Ӕвæццæгæн зæххы къорийыл сабыр цард никуы уыдис æмæ нæдæр уыдзæнис – алы хатт дæр кæмдæр цыдæр бæллæх æрцæуы æмæ йемæ уды зиæнттæ ахæссы. Историмæ куы æркæсæм, уæд йемыдзаг у хæстон цаутæй, æрдзон катаклизмæтæй æмæ алыгъуызон эпидемитæй. 2020 аз дæр та фæстæ нæ фæлæууыд, – райдыдта коронавирусы пандеми, кæцыйы фæстиуæгæн схæццæ æгас дунейы цард. Фæлæ ууыл нæ фесты бæллæхтæ – 27 сентябры та ногæй хæст райдыдта Хæххон Карабахы.

Нырма иу мæйæ цъус фылдæр йедтæмæ нæ цæуы тугкалæн хæст æмæ дзы ныридæгæн æфсæддонтæ фæмард 2 мины бæрц, 3 минæй фылдæр та дзы хуымæтæг цæрджытæ фæмард. Фæлæ ахæм хæстон дуджы бæлвырд бæрæггæнæнтæ зын ссарæн сты, уымæн æмæ дыууæрдыгæй фарс дæр сæ зиæнттæ æмбæхсынц. Алчи дæр сæ дзуры, зæгъгæ, мæ ныхмæлæуджытæй фылдæр фæмард, уыдон фылдæр зиæнттæ баййæфтой. Уымæн æмæ Сомихстоны æмæ Азербайджаны сæргълæуджытæ сæхи адæмы ныхмæлæудæй тæрсынц æмæ сæ нæ фæнды хæсты фæстиуджытæ æргомæй дзурын. Цы факттæ дзы рабæрæг вæййы, уыдон дæр базонæм ныфсхаст журналистты фæрцы. Æртæ хатты бадзырдтой рæстæгмæ фи-дыддзинады тыххæй, фæлæ та-иу сармадзанты æхст ногæй райдыдта.

Азербайджайнæгты æфсад нымæцæй дæр фылдæр сты æмæ ифтонгадæй дæр бирæ æххæстдæр сты, – ис сæм нырыккон хæцæнгæрзтæ æмæ сын уымæ гæсгæ æнцондæр у хæцын. Стæй ма, хæстон архæйдтытæ кæмыты цæуынц, уым уæлдæфы Азербайджаны æфсæддонтæ æлдариуæг кæнынц æмæ уый фæстиуæгæн сомихæгтæн сæ азмæлæнтæ къуындæг сты, кæд æмæ æхсарджын хæстонтæ сты, уæддæр. Ныридæгæн Азербайджаны æфсад баввахс сты горæттæ Лачин æмæ Шушимæ (азербайджайнæгтæ та йæ хонынц «горæт Шуша»), кæцытæн ис стратегион нысаниуæг. Уымæн æмæ ацы территориты байстимæ Хæххон Карабахы столицæ Степанакертæн нал уыдзæн комкоммæ бастдзинад Ереванимæ.

Сомихæгтæ йæ хорз æмбарынц, хæст куы фембылды уой, уæд мингай лигъдæттæй кæй байдзаг уыдзæн Сомихстон, бынаты ма чи баззайа, уыдонæн та сæ хъысмæт мæгуырау уыдзæн. Уымæ гæсгæ æгас Сомихы бæстæйы æрсидтысты æппæтиумæйаг мобилизацимæ, – æгæрыстæмæй ма сылгоймæгты хæстон къордтæ дæр сарæзтой. Азербайджаны æнæпилотон тæхæн аппараттæ(хонынц ма сæ «дронтæ» дæр) стыр зиæнттæ хæссынц сомихы æфсæддонтæн, – пырх сын кæнынц сæ хæстон фидæрттæ, азмæлæн нæй сæ танктæн æмæ æндæр хæстон техникæйæн, бырсынц сын сæ фæсчъылдыммæ æмæ фронтмæ нæ уадзынц хæлцадон æмæ хæстон æрмæджыты колоннæтæ. Ахæм раззагон хæстон техникæйæ сæ ифтонг кæны Турк, кæцы официалонæй рахæцыд Азербайджаны æвварс æмæ сын кæны алыварсон æххуыс.

