13 азы размæ 2008 азы Хуссар Ирыстонмæ сыхаг Гуырдзыстон куы бабырста, уыцы бонты мысæн цаутæ нысан кæнынмæ нæ бæстæмæ æрвылаз дæр æрцæуынц бирæ официалон уазджытæ. Ацы аз, уыцы уæззау бонтæ мысыны охыл Хуссар Ирыстонмæ æрцыд æфсымæрон Абхазы республикæйæ минæварджын делегаци Президент Аслан Бжанияйы сæргълæудæй.

Делегацийы сконды уыдысты финансты министр, Хицауады сæрдары хæдивæг Владимир Делба, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Даур Кове, уæлвæткон уавæрты министр Лев Квициния, Республикæ Абхазы Адæмон æмбырды депутат Рауль Лолуа, Паддзахадон дачæты управленийы сæргълæууæг Беслан Квициния.

Абхазы делегацийы минæвæрттæ 7-æм августы, нæ горæты №5 астæуккаг скъолайы кæрты, гуырдзиаг агрессийы амæттæгтæ кæм ныгæд сты, уыдон номыл аргъуаны сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.

Мадзалы хайад райстой нæ бæстæйы къухдариуæгад æмæ не ‘хсæн чи нал ис, уыцы Фыдыбæстæ хъахъхъæн-джыты хиуæттæ.

 

Фембæлдысты йыл цытджын уавæрты

Абхазы президент Аслан Бжанияйыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли цытджын уавæрты сæмбæлд нæ горæты Президенты администрацийы бæстыхайы раз. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон гимнты зæлтæ азæлыны фæстæ кадджын уазæджы номыл маршæй рацыдысты цытджын караул.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Аслан Бжанияйæн базонгæ кодта бæстæйы æххæсткæнынадон æмæ закъондæттынадон хицауиуæгады къухдариуæггæнджытимæ.

 

Фембæлд бæрзонд æмвæзадыл

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Абхазы Президент Аслан Бжанияимæ фембæлды рæстæджы банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмты кæй иу кæны бирææнусон хæлардзинад.

Уый бузныг загъта бæрзонд уазæгæн, нæ адæмæн ахæм уæззау бон – гуырдзиаг агрессийы мысæн бонты, махмæ кæй æрцæуынц нæ хæлæрттæ æмæ нæ фарсмæ кæй æрбалæууынц, уый тыххæй.

Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ма йæ абхазаг коллегæимæ дарддæр ныхас кæндзысты дыууæ паддзахады дарддæры æмгуыстады фарстатыл, уыцы нымæцы экономикон æмархайды уавæртыл дæр.

Аслан Бжания банысан кодта, зæгъгæ, æфсымæрон бæстæйæн ахæм уæззау бон æнæрцæугæ нæ уыд Хуссар Ирыстонмæ.

“Мах бирæ рæстæджыты æмæ хъуыддæгты рацыдыстæм æмæ цæуæм æмхуызон фæндæгтыл. Æмбæлæм æмхуызон проблемæтыл æмæ нæ архайын хъæуы æмхуызонæй, нæ иумиаг нысæнттæ сæххæст кæныны тыххæй.

Дыууæ бæстæйы сæргълæуджытæ фембæлды рæстæджы кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ

 

Рауæрæхгонд æмбырд

 

ÆФСЫМÆРОН АДÆМТÆН СÆ РЫСТ ДÆР ИУ  ХЪУАМÆ УА

Абхазаг делегациимæ фембæлды рæстæджы нæ бæстæйы Президент Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æхсæн æмахастыты рæзты фарстытæн уыдзæн ног импульс. Йæ ныхæстæм гæсгæ дарддæр реализаци хъæуы нæ бæстæты æхсæн æмархайды фарстытæ, уыцы нымæцы экономикæйы, ахуырады æмæ спорты фадгуыты.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ алы здæхты дæр нæ куыст фæактивондæр кæн-дзыстæм æмæ æмархайд тыхджындæр кæндзæн æмæ рахиздзæн ног æмвæзадмæ. Уый ахъазгæнæг уыдзæн, куыд нæ адæмты, афтæ дыууæ республикæты министрадты æмæ уагдæтты æнгомдæр æмархайдæн», – банысан  кодта  Президент.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй дыууæ республикæйæн дæр ис экономикон фадыджы æмгуысткæнынады фадæттæ.

