29 октябры райсом раджы Севастополы донбакæлæны Украинæйы фашистон режим сарæзта террористон акт – Сауденджызы флоты æмæ граждайнаг наутыл рауагъта æнæпилотон аппараттæ. Æдæппæт уыдысты 16 аппараты рæмудзæн æрмæджытимæ. Фараст дзы уыдысты æнæпилотон тæхæн, авд та – денджызон автономон аппараттæ. Уæрæсейаг æфсæддонтæ дзы 14 скуынæг кодтой æдас бынаты, дыууæ дзы мидæмæ баивæрзтысты æмæ уыдон та уым æрцыдысты куынæг. Теракты фæстиуæгæн иу нау бахъыгдард ис æмæ ма зиæнттæ баййæфтой донбылгæрон арæзтæдтæ.

Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады æфсæддонтæ æнæпилотон рæмудзæн аппаратты пырхæнтæ систой донæй æмæ сын сæ навигацион модултæн экспертизæ сарæзтой. Модултæ разындысты Канадæйы арæзт. Уадзгæ та сæ ракодтой горæт Одессæйы донбылгæроны. Сæ маршрут сын сарæзтой, хойраг кæцы наутæ фæласынц æмæ кæуылты фæцæуынц, ууылты. Сæ рауадзыны фæстæ иудзæвгар дæрддзæг атæхгæйæ сæ ных сарæзтой Севастополы портмæ. Иу аппаратæн та дзы йæ маршрут райдыдта комкоммæ денджызы астæуæй, кæцыран уыцы рæстæджы æфсæддон нау нæ уыдис. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ хойрагласæн науæй кæй спайда кодтой террористтæ æмæ дзы хойраджы бæсты сусæгæй кæй бамбæхстой æнæпилотон аппарат.

Уæрæсейаг æфсæддон дæснытæ ма сбæлвырд кодтой, ацы теракт кæй сарæзтой украинæйаг æфсæддонтæ бритайнаг разведкæйы æххуысæй, кæцытæ ныридæгæн æрбынат кодтой горæт Очаковойы. Ацы теракты ма хайад райстой НАТО-йы тыхтæ дæр – цалдæр боны дæргъы сæ разысгарæн æнæпилотон тæхæн аппарат зилдух кодта Хъырымы сæрмæ. Уымæй уæлдай ма бæлвырд æрцыдис, Стыр Британийы Ӕфсæддонденджызон тыхтæ 26 сентябры комкоммæ хайад кæй истой æрдзон газы хæтæлтæ «Северный поток-1» æмæ «Северный поток-2»-йы срæмыгъды.

Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад фæндон рахастой, цæмæй июлы мæйы цы бадзырдтæ сарæзтой Уæрæсе, Турк æмæ Евроцæдис хойраг ласыны тыххæй Украинæйы территорийæ. Уыдонæй рахизын. Уæрæсе разы нæу, бадзырдтæй террористтæ кæй пайда кæнынц æмæ æбуалгъ хъуыддæгтæ кæй аразынц.

Хъырымы хидыл цы теракт арæзт æрцыдис, уыцы хæлæн æрмæг дæр ласт æрцыдис хойрагласæн науыл. Стæй ма бадзырдты нысан уыдис, мæгуыр бæстæты ифтонг хойрагæй. Фæлæ абоны бон статистикæ куыд æвдисы, афтæмæй хойраджы 95 проценты бæрц цæуы Европæйы бæстæтæм. Ам дæр та сæ фæлывд митæ бæрæг сты хурныгуылæйнаг бæстæтæн – æгас дунейыл демократийы кой кæнынц æмæ афтæмæй та æххормаг адæмæн сæ къæбæр сæ дзыхæй скъæфынц. Колонизатортæ уыдысты, колонизатортæй баззадысты. Æрмæстдæр сæ бухъ царды мæт кæнынц.

Владимир Путин куыд бамбарын кодта, афтæмæй та хурныгуылæйнаг бæстæтæ ногæй сæ бадзырдтæ фехæлдтой æмæ та мæгуырдæр бæстæтыл сайдæй рацыдысты. Уæрæсе ныридæгæн дæр цæттæ у, цæмæй 500 мин тоннæйы бæрц æнæаргъæй радта хойраг мæгуыр бæстæтæн æмæ æввахс рæстæджы ацы æххуыс бахæццæ уыдзæнис, тынгдæр кæцы бæстæты тыхсынц, уырдæм. Фæлæ та Уæрæсейы аххосджын кæнын райдыдтой, ома бадзырдтæ фехæлдта æмæ Африкæйы бæстæты цæрджытæ æххормагæй сыскъуыйдзысты. Цæсгом куы нæ уа, уæд дæм иу мисхал адæймагдзинад дæр нæ уыдзæнис.

