Ирон æвзаг, культурæ, фарн кæддæриддæр дадзинты тæлфынц, уыдон æцæгæйдæр нымад цæуынц ирон адæймæгтыл.

Истори куыд амоны, уымæ гæсгæ раджы, 150 азы размæ Туркмæ цы бирæнымæц ирæттæ алыгъдысты хуыздæр цардагур, уыдонæн уый уыд стыр трагеди, сæ райгуы-рæн бæстæйæ кæй фæхицæн сты æмæ æцæгæлон бæстæм, æцæгæлон адæмы фарсмæ ног цард кæй арæзтой, уый.  Абон дæр ма куыд æрымысынц туркаг ирæттæ, уымæ гæсгæ сын тынг зын уыдис райгуырæн зæхх ныууадзын, бирæ азты дæргъы сæ фыдтæ æмæ сæ фыды фыдтæ цы адджын æмæ сатæг уæлдæф улæфыдысты æмæ сæ дарддæры цард нывæзтой, уыцы фыдæлты зæххæй ацæуын. Фæлæ, цард афтæ вазыгджын, афтæ æгъатыр у æмæ дæ цы гуылфæнты баппардзæн, уый нæ базондзынæ. Æмбисондæн куыд фæзæгъынц, зæгъгæ, цард тæбæгъы донæй хъауджыдæр нæу. Афтæ рауад æмæ цæхгæр фæзылдис, Турчы бæстæмæ цы ирæттæ алыгъдысты, уыдонæн дæр сæ цард. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон уым райдыдтой ног цард аразын сæ фыдæлты æгъдæуттæ нæрохгæнгæйæ, се ‘взаг хъахъхъæнгæйæ. Ныртæккæ бирæ азтæ рацыд, иу æнус иннæ æнусы раивта, Туркмæ алидзæг адæм уыцы ран цæргæйæ баззадысты æмæ абон сæ фæдонтæ архайынц, тырнынц, цæмæй æрбангом уой Ирыстоны цæрæг ирон адæмимæ, афтæ ма бахъахъхъæной сæ мадæлон æвзаг, сæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ, традицитæ, культурæ.

Иу адæмы цы бæтты æмæ æнгом кæны, хъарм ахастытæ сын цæй руаджы вæййы, уыдонæй иу у сæ мадæлон æвзаг. Æппæты зынаргъдæр хæзна кæй у, уый алкæмæн дæр зындгонд у, уый фæрцы адæймаг адæймагимæ ссары иудзинад, æмбарындзинад. Нацийæн йе ‘взаг æмæ йæ культурæ хъахъхъæд куы æрцæуынц, уæд нацийы фесæфынæн тас нæ вæййы. Ацы дæнцæг хауы туркаг ирæттæм дæр. Ныхас дардыл у, фæлæ диссаг, Турчы цы ирæттæ цæры, уыдонæй бирæтæ дзурынц сæ фыдæлты æвзаг  ирон æвзагыл, ома, йæ куыд ахастой, афтæ. Семæ ныхасгæнгæйæ ма, мах рахатыдыстæм уый дæр æмæ уыдонæн сæ ныхасы кæй не ссардтаис иу уырыссаг дзырд дæр. Сæхæдæг та дисы хауынц, ирæттæ Ирыстоны зæххыл цæргæйæ, сæ ныхасы кæй пайда кæнынц æндæр æвзæгтæй æрбайсгæ дзырдтæ (уæлдайдæр Цæгат Ирыстоны адæм уырыссагау фылдæр кæй дзурынц, уый). Турчы бæстæйы цæрæг ирæттæ сæ мадæлон æвзаг æмæ фыдæлты æгъдæуттæ бахъахъхъæныныл афтæ тыхсынц æмæ сæхимæ, Турчы бæстæйы æндæр æмæ æндæр горæтты сарæзтой æхсæнадтæ, цыран уыдон скъуыддзаг кæнынц ирæтты социалон-культурон, æхсæнадон-политикон фарстытæ. Уыцы æхсæнадтæй иу хуыйны «Алайнаг æхсæнад». Ацы æхсæнад фылдæр кусы уый тыххæй, цæмæй Турчы ирæттæн сæ ахастытæ кæрæдзимæ æнгомдæр кæной æмæ кæрæдзи хуыздæр базоной, ма рох кæной сæ фыдæлты культурæ æмæ ма нымæг кæна сæ мадæлон æвзаг. «Алайнаг æхсæнад»-æн сæрдариуæг кæны Хъуысаты Садреттин. Уый ис, 5-æм августы нæм Турк æмæ Венгрийæ цы ирæтты къорд æрцыдис, уыдонимæ.

Хъуысаты Садреттин йе ‘мзæххон ирон-туркаг уæздан лæг Хъаныхъуаты Шерифимæ нæ газетæн радтой чысыл интервью. Хъаныхъуаты Шериф иронау кæй нæ дзуры, уымæ гæсгæ йæ тæлмац кодта Хъуысаты Садреттин.