Ис ма информаци, зæгъгæ, Азербайджаны æфсæддонтимæ хæцынц æххуырст хæстонтæ, кæцытæ æрцыдысты Турчы территорийæ æмæ сты Æввахс Хурыскæсæнты бæстæты æмбæстæгтæ, сæ фылдæр Сирийæ. Се ‘хсæн ма ис террористон организациты минæвæрттæ дæр, куыд «Джабхат ан-Нусра», «Фиркат Хамза», «Султан Мурад» æмæ ма æндæр экстремистон къордгæндтæй. Ныридæгæн сæ нымæц хизы цалдæр минмæ æмæ дзы Хæххон Карабахы хæстон архайдтыты æввахс нымадæй фæмард 200 фылдæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй алы хæстонæн дæр йæ иу мæйы мызд у 120 – 160 мины онг æмæ куы амæла, уæд ын йæ бинонтæн бафидынц 600 мин сомы бæрц. Ацы информаци бæлвырд нæу, фæлæ æцæгдзинадмæ æввахс лæууы, уымæн æмæ Сирийы хæсты дæр ахæм аргъæвæрдтæ уыд æххуырст хæстонтæн.

Азербайджаны æмæ Туркы къухдариуæгад нæ сæттынц, æххуырст хæстонтæ кæй ис Хæххон Карабахы, ууыл. Фæлæ лыстæг куы æркæсæм, уæд сæ дыууæйæн дæр пайда хæссы ацы хъуыддаг. Азербайджан ахæм тугкалæн хæсты æййафы уды зиæнттæ æмæ бæстæйы æмбæс-тæгтæ уыцы хъуыддагыл разы не сты, цæуынц сæ сæргълæуджыты ныхмæ æмæ хицауад тæрсы протестон митингтæй. Туркæн дæр пайда у, уымæн æмæ ацы хæсты фæрцы се ‘хсæнад сыгъдæг кæнынц криминалон элементтæй æмæ террористтæй, кæцытæ сын ныр пайда нал хæссынц, кæд æмæ сын раздæр активонæй æххуыс кодтой Сирийы æмæ сæ фæрцы арæзтой бирæ политикон хъуыддæгтæ, уæддæр.

Æввахс нымадмæ гæсгæ сомихæгты æфсад хæсты быдыры фесæфта 150 танчы бæрц æмæ 400 фылдæр та – æндæр æфсæддон техникæ. Официалон информацимæ гæсгæ та Азербайджан фесæфта 22 танчы æмæ 50 фылдæр та æндæр æфсæддон техникæ, фæлæ, æвæццæгæн адонæн дæр фылдæр уыдзысты. Хæххон Карабахæн ахæм зиæнттæ баййафыны фæстæ тынг зын у дарддæр хæцын, уымæн æмæ сын фæсауæрцтæ уыйбæрц нæй, сæ экономикæ дæр лæмæгъ у æмæ нырыккон хæсты та æрмæст патриотизмы фæрцы нæй рамбулæн. Азербайджан кæд баййæфта зиæнттæ, уæддæр хъæздыг паддзахад у æмæ та балхæндзысты ног техникæ æмæ сæ хæстхъомдзинадыл ницы фæзындзæн.