Уæрæсе карзæй фарст хъуамæ æрæвæра ИНО-йы Хъахъхъæнынады Советы æмæ æрдома, цæмæй дунейы æхсæнад æркæса Балтикæйы æмæ Сау денджызты æрцæугæ теракттæм, æмæ бæрндзинадмæ æркæной фыдгæнджыты, уыдоны нымæцы Стыр Британийы æфсæддонты дæр, кæцытæ комкоммæ хайад истой æмæ пълан кодтой ацы террористон акттæ.

Стыр Британийы æфсæддонты рæнхъыты рагæй фæстæмæ ис сæрмагонд къорд, кæцыты сконды ис æрмæстдæр фæлтæрд ленкгæнджытæ æмæ сæ хæстæ сты алыгъуызон диверситæ аразын. Ацы спецкъорд хайад райста тынг бирæ æфсæддон операциты æмæ сæ архайд æппынæдзух вæййы сусæгæй, никуы ницы раргом ис йæ рæнхъон службæгæнджытæй. Ис сын фæрæзтæ æмæ уавæртæ, цæмæй зæххы къорийы кæцыфæнды бынаты дæр срæмудзой наутæ, денджызты арф бынæтты аскъуыной кабелтæ, хæтæлтæ æмæ ма саразой æндæр ахæм диверситæ.

Хойраджы бадзырд Туркæн дæр стыр пайда хаста æмæ Эрдоган архайы, цæмæй дарддæр дæр Украинæйæ ласой хойраг. Фæлæ куыд рабæрæг ис, афтæмæй туркæгтæ сæ бадзырдтæ цæсгомджынæй не ‘ххæст кæнынц, æндæра хойрагласæн наутæм æхсæнгæрзтæ, кæнæ хæлæн æрмæджытæ кæцæй æрхауынц? Ам банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Уæрæсемæ фаг хойраг кæй ис, цæмæй сифтонг кæной мæгуыр бæстæты æмæ сæм æххормагдзинад мауал уа. Уый тыххæй та хъæуы санкциты иу хай сисын, фæлæ хурныгуылæйнаг бæстæты искæй хъысмæт кæд æндæвта. Ныридæгæн Уæрæсейæн йæ бон у, 50 милуан тоннæйы бæрц ауæй кæнын хойраг. Путин разы у, тыхст чи у, уыдонæн баххуыс кæныныл.

Цы фесафдзæнис Украинæ?

Украинæйы цæрджытæ хойраг уæй кæнынæй бынтондæр ницы пайда истой – йæ аргъы ныхмæ йын лæвæрдтой æрмæстдæр æхсæнгарз. Кæд æмæ сæм тыллæг хорз æрзадис æмæ сæ бон у дзæвгар хай ауæй кæнын, уæддæр сын ницы пайда æрхæсдзæнис – бамбæрздзысты дзы сæ кредитты иу хай, иннæ æхцайы фæрæзтæ та ацæудзысты гæртамхорты дзыппытæм. Ӕрвыл мæй дæр Украинæмæ хойраг ауæй кæнынæй æфтиæгтæ цыд 7-9 миллиарды доллартæй. Сæ иу мæйы бюджет дæр у 7 миллиардæй фылдæр доллартæй, фæлæ сæм уыцы æфтиæгтæ дæр нал ис. Зеленский æрæджы лæгъстæ кодта йæ «хицæуттæн», ома мын æхца раттут, цæмæй мæ адæмæн куыстмыздтæ æмæ пенситæ бафидон.

Хуымæтæг адæмы кой куы кæнæм, уæд уыдонæн ницы уæлдай у – ауæй уыдзæнис сæ хойраг æви нæ. Иуæй хорз у, хойрагласæн наутыл сæм нал ласдзысты æхсæнгарз æмæ сæ террористон режимы авналæнтæ фæкъуындæгдæр уыдзысты. Иннæмæй та Украинæ хæдбар паддзахад рагæй нал у, йæ къухдариуæггæнджыты бæсты æндæр чидæртæ скъуыддзаг кæнынц бынæттон цæрджыты хъысмæт, æмæ сæ æхцайы фæрæзтæ дæр цæмæн хъæуынц. Украинæгтæ цы бæстæтæм тыр-нынц æмæ кæмæн табу кæнынц, уыцы бæстæты сæ адæймæгтыл дæр рагæй нал нымайынц – æрмæстдæр сын сты фæсдзæуинтæ æмæ цагъайрæгтæ. Ӕмæ цагъайраджы къæлæт та фыдызнагæн дæр зæрдæ нæ зæгъдзæн…

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.