Нæ фыдæлты хъæздыг æмæ цымыдисон культурон бынтæй абоны онг бирæ цыдæртæ æрхæццæ ис, кæд сæ раздæры хуыз фæивтой, уæддæр. Махæй йæ алчидæр зоны, нæ фыдæлтæ кæй уыдысты куыстуарзаг, хæстхъом æмæ аивадмæ æвзыгъд. Уый бæрæг у нæ историйыл дзурæг цаутæй. Уыдонмæ-иу кæд сæрмагонд ахуырдзинад нæ уыдис, уæддæр сæ удты хъæздыгдзинады руаджы сфæлдыстой бирæ мидисджын зарджытæ, аив кæфтытæ, сæхи къухтæй арæзтой алыгъуызон музыкалон инструменттæ. Уыдон сæ уæззау куысты фæлладдзинад сæфтой зарджытæ æххæстгæнгæйæ, æгæрыстæмæй, тохмæ дæр цыдысты заргæйæ. Адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстадмæ куы æркæсæм, уæд дзы тынг бирæ ис хъайтардзинадыл дзурæг зарджытæ.

Ныры дугмæ   æнусты сæрты æрхæццæ сты нæ хъæздыг фольклорæй дзæвгар зарджытæ, кæфтытæ, хъæзтытæ æмæ æндæртæ. Фæлæ уыдоныл дуджы ивындзинæдтæ бандавынц æмæ дзы чи йæ хуыз фæивы чи та рохуаты аззайы. Цæмæй сæ рагон хуыз бынтон ма рох кæна æмæ ивд ма æрцæуа, уый тыххæй цæгатирыстойнаг æвзонг адæймæгты къорды бафæндыдис нæ рагфыдæлты уарзон зарджытæ, хъæзтытæ æмæ музыкалон инстременттæ æмбырд кæнын, сæ рагон æцæг хуыз æмæ формæ бахъахъхъæнгæйæ. Ацы къорд сæхи схуыдтой «Къона». Дзырд «къона» та ирон адæмы æмбарынады нысан кæны хæдзары артдзæст, бинонты фарн æмæ иудзинад.  Уæдæ æгæрыстæмæй, ацы фольклорон ансамблæн йæ ном дæр дзурæг у нæ адæмы историйыл.

Ансамбль «Къона» хорз зонгæ у хуссарирыстойнаг аивадуарзджы-тæн, сæ равзæрды æмæ сфæлдыстадон архайды тыххæй арæх фыссæм нæ газеты фæрстыл.

17-æм ноябры РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры ацы фольклорон ансамбль «Къона»-йы бындурæвæрджытæй сæ иу Берозты Таймураз радта пресс-конференци. Хайад ма дзы райстой «Къона»-йы къорды хæлар, не ‘мзæххон Джиоты Къоста, кæцы сæ базонгæ кодта хуссарирыстойнаг аивадуарзджытæн æмæ оператор Кæсойты Алан.

Пресс-конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдары хæдивæг Харебаты Мая. Уый журналисттæн базонгæ кодта уазджыты.

Берозты Таймураз лæмбынæг æрдзырдта сæ къорды истори æмæ сфæлдыстадон архайды тыххæй:

– Махæн нæ ансамбль сырæзтис æнæнхъæлæджы, нæ къорды уæнгтæй карæй хистæр уыдис Моурауты Сослан, уый куыста Цæгат Ирыстоны Бæстæзонæн музейы. Уырдæм æнæнхъæлæджы бахаудтæн, мæхи цæстæй федтон Сослан йæхи къухæй куыд арæзта рагон музыкалон инструменттæ, дыууадæстæнон фæндыр, дыууадæстæнон фæндыр, уадындз æмæ æндæртæ. Хъисын фæндырмæ ма царды фыццаг хатт уæд бавнæлд-тон.

Ардæм, Сосланы цурмæ, цыдысты фæсивæдæй чидæртæ. Æз дæр æрбахуыдтон мæ хæлæртты. Стæй нæм равзæрдис фæндон, цæмæй саразæм музыкалон ансамбль кафджыты къордæн рагон музыкалон инструменттыл мелодитæ æмæ зарджытæ æххæст кæнгæйæ. Ан-самблимæ нæ хъуыддаг нæ рауадис. Фæлæ уæддæр нæ куыст нæ ныууагътам, æппынæдзух репетици кодтам æмæ куыд уынут, уымæ гæсгæ нæ куыст кæнæм æмæ йæ фæстиуджытæн æвдисæн вæййут.