Бонæй-бонмæ ацы хæсты амæттæгтæ кæнынц фылдæр, лигъдæтты æмæ хæстæфхæрд адæмы нымæц дæр сбирæ ис, фæлæ фидыддзинады кой нырма дæр никуыцæй хъуысы. Сомихæгтæ хъазуатонæй тох кæнынц, алы метр зæххы гæппæлыл дæр сæ туг ныккалынц, фæлæ сæ тыхтæ иухуызон не сты. Азербайджаны æфсæддонтæ дæр тагъд кæнынц стратегион бынæттæ бацахсынмæ, æвæццæгæн хъуыды кæнынц, ома уæд хæстон архайдтытæн кæрон æрцæудзæнис. Фæлæ æфсæддон экспертты хъуыдымæ гæсгæ, Азербайджаны æфсæддонтæ Хæххон Карабахы территори иууылдæр куы бацахсой, уæддæр хæст не ‘рлæудзæнис. Уымæн æмæ сомихæгтæ нæ басæтдзысты, сæхи нæ ратдзысты знаджы къухтæм, фæлæ ахиздзысты партизанон хæстмæ.

Ацы регионы ныр сæдæ азæй фылдæр нæ мынæг кæны конфликт, фæлæ ма историон бæрæггæнæнтæм гæсгæ рагзаманты дæр се ‘хсæн бирæ хæттыты æрцыдис хъаугъатæ. Кæд æмæ Советон дуджы фадат нæ уыдис мидбæстон хæстæн æмæ бар-æнæбары сæхи урæдтой, уæддæр Цæдисы ныппырхимæ ам ногæй ныггуылф кодта хæст. Историмæ куы æркæсæм, уæд бæрæг у, ныры конфликты аххосджын кæй сты большевиктæ дæр. Уымæн æмæ сомихæгтæ компактонæй цы территоритыл цæрынц, уыдоны Азербайджаны скондмæ цæмæ кæныс? Иудзырдæй, Хуссар Ирыстоны сæхи адæмимæ баиу кæныны бæсты Гуырдзыстонимæ куыд баиу кодтой, Хæххон Карабахы дæр бауагътой ахæм рæдыд.

 «Хæххон Карабахы» сомихæгтæ хонынц Арцах, кæцы у ацы территорийы фыдæлтыккон ном. Рагзамантæй фæстæмæ ацы территорийы цардысты сомихæгты фыдæлтæ. Уый тыххæй баззадис бирæ историон бæрæггæнæнтæ. Суанг  нæ эрæйы агъоммæ дæр сомихæгтæ цардысты ацы территоритыл æмæ сын цалдæр хатты та уыд тыхджын паддзахадтæ. Сомихæгтæн сæ паддзахад куы ныппырх 390 азы, уæд Хæххон Карабахы территори бацыд Персы скондмæ æмæ дзы уыд 500 азæй фылдæр. Фæлæ уæддæр ам сомихæгты æвзаг æмæ культурæ афтæ ныффидар ис æмæ йын уал азы дæргъы нæ уыд скуынæг кæнæн. 9-æм æнусы та сомихæгтæ сарæзтой сæхи кънийазад Хачен, фæстæдæр та – Багратидты паддзахад, кæцы уæвынад кодта 14-æм æнусы онг. Уый фæстæ дзы райдыдта мидхæст, ноджы ма сæ территоримæ цæуын райдыдтой тюркаг знæмтæ, кæ-цытæ кодтой цæугæ цард æмæ сын æндавын райдыдтой сæ сабырадыл. Фæлæ цыфæнды зындзинады дæр сомихæгтæн Карабах уыд сæ фыдæлты бын-дурон зæхх, сæ культурæйы авдæн.

1747 азы Карабахы ханады сæргъ-лæууæг фыццаг хатт историйы ссис тюркаг æмæ æрбынат кодта горæт Шушийы. Уæдæй фæстæмæ Карабахы территорийæ сабыргай лидзын райдыдтой сомихæгтæ æмæ уыимæ иумæ та фылдæр кодта тюркаг адæмы нымæц. Фæлæ уæддæр иумийагæй сисгæйæ Карабахы территорийыл сомихæгты нымæц алы хатт дæр уыд бирæ фылдæр иннæ адæмы хаттытæй.

