдауыл хæст, хистæрæн, сылгоймагæн кадгæнæг. Фæлæ дзы фæзыны æмбыд картофау, иннæтæн дæр тæссаг кæмæй у, ахæм чызджытæ æмæ лæппутæ. Уæлдайдæр, нозт æмæ хъылмайыл чи фæхæст, уыдон. Алчи дæр дзы бинонты, сыхы ’хсæн хъомыл кодта, фæлæ сын фаг хъæддыхæй нæ дзырдтой: макæн, уый дæ хорзмæ не ’ркæндзæн, зæгъгæ. Ныр систы нæ дзуринаг, нæ кæуинаджы сæр.

Цыфæнды стыр хъуыддаг дæр хорз уа, æвзæр райдайы гыццылгай. Уæлдайдæр та — æнæгъдаудзинад. Уый низау сусæгæй бахизы адæймаджы удыхъæдмæ æмæ йыл хæйрæгау, кæлæнау тых кæны зыгъуымæрдæм. Адæймаг нал фембары, хорз æмæ æвзæры ’хсæн цы хъауджыдзинад ис, уый. Æвзæр ахуырау ыл фæцалх вæййы, æмæ хи æнцон бауромæн нæу. Уымæн æмæ хорзæй æвзæр æнцондæргæнæн у, хæйрæджы хойраг ыл конд ис. Уымæн йæ тых абон уæгъдибар царды у фылдæр, чидæртæ æнцонæй æмæ цыбыр æмгъуыдмæ царды фæрæзтæ ацамал кæнынмæ куы хъавынц, мулчы сæрыл сæм адæймаджы æрбамарын бындз амарынау куы кæсы, уæд цас диссаг у трамвайы, автобусы зæ-рондæн бынат кæнæ уынджы фæндаг ма радтын.

Æгъдау. Нæ фыдæлтæм царды сæр уыд æгъдау. Ома, уæд кæстæр хистæрмæ зулдзыхæй никуы сдзырдта, нæлгоймаг сылгоймагæн аккаг кад кодта, давгæ, маргæ нæ кодтой? Цард цард у, æмæ дзы алцы дæр уыд. Фæлæ ахæм хъæндзинæдтæ нæ фыдæлтæ дзæбæх кодтой сæ цæфыл. Цæмæй хæцгæ низау ма апырх уыдаид æхсæнадыл! Уæд абоны хуызæн йæ сыхаджы æмкъул æртыгай уæладзгуытæ ничи арæзта. Æфсæрмы кодтой сыхæгтæй: сæ рæзтæ сын хурмæ, рухсмæ æхгæдтой, сæ цард сын къуындæгдæр кодтой. Æмæ цæмæй афтæ ма уыдаид, уый тыххæй стыр хæдзæрттæ арæзтой стыр зæххы хæйттыл. Ныр та ма мæнæн хорз уайы уагыл бирæуæладзыгон хæдзæртты рацæуæнтæ æмæ сыхæгты рудзгуытæ дæр æхгæнынц сæ уæлæмхасæн арæзтадтæй.

Æппæт уыдæттыл биноныг æмæ бæлвырд ныхас хъуамæ цæуа бинонты ’хсæн, æхсæнады, ахуыргæнæндæтты. Дзурын, фыссын хъæуы арæхдæр ахæм хабæрттæ æмæ цаутæ, рæзгæ фæлтæрыл, фæсивæдыл хорзæрдæм чи ахада.

Æмткæй райсгæйæ, ирон æгъдæуттæм фау æрхæссæн нæй. Фауинаг сты, æгæр цæхджын сæ чи кæны, йæхи кæнонтæ сæм чи хæссы, уыдон. Кæй зæгъын æй хъæуы, æгъдау, тæрхонгæнæг, тæрхон кæнгæйæ, цы статьятæй фæпайда кæны, ахæм нæу. Æмæ ма уыдонмæ дæр куы фæныхилынц: фæкарздæр кæнæ сæ фæлæмæгъдæр кæнынц. Æгъдау дæр лæгæй аразгæ у, адæмы рæгъмæ йæ чи куыд рахæсса, афтæ сахаддзæн. Куырыхон æй срæсугъд кæндзæн, адæмы хъæр чи не ’мбары, уый йæ счъизи кæндзæн. Æмæ царды цыды æнæмæнг нæ рæсугъд ирон æгъдæуттыл гам бады. Уы-мæй сæ асыгъдæг кæнын, ног сыл æрбадын ма бауадзын у рæстуд ирон адæмы хæс. Уый тыххæй сыл дзурын хъæуы иудадзыг.

Цы æгъдау, æгъдау кæнут, зæгъгæ, афтæ чи дзуры, уый рæдийы. Ирон адæмæй алкæмæн дæр йæ закъон йæ дзыппы ис, куы йæ бахъæуы, уæд æй фелвасы æмæ, йæхимæ растдæр куыд кæсы, афтæ кæны. Æмæ хатт ирон æгъдæуттæ схæццæ-мæццæ кæнынц. Афтæмæй та алы ирон æгъдау дæр æнцой кæны арф хъуыдыйыл. Хъуыды æвæрд кæм нæй, уый æгъдау нæу. Уый куыдфæндыйы уаг у, æмæ куыдфæндыйæ æгъдау нæ, фæлæ цард дæр нæй.

Арæх фехъусæн вæййы, алы хъæуæн дæр йæхи æгъдау ис, зæгъгæ. Уый иуæй хорз у, — адæмы сфæлдыстадон хъуыдыйыл æфтауы. Иннæмæй та — не ‘нгомдзинад, иудзинады цæлхдур у — алчи дæр нæ дунемæ кæсы йæхи рудзынгæй, æмæ дзы афтæмæй бирæ нæ уыны, суанг йæ сыхаг хъæуы хорз миниуджытæ æмæ æнтыстытæ дæр. Хорз фæзминаг у, æнæ уыцы миниуæгæй размæ цæуæн нæй. Фæзмгæ та афтæ кæн, маймули дæр дæ куыд нæ рауайа, фæзмæгой митæ дæ царды бындур куыд не суой. О, фæлæ оцани бæхау дæ къæхтæ размæ куы ныттынг кæнай, уæд та фæсте зайыс, адæмы хъæр дæм нæ хæццæ кæны.

Æгъдау цæуы æфсармæй, æгъдауæй та — намыс. Уымæн æмæ æгъдау у царды мидис, æхсæн царды мидис æмæ йæ куыд арфдæр æнкъарай, куыд рæсугъддæр, мидисджындæрæй йæ æх-хæст кæнай, афтæ дæ намыс кæндзæн тыхджындæр. Адæймаг æнусты нæ цæры, æнусты цæрынц йæ кад кæнæ йæ худинаг. Æмæ-иу фæрнджын адæймаг худинаджы бæсты кадимæ амæлын хуыздæрæн уымæн равзæрста. Йæ цотæн, йæ фæстагæттæн-иу йæ худинаг нæ ныууагъта, фæлæ йæ кад, йæ намыс.

ЦГЪОЙТЫ Хазби

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.