Цавæрфæнды æхсæнады дæр адæймаг бынтон сæрибар никуы вæййы. Кæддæриддæр æй æхсæнад æвæрдта бæлвырд фæлгæтты. Уымæн уæвы ахæм хъуыды дæр, зæгъгæ, æхсæнады цæргæйæ, нæй гæнæн сæрибар уай æхсæнадæй. Алы адæймагыл дæр адæмы, æхсæнады раз ис бæрæг хæстæ æмæ йын уыдонимæ ис бæрæг бартæ дæр, кæцыты не ххæст кæнын, нæ сæ зонын æмæ сæ нæ пайда кæнын, гъе та уыдоны фæлгæттæй ахизын æппæт рæстæджыты дæр райсинагыл  нымад нæ цыдис. Ахæм адæймæгтæм адæмы, æхсæнады рдыгæй æвзæрыд фыдæхдзинад, æнæрайгонддзинад. Адæмы фыдæх райсын та стыр æфхæрдыл нымад уыдис. Ууыл дзурæг у ахæм æмбисонд дæр, зæгъгæ, адæмы фыдæх райсынæй хуыцауы фыдæх райсын хуыздæр у. Ахæмтæ, ома, адæмы фыдæх-иу чи райста – кæддæриддæр уыдис се хсæн æмæ-иу сæ ракæнд цахæм уыд, ахæм æфхæрд райстой.

Кæй зæгъын æй хъæуы, раздæр барадхъахъхъæнæг институттæ, органтæ нæ уыд æмæ тæрхонгæнджыты хæстæ æххæст кодтой хъæубæсты, комбæсты дзырддзæугæдæр, нымаддæр адæймæгтæ. Иууыл карздæр тæрхон уыд куыдзæппарæн къæдзæхæй æппарын. Ахæм къæдзæх æцæг куыдзæппарæн нæ уыд, фæлæ йын уыд ахæсгæ нысаниуæг, ома, куыдзы онг йæхи чи æруагъта, ахæм адæймæгты æппарæн. Цæмæдæр гæсгæ куыдзæй фидис кæнæм, бæттæм ыл алыгъуызон æппæрццаг миниуджытæ, кæд æй не нувыд хæлар дæр хонæм, уæддæр.

Карз тæрхон уыд хъоды кæнын дæр. Кæмæн-иу æй рахастой, ууыл-иу адæм сæхи атигъ кодтой æмæ-иу æгады цардæй цардис. Бирæ фыдгæнджытæ-иу, ахæм карз тæрхæттæй тæрсгæйæ, сыстадысты æмæ-иу фæлыгъдысты цæрынмæ æцæгæлон бæстæмæ, æцæгæлон адæмы хсæнмæ. Нæ историйæ зонæм уый дæр æмæ-иу бирæтæ Ирыстоны иу ранæй иннæ ранмæ куы алыгъдысты, æдзæрæг ран-иу куы равзæрстой цæрынæн бынат æмæ-иу афтæмæй бындур куы æрæвæрдтой фидæны хъæуæн.

Фæлæ ахæм цаутæ афтæ арæх нæ уыдысты нæ фыдæлты царды. Адæмон тæрхонгæнджытæн-иу бантыст, кæрæдзимæ фыдæхы, знаджы цæстæй чи акаст, ахæмты бафидауын кæнын, æгæрыстæмæй туджджынты дæр

Уый – æгъдæуттæ, традициты сæрты барæй, гъе та æнæбары чи хызт, уыдоныл уыд ныхас. Æнæ уыдон та адæм сæ царды кой кодтой сæ дуджы уæвæг æгъдæуттæ æмæ традициты фæлгæтты, кæцытæ здæхт уыдысты æхсæндзарды фæтк æмæ нормæтæ хъахъхъæнынмæ.