Бæстæйы сæргълæууæг афæлгæст сарæзта, 2008 азы агрессийы рæстæджы Хуссар Ирыстон цы уæззау бонтæ æрвыста уыдоныл.

“Хуссар Ирыстоныл уæд цы удызиæнттæ æрцыд, уый кæй зæгъын æй хъæуы, стыр трагеди у. Æмæ абоны бон ныгуылæн бæстæтæ цы хъусынгæнинæгтæ аразынц нæ паддзахадон хæдбардзинад банымайыны фæдыл, уый ныббаринаг хъуыддаг нæу.

Æфсæддон фыдгæнæг Михаил Саакашвилийæн, йæ ных бакъуырыны бæсты азымы дарынц Уæрæсейы Федерацийы, кæцы скуынæг кæнынæй фервæзын кодта нæ адæмы.

Уæрæсейы Федераци ныгуылæн бæстæты политикты хъуыдыйыл хæст куы уыдаид, уæд абон мах ам нæ уаиккам.

2008 азы 26 августы Уæрæсейы Федераци цы уынаффæ рахаста, уый уыд раст уынаффæ. Æмæ мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын Уæрæсейы уæлдæр политикон къухдариуæгадæн, кæцы бахъахъхъæдта нæ адæмы цард», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжания банысан кодта, Хуссар Ирыстонæн 08.08.08 трагикон бон у фæлæ уыимæ иумæ дзурæг у хуссаририрыстойнаг адæмы хъæбатырдзинад æмæ фидар удыхъæдыл.

“Хъыгагæн, Гуырдзыстоны къухдариуæггæнджытæ абоны онг дæр нæ басастысты сæ фыдракæндыл. Фæлæ мах лæуд стæм нæхи раст фæндагыл, кæцы баст у Стыр Уæрæсеимæ. Мах хæст стæм сабырдзинадыл. 2008 азы нæ республикæты Паддзахадон хæдбардзинад банымайыны фæстæ махæн байгом ног фадæттæ, кæцытæй пайда кæндзыстæм æххæстбæрцæй», – банысан кодта абхазаг лидер..

 

Дыууæ Ирыстоны къухдариуæггæнджыты фембæлд

 

ÆФСЫМÆРОН АДÆМТÆН СÆ РЫСТ ДÆР ИУ  ХЪУАМÆ УА

Уыцы бон ма нæ республикæмæ мысæн мадзæлт-ты хайад райсыны нысанæн æрцыд цытджын делегаци æфсымæрон Цæгат Ирыстоны-Аланийæ РЦИ-Аланийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойы сæргълæудæй.

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста цæгаттаг делегацийы минæвæртты Сергей Меняйлойы сæргълæудæй.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн æмæ мæхицæн дæр ахсджиаг у, ахæм уæззау мысæн бон сымах нæ фарсмæ кæй стут, уый.

“Хуссар Ирыстонмæ уæ балц баст у трагикон цаутимæ, уымæн æмæ 2008 азы августы цауты рæстæджы дæхæдæг уыдтæ ам æмæ дæхи цæстæй федтай æрцæугæ цаутæ. Хъыгагæн, ницахæм дипломатон хъарутæ нæ разынд, цæмæй уæды Гуырдзыстоны къухдариуæггæнæг Михаил Саакашвилийыл бандæвтаиккой. Уый ахызт æппæт адæймагадон нормæты сæрты, кæцыйы сæрты никæмæн ис бар ахизынæн æмæ бабырста фынæй горæтмæ», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстоны Хуссар æмæ Цæгат хай æфсымæрон адæм не сты, фæлæ сты иу адæм, æмæ кæцыфæнды трагеди дæр у иумиагнацион.