1813 азы Карабах бацыд Уæрæсейы империйы скондмæ æмæ сомихæгтæн чысыл фенцондæр ис цæрын. Фæлæ дзы уæддæр рæстæгæй-рæстæгмæ цыдис хъаугъатæ азербайджайнæгтимæ. 1905 азы горæт Шушийы æрцыдис тугкалд, кæцыйы фæстиуæгæн фæмардысты 300 фылдæр адæймаджы æмæ басыгътой 240 хæдзары. Цыбыр рæстæгмæ дзы уæрæсейаг æфсæддонтæ фæтк æрæвæрдтой, фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй «рæстæгмæ».

1917 азы Уæрæсейы империйы революци саразыны фæстиуæгæн та Карабахы ногæй схæцыдысты.  1920 азы конфликт ахызт тугкалæн хæстмæ æмæ азербайджайнæгтæ туркæгты фæрцы басастой сомихæгты. Уый фæстæ сын сæ хъуыддаг скъуыддзаг кодта Советон хицауад. 5 июлы 1921 азы Карабахы бакодтой Азербайджаны скондмæ, кæд æмæ бынæттон цæрджыты 90 проценты сомихæгтæ уыдысты, уæддæр.

Советон дуджы дæр сомихæгтæ бирæ хæттыты фæлвæрдтой, цæмæй сæ ракæной Азербайджаны скондæй æмæ сæ баиу кæной Сомихстонимæ, фæлæ-иу сæ курдиæттæ никуыдæм фехъуыстысты. Фыстæджытæ æмæ петицитæ арвыстой Мæскуымæ 1945, 1965, 1977 æмæ 1983 азты, фæлæ сын дзуапп никуы райстой. Кæд æмæ-иу исты трагеди æрцыд, уæддæр-иу æй бамбæхстой, ныссабыр-иу æй кодтой, æмæ патриотон хъуыдыгæнджыты та карзæй æфхæрдтой. Стæй ма уыцы дуджы Азербайджаны къухдариуæгад алы амæлттæй архайдтой, цæмæй сомихæгты нымæц Карабахы фæкъаддæр уа æмæ дзы азербайджайнæгтæ та фæфылдæр уой. Фæлæ уæддæр азербайджайнæгты нымæц 23 процентæй уæлдæр никуы схызт.

1987 азы та ам ногæй сцырен конфликт æмæ Мæскуыйæн йæ бон нал уыд йæ ныссабыр кæнын, уымæн æмæ апарахат æгас Карабахы территорийыл. Тугкалæн хæст ахаста бирæ уды зиæнттæ, сæ цæрæнуæттæй лидзинаг фесты бирæ адæм. 10 декабры 1991 азы Хæххон Карабахы ауагъдæуыд референдум æмæ йæ 99 проценты сразы хæдбардзинад райсыныл, ома. Азербайджаны скондæй рахизыныл. Ацы референдуммæ не ‘рбацыдысты азербайджайнаг бынæттон цæрджытæ, фæлæ уыдоны нымæц бирæ нæ уыд æмæ ницы фæивтаид уæддæр сæ хъуыдыйæ.

Референдумы фæстæ Азербайджаны къухдариуæгад фæндон рахастой, цæмæй тыхы фæрцы Хæххон Карабахы конституцион фæтк æрæвæрой æмæ сепаратистты бæрндзинадмæ æркæной. Хæст адаргъ суанг 1994 азы онг, кæцыйы фæстиуæгæн азербайджайнæгты æфсад састы бынаты баззад. 12 майы 1994 азы горæт Бишкекы Азербайджан, Хæххон Карабах æмæ Сомихстон бафыстой æхсæнгарзæй мауал спайда кæныны бадзырд æмæ 30 азы дæргъы ацы бæстæйы ныллæууыд сабыр цард. Фæлæ…

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.