Хуссар Ирыстоны Фæллой æмæ куыстифтонгады управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2018 азы æгуыстдзинады номхыгъды уыд æртæ мины бæрц адæймаджы.

«Управленийы регистраци æрцыд, куыст чи нæ уары, ахæмтæ 2761 æмбæстаджы», – фехъусын кодта ведомствойы сæргълæууæг Нонна Мкртчян.

Йæ ныхæстæмс гæсгæ, уыдонæй 2018 азы куыстæй ифтонг æрцыдысты 38 адæймаджы.

«Уыдон уыдысты, 18  азæй 50 азы онг æмæ уымæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæмтæ. Уыдонæй 843 адæймагмæ ис уæлдæр специалон ахуырад, 225-мæ  астæуккаг профессионалон ахуырад æмæ 1693 æмбæстагмæ та ис иумиаг астæуккаг ахуырад», – банысан кодта Мкртчян.

Уый куыд загъта, афтæмæй республикæйы лæвæрд нæ цæуы æгуыстдзинады тыххæй пособи.

«Куыстифтонгады тыххæй закъонмæ гæсгæ, абоны онг æгуыстдзинады тыххæй пособи мæй у 1550 сомы, фæлæ фыст нæ цæуы 2007 азæй фæстæмæ. Мах æдзух дæр раразмæ кæнæм ацы фарст Хицауады æмвæзадыл, фæлæ республикæйы бюджетæн нырма йæ бон нæу ацы проблемæ аскъуыддзаг кæнын. Ацы пособи фидын куы райдайой, уæд афтæ æнхъæлын, æмæ æгуыст адæймæгты нымæц фæфылдæр уыдзæн цалдæр хатты», – банысан кодта уый.

Управленийы сæргълæууæг банысан кода, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны æгуыстдзинады проблемæ стыр у.

«Ацы фарст карзæй лæууы, уымæн æмæ республикæйы экономикæ рæзы нырма чысыл темптæй. Саразын хъæуы ног кусæгон бынæттæ, саразын хъæуы фабриктæ, заводтæ. Махимæ тынг æнгом куыст кодта хуыйæн фабрикæ, уымæн æмæ уым бирæ адæймæгты сифтонг кодтам куыстæй», – загъта уый.

Управленийы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, фыццаг рады куыстæй ифтонг кæнын хъæуы, ахуыры фæстæ чи æрцæуы, уыцы фæсивæды, цæмæй уыдон æнæхъуаджы республикæйы æддæмæ ма цæуа куыстагур.

Мкртчяны ныфс ис, цалдæр бынаты чи кусы, уыдоны фарст аскъуыддзаг кæнгæйæ, фæзындзæн кусæн бынæттæ дæр.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Фæллой æмæ куыстифтонгады управленийы ис вакантон бынæтæ, ахæмтæ, куыд газмæ хъусдарджыты сæйраг специалист  РХИ-йы Экологион, технологион æмæ арæзтадон цæстдарæджы комитеты; Ленингоры Сывæллæтты хæдзары директоры хæдивæг; хъæды æвзалыйы кондадмæ кусджытæ  индивидуалон амалиуæггæнæгмæ; «Строй-Снаб»-мæ дурамайæг; ЗАО «Остелеком»-ы радиобаххæсæн æмæ адæттæн системæйы хызæджы рæзты фæдыл сæйраг инженер.

Кæд искæй фæнды ацы куыстытæм бацæуын, уæд æрбацæуæд управленимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.