Сергей Меняйло банысан кодта, йæ зæрдыл кæй лæууынц 13 азы размæ агрессийы фæстиуæгæн æрцæугæ цаутæ – æппæтдæр куыд райдыдта æмæ агрессоры фыдвæндтæн сæххæст кæнын куыд нæ бантыст, уыдæттæ. Уæд Уæрæсейы Федераци аскъуыддзаг кодта йæ æмбæстæгты æмæ йæ фидауынгæнæг тыхты бахъахъхъæнын.

“Уый ныр у истори æмæ алкæцы адæмты историйы дæр ис трагикон æмæ хъайтарон сыфтæ. 2008 азы августы мæй равдыста Ирыстоны æппæт адæмты иудзинад, уымæ гæсгæ мæнæн ардæм абон æнæрцæугæ нæ уыд», – банысан кодта Сергей Меняйло.

Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй хайад райста Транскавказы автомагистралон фæндаджы арæзтады. Цалдæр хатты уыд Дзау æмæ Цхинвалы. Фæлæ фæстаг хатт Хуссар Ирыстоны уыд 2008 азы йæ службæйон хæсмæ гæсгæ.

Банысан кодта, ирон адæмы иумиаг тыхтæ кæй хъуамæ уой здæхт уымæ, цæмæй ахæм трагикон цаутæ нæ зæххыл макуыуал æрцæуой.

 

Пресс-конференци

 

ÆФСЫМÆРОН АДÆМТÆН СÆ РЫСТ ДÆР ИУ  ХЪУАМÆ УА

Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны делегациты рауæрæхгонд фембæлды фæстæ дыууæ бæстæйы сæргълæуджытæ информацион фæрæзты минæ-вæртты базонгæ кодтой йæ фæстиуджытимæ.

Бибылты Анатоли куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ фембæлды рæстæджы дзырд цыд нæ республикæты структурæты ‘хсæн иумæйаг мадзæлттæ уадзыныл. Ахæм иумæйаг мадзæлттæ уагъд цыдысты дыууæ паддзахады уæлвæткон уавæрты министрадты ‘хсæн. Æмæ нын кæд æфсæддон æххуысы фæдыл бадзырд ис, уæд цæмæннæ хъуамæ цæуой уагъд иумæйаг æфсæддон ахуыртæ, кæд æмæ нæ сыхæгтæ ахæм ахуыртæ уадзынц æрвылаз дæр.

Афтæ ма нæ фембæлды рæстæджы мах æркастыстæм бирæ ахсджиаг æмæ вазыгджын фарстатæм, дыууæфарсон æмгуыстады бирæ фæдыздæхтыты фæдыл, финансон æмæ хъалонты политикæйы фадыджы. Егъау хъусдард здæхт æрцыд экономикон рæзты фарстатæм.

Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ахсджиаг у, Абхазы территорийыл цы санатори «Осетия» ис, уый сæндидзын кæнын. Хорз уаид, цæмæй ацы фарстмæ лæмбынæг хъусдард здæхт æрцæуа, цæмæй Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн фадат уа сæ улæфты рæстæг уым æрвитынæн, се ‘нæниздзинад æмбæлон уагмæ æркæнынæн.

 

Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн фылдæр кæны

товарæрзылд

Дыууæ республикæйы ‘хсæн товарæрзылд куыд цæуы, уый фæдыл Абхазы Президент Аслан Бжания банысан кодта, зæгъгæ, 2021 азы фыццаг æмбисы дыууæ республикæйы ‘хсæн дыууæ хатты фæфылдæр ис товарæрзылды хъуыддаг, иннæ азтæм абаргæйæ.

«Ахæм темптæй куыст куы цæуа, уæд афæдзы кæронмæ товарæрзылды хъуыддаг фæфылдæр уыдзæн цыппар хатты», – банысан кодта уый.

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ацы фарсты фæдыл банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ республикæйы ‘хсæн товарæрзылд фæфылдæр кæныны хъуыддаг комкоммæ баст у плæнттæ реализаци кæнынимæ, кæцытыл уынаффæ цыд Абхазы бæстæйы сæргълæууæгимæ.