Абон мах, фыдæлтæй нæм цы бирæ æгъдæуттæ æмæ традицитæ æрхæццæ сты, уыдоны дих кæнæм хæрзтæ æмæ æвзæртыл, ома, зианхæссæгыл. Фæлæ уыдонæй алкæцыдæр æнусты дæргъы дзуапп лæвæрдта æхсæнады царды домæнтæн. Рæстæг куыд цыдис, æнус æнусы куыд ивта, афтæ æгъдæуттæ æмæ трдицитæй дæр бирæтæн царды ивæнтимæ ивта сæ мидис. Уый нæ, фæлæ ма раздæр хорзыл нымад чи уыдысты, уыдонæй бирæты нымайын райдыдтой мæгуырау фæзындыл æхсæнады. Ахæмтæ уæлдай фылдæр разындис аивгъуыйгæ æнусы æмæ уый баст уыдис, царды цы цæхгæр ивындзинæдтæ цыдис, уыдонимæ. Адæймаг йæ къух цадæггай исын райдыдта бирæтыхдомæг куыстытыл æмæ пайда кæнын райдыдта зонадон-техникон прогрессы æнтыстытæй.Уый та йæ рады фарст æвæрдта æнахуырдзинад скуынæг кæныны тыххæй. Æмæ алкæмæндæр фадат фæзынд ахуырдзинад, цавæрдæр дæсныйад райсынæн, курдиаттæ æргом кæнын æмæ сæ райхалынæн. Афтæмæй адæмæн ивта цардмæ сæ ахаст, ивта сæ дунеæмбарынад, æмæ раздæры цардвæткы хорзыл цы нымадтой, уыдонæй иуæй-иуты сæ царды зианхæссæгыл райдыдтой нымайын. Ахæм æгъдæуттæ уыдысты, зæгъæм уайсадын, ирæд исын, тугисын æмæ æн-дæртæ.

Не ‘гъдæуттæ æмæ традицитыл бирæбæрцæй бандæвтой, советон дуджы райдианы паддзахадон хицауиуæгады органтæ арæзт кæй æрцыдысты, уый. Сырæзт нæм автономон област йæ  разамындгæнæн органтимæ. Ахæм органтæ фæзындысты районты дæр. Бынæтты та цæрджыты алыгъуызон фарстатæ скъуыддзаг кæныныл куыстой хъæусоветтæ. Уыдонимæ архайын райдыдтой мидхъуыддæгты æмæ тæрхондонон орантæ дæр, кæцытæ ифтонг кодтой адæмы  æнцой цард, æвзæрстой сын сæ быцæуаг фарстатæ. Афтæ алы адæймагæн дæр фæзынд, йæ хъаст, йæ проблемæимæ кæдæм бацæуа, кæм ын æм æркæсдзысты æмæ раст уынаффæ кæм рахæсдзысты, ахæм бынат кæнæ та бынæттæ. Хицауиуæгадон органтæ сæ къухтæм райстой æппæт къабæзты дæр цæрджыты æппæт фарстатæ скъуыддзаг кæнын, сæ царды размæцыд сын ифтонг кæнын. Сæ архайд бындуриуæг кодта закъæттыл. Уыдон та сæ рады, сæйраджыдæр, бындуриуæг кодтой, æнусты дæргъы адæмæн чи лæггад кодтой, сæ цардвæтк сын бæрæг барадон фæлгæтты чи дардтой æмæ рæстæджыты уадтымыгътæн фæцудын чи нæ бакуымдтой, уыцы æгъдæуттæ æмæ традицитыл, кæд нæ царды алцы нывыл нæ уыд, уæддæр.

Закъæттæм гæсгæ цæрын кæй райдыдтам, уый фæстиуæгæн кæрон æрцыд, æгъдæуттæ æмæ традицитæм гæсгæ адæмы цард барадон уагыл чи арæзта, уыцы куырыхон адæмон тæрхонгæнджыты архайдæн æмæ уыимæ, уыдон уынаффæтæ кæм хастой, уыцы Ныхæсты архайдæн дæр. Сæ хъуыддаг сын абон дарддæр кæнынц, юридикон ахуырад кæмæ ис, ахæм специалисттæ.