– Ирыстонмæ æрцæуыны хъуыддаг уыл куыд бандæвта æмæ уæм цы тæлмæнтæ сæвзæрын кодта?

– Мæнæн мæ ном хуыйны Хъаныхъуаты Шериф. Ис мын ныййарæг мад, æртæ æфсымæр æмæ цыппар хойы.

Æз Хуссар Ирыстонмæ æрцыдтæн фыццаг хатт. Стæй æрмæст Хуссар Ирыстонмæ нæ, фæлæ ма уыдтæн Цæгат Ирыстоны дæр. Уал азы дæргъы Ирыстоны зæхмæ кæй не ‘рцыдтæн, уый кæддæриддæр тыхстæн. Алы аз дæр-иу мæ фæндыдис ‘рцæуын нæ фыдæлты зæхмæ, фæлæ-иу цавæрдæр куысты хъуыддæгты тыххæй баззадтæн. Ныр та абон Ирыстоны, мæ фыдæлты зæххыл сæмбæлдтæн æмæ мын у тынг æхсызгон. Афтæ æхсызгон мын у æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Алцæмæ дæр мæ хъус адардтон, æппæт дæр федтам, зонгæ кæнæм Ирыстонимæ, ирон цардыуагимæ. Ирон адæм ныл æмбæлынц алыран дæр тынг æхсызгонæй æмæ сæ мæ зæрдæ дæр айста тынг æхсызгонæй.

Æз абон мæ фыдæлты зæххыл кæй дæн, уый мын æгъгъæд у, цæмæй амондджын уон.

Ардæм æрцæугæйæ, æз федтон зындзинæдтæ дæр. Хæст йæ фæд кæй ныууагъта, уый махыл дæр бандæвта. Кæд дзы абон ис нырма зындзинæдтæ æмæ цухдзинæдтæ, уæддæр уыдон бирæ нал сты. Ацы проблемæтæ сты ахæмтæ, кæцытæ гæнæн ис саразын. Азæй-азмæ Ирыстон размæ цæудзæнис æмæ ма мæт кæнут. Алцы тагъд нæ сырæзы. Сабыргай хъæуы аразын, амал кæнын æмæ цард дæр, раздæрау, йæ бынаты æрбаддзæнис.

Сæйраджыдæр, хъæуы саразын исты куыстытæ, республикæйæн æддæмæ цæмæй цæуа бынæттон продукци. Афтæ сфидар уыдзæнис базарадон хъуыддаг. Афтæ куы уа, уæд уыдзæнис республикæйæн дæр æмæ адæмæн дæр хорз. Мæнæн тынг фæцыдис Ирыстоны мæ зæрдæмæ. Зæрдиаг æмæ уазæгуарзондзинадыл хæст кæй стут, уый æвæрццаг тæлмæнтæ æвзæрын кæны адæймагмæ.

Нæ балц ма мæ зæрдæмæ тынг уымæй фæцыд, æмæ дзы кæй федтон ме ‘мтуг, ме стæг адæмы. Уый у зæрдæйæн æгæрон адджын. Кæд дард Турчы стæм, уæддæр нæ зæрдæтæ сты ам, Ирыстоны.

Хъуысаты Садреттин:

– Хъаныхъуаты Шериф Турчы бæстæйы у зындгонд лæг. У стыр бизнесмен. Йæ фыды фыд дæр уыдис номдзыд лæг. Хъаныхъуаты Мышы, зæгъгæ, афтæ йæ хуыдтой. Сæ фыдæлтæн ис мæсыг æмæ абон лæууы Дыгургомы. Ацы ‘рцыды рæстæджы, мах не ‘ппæт дæр бацыдыстæм æмæ федтам уыцы ком, уыцы мæсыджы. Æвæццæгæн, ныхæстæй зæгъæн нæй, йæ фæнд Хъаныхъуаты Шерифæн дæр æмæ махæн дæр цы æхсызгондзинад æрхаста, уый. Фыдæлты уæзæг, фыдæлты зæхх адджын у. Æмæ йæ мах банкъардтам ноджы уæлдайджындæртæй.

Уæлдæр ма йæ куыд загътон, афтæмæй Турчы Шериф у стыр куысты хицау. Йæ дæлбар ис иу мин æмæ æртæ сæдæ адæймагæй фылдæр.

Йæ куыстыты афæдзы дæргъы цы спайда кодта, уый у иу æмæ æрдæг милуан доллары бæрц. 82 бæстæйæн уæй кæны стыр машинæты, тракторты цæлхытæ æмæ æндæр ахæм æрмæджытæ. Ис ын цалдæр фабрикæйы.

– Шериф, куы нын радзурис Цæгат Ирыстоны цавæр куыст райтынг кæнын-мæ хъавыс, уый тыххæй?