«Ныртæккæ зæгъæн ис, æмæ экономикæйы фадыджы нæ æмахастыты фæдыл цæуы æмбæлон куыст. Бæрæг аххосæгтæм гæсгæ уыдоныл рæс-тæгмæ куыст нал цыд. Абон дзырд цæуы, цæмæй рахизæм æмархайды ног æмвæзадмæ, уыцы нымæцы – экономикæйы фадыджы дæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Аслан Бжания ма банысан кодта, зæгъгæ, фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд дыууæ паддзахады æдасдзинад ифтонг кæныны фарстытыл. Хъыгагæн, ныртæккæ дуне бынтон сабыр нæу, æмæ уымæ гæсгæ нæ паддзахадтæ кæрæдзийæн хъуамæ дæттой информаци æмæ æххуыс кæной сæ фæлтæрддзинадæй. Уый тынг ахсджиаг у ныртæккæ, уымæн æмæ дыууæ бæстæйæн æмхуызон проблемæтæ ис, политикон, культурон æмæ дискусситæ фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаджы. Æмæ уымæ гæсгæ ацы здæхт у бирæ фарстатæ бæстон кæнынмæ. Фæстаг рæстæджы æддагон-политикон здæхты нæ бæстæты пайдайæн æвæрццагæй бæстон ницы цæуы.

«Мæ коллегæ, Бибылты Анатолийы ныхæстæм хъусгæйæ, мæнмæ ахæм хъуыды сæвзæрд, цыма Ирыстоны ис-торийыл нæ дзуры, фæлæ Абхазы историйыл. Уымæ гæсгæ фембæлды рæстæджы мах хъусдард аздæхтам, куыд хуыздæр æмæ эффективондæ-рæй спайда кæнæм, уæлдæр цы проб-лемæтыл дзырдтам, уыдон æрбæстон кæнынæй», – банысан кодта абхазаг лидер.

 

Дыууæ бæстæйы хæдбардзинад банымайыны процессæн аивæн нæй

 

Пресс-конференцийы рæстæджы информацион фæрæзты минæвæрттæ цымыдис кодтой, ныгуылæйнаг бирæ бæстæтæ кæй хатынц Уæрæсейы Федерацимæ, цæмæй нæ дыууæ республикæты хæдбардзинад банымайыны хъуыддаг аивой. Уый фæдыл Хуссар Ирыстоны Президент банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстон йе ‘мцæдисонтимæ æппæт дæр аразынц, цæмæй дунеон аренæйы Фæскавказы ног республикæты сгуыхтдзинæдтæ дæлдзиныг кæной.

Хуссар Ирыстоны лидер дыууæ бæстæйы хæдбардзинад банымайыны процесс схуыдта уæззау, фæлæ, цахæмфæнды цæлхдуртæм нæ кæсгæйæ, æппæтдæр арæзт цæудзæн, цæмæй дыууæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны бæстæты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæна.

Куыд зонæм, афтæмæй 2008 азы Гуырдзыстоны агрессийы хæдфæстæ 26 августы Уæрæсейы Федераци банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæты паддзахадон хæдбардзинад. Уый фæстæ ма дыууæ республикæты хæдбардзинад банымадтой цалдæр бæстæйы – уыдоны ма 2018 азы бафæзмыдта Сирийы республикæ.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæты хæдбардзинад банымайыны процессæн æнæрцæугæ нæй. Ацы хъуыддагмæ нæ оппоненттæн цахæм ахаст ис, уый махæн уæлдай у, уый сæхи проблемæ у.

«Не ‘фсымæрон республикæимæ махæн ис, нæ позицийы фарс цы бæстæтæ ис, уыдоны æмбаргæ ахаст, фæлæ æфсымæрон бæстæты нæ оппоненттæ аразынц æппæт дæр, цæмæй æддагполитикон аренæйыл нæ алы къахдзæфæн дæр цæлхдуртæ æвæрд цæуа – цыфæндыхуызон уынаффæтæ ист ма цæуа – æвзидынц сæм политикон дестабилизацийæ æмæ санкцитæй»,- банысан кодта Бибылты Анатоли.