Цæмæй хицæн кодтой раздæры адæмон тæрхонгæнджытæ ныры юристтæ-барадхъахъхъæнджытæй? Раздæр тæрхонгæнджытæ æнæ Коституци, æнæ фыст закъæттæм гæсгæ, æнæ мыздæй æххæст кодтой сæ хæстæ. Уыдон зыдтой, хорз цы у æмæ цы у æвзæр, цы хъæуы аразын æмæ аразын цы не мбæлы. Сæ царды фæлтæрддзинады, сæ куырыхон зонды руаджы аргъ кæнын зыдтой хорз ракæндæн дæр æмæ æвзæр ракæндæн дæр. Уæд фыдракæндты номхыгъд даргъ нæ уыд. Нæ уыдысты милицийы кусджытæ, фыдгæнæджы кæм ныппæрстаиккой, ахæм ахæстæттæ, фæлæ сæ къухты уыдысты бирæ æндæр фæрæзтæ, кæцытæ-иу æркодтой быцæугæнджыты бафидауын кæнынмæ, гъе та фыдгæнджытæн тæрхон рахæссынмæ. Уыимæ сæхицæн ницы домдтой – нæдæр мызд, нæдæр æндæр хуызы лæггæдтæ.

Абон цард бæрæг фæвазыгджындæр. Фыдракæндтæ сæ бæрцæй æмæ сæ алыгъуызондзинадæй адæймаджы дисы æфтауынц. Алы хуыз фыдракæндæн дæр Уголовон кодексы йæхи статья ис, цыран амындæуы, фыдгæнæг цахæм æфхæрд хъуамæ райса, ахæстоны цас æмгъуыдмæ хъуамæ фæбада, уыдæттæ. Уыд дзы фыст мæлæты тæрхон рахæссыны тыххæй статья дæр, фæлæ ивд æрцыд цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны тæрхонæй. Афтæ, дам, гуманондæр у лæгмармæ ахасты, цыма лæгмар, иу кæнæ цалдæр адæймаджы амаргæйæ, уыдонмæ ахасты гуманондзинад равдисы.

Алы бæстæйæн дæр ис йæхи Уголовон кодекс. Ис сын барадхъахъхъæнæг органты бирæнымæц кусджытæ, кæцытæ хъуамæ уромой, ахсой, тæрхон кæной, чи фылдæр кæнынц уыцы фыдгæнджытыл. Фæлæ ацы хъуыддаг алы бæстæты иугъуызон нæу, алы ран закъæтты иугъуызон не ‘ххæст кæнынц. Æмæ сæ кæм не ххæст кæнынц, куыд æмбæлы, афтæ, уым паддзахадæн сæвзæры фылдæр проблемæтæ æмæ йæ хъуыддæгтæ дæр мæгуыраудæр фæцæуынц. Закъæттæ хуыздæр хъахъхъæд кæм цæуынц, ахæм паддзахадты хонынц барадон, фæлæ æххæст барадон нырма иу паддзахад дæр нæу.

Цы закъæттæм гæсгæ цæрæм æмæ сæ сæрты чи ахизынц, уыдонæй иутæ райсынц æмбæлон æфхæрд, æндæртæ – цы æфхæрд сæм æмбæлд, уымæй уæлæнгæйтты аивæрзынц, разынынц ахæмтæ дæр, кæцытæ æфхæрд бынтондæр нæ баййафынц æмæ сæ удты дзæбæхæн сæхицæн фæцæрынц, сæхицæн цæрæн бынæттæ кæм равзарынц, уымыты. Уый фæдыл ма уартæ рагон философ Солон йæ рæстæджы бафиппайдта: «Закъæттæ сты хæлуарæджы тыны хуызæн: кæд сæм æдых адæймаг бахауа, уæд фидар фæлæудзысты, кæд тыхджын – атондзæн сæ æмæ раивæрздзæн». Бирæ æнусты размæ загъд хъуыды, фæлæ абон дæр актуалон у. Бирæ фыдгæнджытæ, хъыгагæн уыцы тынтæм хаугæ дæр нæ бакæнынц.

