18 ноябры УФ-йы Федерацийы Советы делегаци кусæгон балцы æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй хайад райса РХИ-йы æмæ УФ-йы парламентты æхсæнпарламентон æмгуыстады фæдыл иумæйаг къамисы куысты.

Делегацийы сконды уыдысты сенатортæ Сергей Цеков, Крым Казаноков, Римма Галушина æмæ бæрнон нымæрдар Надежда Дахова. Семæ ма уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов дæр.

Уæрæсейаг уазджыты йæхимæ райста РХИ-йы Парламенты Сæрдар Æлборты Алан. Уый сын бузныг загъта нæ республикæйæн се ’ххуысы тыххæй.

Парламенты спикер куыд банысан кодта, афтæмæй парламентон æмгуысткæнынады къамис йæ сырæзтæй фæстæмæ бирæ кусы нæ закъондæттынады гармонизацийыл.

«Кæддæриддæр нын къамис æххуыс кодта нæ проблемон фарстатæ аскъуыддзаг кæнынæн. Исты фарста-иу нæм куы фæзынд, уæд-иу сымах фарсхæцынадæй бахатыдыстæм Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадмæ æмæ ахæм æмгуысткæнынады фæрцы нæ къухы бафтыд бирæ проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын æдасдзинады æмæ социалон политикæйы фадгуыты. Ныфс мæ ис, къамис дарддæр дæр æнтыстджынæй кæй кусдзæн, уымæй», — бахахх кодта Æлборты Алан.

Йæ рады делегацийы сæргълæууæг Сергей Цеков раарфæ кодта Æлборты Аланæн, Парламенты Сæрдарæй йæ кæй равзæрстой, уый сæраппонд æмæ йын загъта закъондæттæг органы куысты æнтыстыты фæндиæгтæ.

«Раст у, къамис стыр куыст кæны. Исты фарст скъуыддзаг кæныны хайад куы нæ райсæм, фæлæ къамисы радон рабадты хайад райсынмæ республикæмæ куы æрцæуæм, уæд æй фенæм, къамис йæ куыст кæй кодта. Кæддæриддæр цымыдис кæнæм, цал документы æрцыд райст, нæ хъус лæмбынæг дарæм къамисы архайдмæ», — загъта Цеков.

Уый банысан кодта, зæгъгæ йæ ныфс ис, президентон æвзæрстыты фæстæ Хуссар Ирыстоны нысан, дыууæ паддзахады ’хсæн иумæйаг æмæ æнтыстджын куыст кæнын кæй у, уымæй. Ныфс ма бавæрдта, цæттæ кæй сты фарсхæцынад, æххуыс æмæ иннæ фарстатæ иумæ скъуыддзаг кæнынмæ.

Сенатор фæхуыдта хуссарирыстойнаг коллегæты, Хъырымы цы мадзæлттæ уагъд цæудзысты, уыдоны хайад райсынмæ.

«Сæрды уадздзыстæм фестиваль „Великое русское слово“, кæцы здæхт у уæрæсейаг æмфыдыбæстæйонты æмæ уырыссаг æвзаг æмæ литературæ бахъахъхъæнынмæ. Кæд уын фадат фæуа, уæд нæм æрцæут. Тынг æхсызгон нын уыдзæн уæ фенд», — банысан кодта сенатор.

Уый фæстæ фысымтæ æмæ уазджытæ кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

ОСИАТЫ Индирæ