 

Гуырдзыстоны

территорийыл – æфсæддон ахуыртæ

 

Дыууæ бæстæйы лидертæй æнæхъусдард нæ баззад, ныртæккæ Републикæ Хуссар Ирыстоны арæнтæм хæстæг Гуырдзыстоны территорийыл НАТО-йы æфсад иумæйаг æфсæддон ахуыртæ кæй уадзынц, уый.

Хуссар Ирыстоны Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ не ‘мбæстæгтæ Стыр Уæрæсейы ныфсæй ацы хъуыддагмæ кæсынц æнцойзæрдæйæ.

Цæрæнбонты Гуырдзыстонæн сæ «хъазт» у æхсæнгарзæй. Уымæн, мах нæ историйы дæргъы стæм æвдисæн. Уадз æмæ, зæгъгæ, уадзой ахуыртæ. Уымæн æмæ уый у æндæр паддзахад.

«Махæн Уæрæсейы Федерациимæ цы сразыдзинæдтæ ис, уыдоны фæлгæтты нæ республикæ æмæ йæ адæм сты æдас. Нæ стратегион партнер махæн у Уæрæсе. Раст ахæм ахуыртæ Уæрæсейы Федерацийы гарзджын тыхтимæ фæуадзæм нæ республикæйы территорийыл. Уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны уагъдцæуæг ахуыртæм мах кæсæм куыдфæндыйы цæстæй.

Нæ республикæйы сабыр цардыл уыдон не ‘ндавынц, адæм сæхи хатынц ныфсджын æмæ  æдыхстæй. Фæлæ уыцы рæстæджы махмæ ис æппæт фадæттæ дæр, цæмæй Гуырдзыстоны ‘рдыгæй цыфæнды провокацийæн дæр дзуапп радтæм. Уымæн ис тыхтæ æмæ æппæт фæрæзтæ дæр», – фехъусын кодта паддзахады сæргълæууæг.

Абхазы Президент Аслан Бжания дæр банысан кодта, зæгъгæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны фæдыл фарст, æфсæддон уавæрты скъуыддзаг кæныны сценари НАТО-йы æмæ Гуырдзыстоны политикон фæткæй ист нæу.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, мах дæр араздзыстæм æмбæлон хатдзæгтæ. Мах стæм сабырдзинадыл хæст адæм, фæлæ, уадз, хъуыддаг хæстон архайдтыты онг ма ацæуæд.

Серьезон куыст кæнæм Гуырдзыстоны гарзджын тыхты æмæ НАТО-йы æфсæддон потенциал сахуыр кæныны фæдыл. 2008 азы августы цауты фæстæ раст хатдзæгтæ ничи сарæзта. Уыдон «сабырадон» хъусынгæнинæгтæ æфсæддон наутæ æмæ сæрмадзан уадиссаг нæ иу кæнынц. Уымæ гæсгæ мах æвдисæн стæм уыдоны æцæг фæндтæн», – загъта абхазаг лидер.

 

Коронавирусы ныхмæ иумæйаг тох

Ныртæккæ æппæт дунейы тох цы ног вирусы ныхмæ цæуы, уымæй иуварс нæ баззадысты дыууæ республикæйы цæрджытæ дæр. Ацы вирусы ныхмæ тох кæныны фæдыл, дыууæ бæстæты медицинон кусджыты фæлтæрддзинадæй кæрæдзийæн æххуыс кæныны ахсджиаг фарстыл дзырд цыд дыууæ паддзахады сæргълæуджытимæ пресс-конференцийы рæстæджы.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ коронавирусы ныхмæ тох кæныны иунæг фæрæз у эпидемиологон уавæр фæхуыздæр кæнын æмæ цæрджытæн вакцинæ аразын.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма дзырд цыд ацы здæхты нæ медицинæйы кусджыты æмархайды фадæттыл дæр.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.