Нæ дуджы алы рæттæй алыгъуызон информаци райсын зын нæу æмæ базонæм, бирæтæ бирæ милуанты хицæуттæ æнæзакъонæй куыд бавæййынц. Ахæмты ныхмæ тох кæныны бафæзминаг цæвиттонмæ æрæджы бакæсæн уыд уæрæсейаг телеканалтæй сæ иуы, цыран æвдыстой репортаж китайаг ахæстонæй. Ахæстоны бадтысты, бæрзонд бынæтты бадæг чиновниктæй коррупцийы кæй фæаххосджын кодтой, ахæмтæ. Уыдон хордтой астæрдыл, нæ сын уыд хуыссæнтæ, æдзух уыдысты цæстдарды бын, фæрсæрдæм акъахдзæфгæнæн сын нæ уыд. Кæддæр сын сæ хиуæттимæ цы фембæлд вæййы, уый бирæ нæ аххæссы, се хсæн вæййы авгæй гæрæн. Уыдон сидтысты æмæ фæдзæхстой, цæмæй сæ фæндагыл мачиуал ныллæууа, цæрой закъонмæ гæсгæ æмæ ма æрбахауой ацы ранмæ. Китай абон размæцыд бæстæ кæй у, уым, æнæмæнг, уыдзæн, коррупцийы ныхмæ ахæм тох кæй расидтысты, уый дæр.

Хъыгагæн, абон мах ахæм дуджы цæрæм æмæ æнцонæй ахизæн вæййы куыд фыст, афтæ æнæфыст закъæтты сæрты дæр. Адæймагад æппæт йæ историйы дæргъы нæ царды цы æргъадтæ ныббиноныг кодта, уыдон дæр цудынц:  мах раздæрау нал аргъ кæнæм нæ хистæртæн; сылгоймагæн æхсæнады раздæр цы кад уыдис,уый цуды; мах фылдæр хатт нал равдæлы рынчыны, æххуысхъуаг адæймаджы фарсмæ балæууын, æцæгæлон уа, æви хион, уæддæр. Уый хыгъд дзæгъæл кæнæм æхца самал кæныны, исад ссарыны фæндагыл æмæ æнæ-цæстдардæй аззайынц нæ сæйраг хъæздыгад – нæ сывæллæттæ дæр. Уыдонмæ та æдзух кæсын хъæуы, царды сæ раст фæндагыл æфтауын хъæуы. Мах, хионæй, æцæгæлонæй, кæрæдзийæн æцæгæлæттæ кæнæм, нал нæ равдæлы æмæ нал бацымыдис кæнæм, æввахс адæймаг нын чи у, уый цардмæ дæр. Раздæр æфцгуыты сæрты, комæй коммæ фистæгæй, гъе та бæхыл цыдысты, цæмæй бабæрæг кодтаиккой, сæ хионы цард куыд цæуы, уый.. Абон бирæты хæдзæртты раз дыгай, æртыгай машинæтæ лæууы, фæлæ, æгæрыстæмæй, иу горæты цæргæйæ дæр кæрæдзийы абæрæг кæной, уый фадат сын нæ разыны. Мах арфæй арфдæр цæуæм нæ хъузгты, афтæ нымайгæйæ, зæгъгæ, «мæ хъузгмæ фидар», кæнæ «мæнæн хорз уæт, æндæртæ цыфæнды кæнæт». Глобализацийы дуджы, адæмты, хицæн адæймæгты ‘хсæн дæрддзæгæн уадиссаг нысаниуæг куынæуал ис, уæд кæрæдзийæ дардæй дарддæр кæнæм. Кæрæдзийæ дарддæр кæнынц, æгæрыстæмæй, ныййарджытæ æмæ сывæллæттæ дæр. Нæ удты дуæрттæ нæхиуыл цадæггай æхгæнгæйæ, кæрæф, хæлæф цæстæй кæсын райдыдтам нæ цардмæ æмæ нæ уый та разæнгард кæны æгъдауы, закъоны сæрты ахизынмæ.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.