Мах архайæм, цæмæй нæ музыкалон номыртæ æххæст цæуой, нæ фыдæлтæ сæ куыддæриддæр æххæст кодтой, ахæм хуызы, ивд æмæ дзы æвнæлд æппындæр мацæмæ цæуа. Мæн ма банысан кæнын фæнды уый æмæ абон мæнмæ гæсгæ ирон музыкæ сафы йæ рагон хуыз.

Журналисттæ пресс-конференцийы рæстæджы бацымыдис кодтой, зæгъгæ, æрмæг кæцæй исынц. Берозты лæппу куыд загъта, уымæ гæсгæ цы аудио æмæ видеоæрмæджытæ баззадис, уыдонмæ гæсгæ. Фæлæ, хъыгагæн, нæ къухы нæ бафтыдис раджы-иу лалым фæндырæй æмæ дыууадæстæнонæй куыд цагътой, уыцы зæлтæм байхъусын. Уадындз та мах фыццаг ссардтам Дыгуыргомы Задалескы хъæуы, афтæ ма пайда кæнæм алыгъуызон литературон æмæ музейон æрмæджытæй. Нæ фыдæлты рагон музыкалон инструменттæй нæм сæ фылдæр сты, æрмæст ма нæ хъæуы ссарын удавдз, дала æмæ гуымсæг. Лалымуадындз саразынæн та нын баххуыс кодта Мæскуыйы цæрæг хъазахъ, кæцы аразы духовон инструменттæ, – дзырдта нын къорды уæнг.

Сæ къорды нымæцы тыххæй та загъта, зæгъгæ, нæм бирæ æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ æрбацæуы. Фæлæ дзы сæрысуангæй чи уыд, уыдон сты Бестауты Алык-сандр, Тедеты Натия, мæхæдæг æмæ æндæртæ.

Фольклорон ансамбль «Къона»-йы архайæг ма радзырдта, ацы аз сентябры нæ республикæйы культурæйы министрады хъæппæрисæй хайад кæй райстой Казахстаны уагъдцæуæг музыкалон фестивалы. Берозты Таймураз куыд загъта, уымæ гæсгæ йын ацы балц йæ зæрдæйы ныууагъта хорз тæлмæнтæ. Ацы инструментты фестивалы Таймураз равдыста хъисын фæндыры, кæцы стыр цымыдис сæвзæрын кодта иннæ хайадисджытæм.

Фестивалы Хуссар Ирыстон хайад райста куыд хæдбар бæстæ, афтæ. «Ирыстоны тырыса хаст цыдис Турк æмæ Хуссар Кореяйы тырысаты астæу», – загъта Таймураз. Хайад дзы райстой 20 бæстæйæ фылдæр.

Ацы фестивалмæ ацæуынæн ма сын баххуыс кодта не ‘мбæстаг Сочæйы цæрæг Мæргъиты Анатоли.

Пресс-конференцийы иннæ хайадисæг Джиоты Къоста дæр радзырдта йæ фæндты тыххæй, зæгъгæ, сæ фæнды «Къона»-йы æххæстгонд музыкалон номыртæ хицæн альбомæй рауадзын, кæцытæ нын-иу бабæззиккой нæ республикæмæ æрцæуæг буц уазджытæн балæвар кæнынæн.

Журналисттæн ма Кæсойты Алан дæр æрдзырдта фольклорон ин-формаци тымбыл кæныны тыххæй, афтæ ма ансамбль «Къона»-имæ йæ æмкуысткæнынады тыххæй.

Кæронбæттæны журналисттæн Берозты Таймураз балæвар кодта музыкалон номыртæ. Уый йæ музыкалон номыртæ сæххæст кодта дыууадæстæнон фæндыр, хъисынфæндыр æмæ лалымфæндырыл. Уымæ гæсгæ пресс-конференци рауадис ноджы хъæлдзæг æмæ цымыдисондæр.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.