– Цæгат Ирыстоны уæвгæйæ мæн бафæндыд исты хорз хъуыддаг саразын, фæлæ иу æрцыдæй, иу ныхасæй исты саразынæн фаг нæу. Ууыл хъæуы бадзурын, æруынаффæ кæнын. Фæлæ мæм ис фæндон, цæмæй æз дæр Ирыстонæн истæмæн рабæззон, исты йын балæггад кæнон. Стæй канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ ма мæ фæнды Хуссар Ирыстоны дæр исты хъуыддаг саразын. Знон Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидимæ фембæлды рæстæджы дæр ныхас кодтам, æмæ кæд хъуыддаг размæ рацæуа, нæ фæндаг лæгъз рауайа, уæд алцæуыл дæр, гæнæн ис ахъуыды кæнын æмæ саразын. Уый тыххæй, куыд ма йæ загътон, хъæуы развæлгъау сбæрæг кæнын алцы дæр æмæ уый фæстæ хъæуы хъуыддæгтæ аразын дæр. Кæд мæ сæр искæй бахъæуа, уæд фæсте нæ фæлæудзынæн.

– Турчы ирон адæм ирон æвзаг, культурæ æмæ традицитæ куыд хъахъхъæнынц? Цавæр мадзæлттæ ист цæуы уый тыххæй?

– Махмæ турчы кусы æхсæнад, кæцы хуыйны «Алайнаг æхсæнад». Ацы æхсæнады фæрцы организацигонд фæцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ, цæмæй уым цæрæг ирæттæ кæрæдзиимæ зонгæ кæной, æнгомдæр уой æмæ ма рох кæной ирон æвзаг æмæ культурæ. Турчы бæстæ стыр у, æдзух кæрæдзи уынынæн рæстæг нæ вæййы, фæлæ ацы æхсæнад æххуыс у, цæмæй арæхдæр æмбæлæм æмæ кæрæдзи ма рох кæнæм, уымæн. Ацы æхсæнад бирæ архайы æмæ абон не ‘рцыд дæр у уый фæрцы.

Æцæгæлон адæмы ‘хсæн, уæлдайдæр та, уыдон фылдæр куы уой, уæд зын у æвзаг бахъахъхъæнын, фæлæ ацы æхсæнады фæрцы махæй бирæтæ дзурынц нырма дæр ирон æвзагыл. Бæргæ зын у, раздæр нæ фыдæлтæ куыд дзырдтой æмæ се ‘гъдæуттæ куыд æххæст кодтой, афтæ сæ мах кæй нал æххæст кæнæм, фæлæ…

Цæмæй ирон æвзаг хъахъхъæд цæуа, уый тыххæй «Алайнаг æхсæнад», Цæгат Ирыстонæй æрхоны ирон æвзаджы специалистты, куы 8 мæйы æмгъуыдмæ, куы 3 мæймæ. Абоны онг нæм ис 6 ахуыргæнæджы æмæ сывæллæттæн амонынц ирон æвзаг. Æрæ-джы нæм Цæгат Ирыстонæй иу ирон чызг, Заринæ чындзы æрцыдис æмæ ныр уый дæр кусы ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй.

– Сывæллæттæ тагъд фæцайдагъ вæййынц ирон æвзагыл?

– Кæй  зæгъын  æй  хъæуы, ирон æвзаг ахуыр кæнын æнцон нæу, уæлдайдæр та йæ бынтондæр чи нæ зоны, уыдонæн.

Зын у, фæлæ архайын хъæуы. Стæй йæ ахуыр дæр фæкæнынц зæрдиагæй. Турчы ныртæккæ алкæцы хæдзары нал дзурынц ирон æвзагыл æмæ уыдон сывæллæттæн æвзаг сахуыр кæнын чысыл фæзындæр вæййы.

Фæнды мæ зæгъын уый, æмæ стыр зындзинæдтæ кæй æвзарæм æгъдæуттæ ба-хъахъхъæныны тыххæй. Цæмæй нæ къух-тæй ма ахауой æмæ сæ ма ферох кæнæм, фылдæр уый тыххæй сарæзтам ацы балцытæ Ирыстонмæ дæр. Балцыты организатор «Аланты æхсæнад», кæцы ныридæгæн кусы 26 азы бæрц.

– Ирон фысджытæй кæй зонут?

– Ирон фысджытæй кæд алкæй нæ зонæм, уæддæр дзы мах, сæйраджы-сæйраг, табу кæнæм Ирыстоны гениалон поэт, фыссæг Хетæгкаты Къостайæн. Махæй йæ алчидæр зоны æмæ йын фæнысан кæнæм йæ райгуырæн бон.

– Ныртæккæ Турчы бæстæйы цал ирон адæймаджы цæры?

– Уый бæлвырд ничи зоны. Чи зæгъы 25 мин адæймаджы. Чи зæгъы  50 мины. Ничи нæ банымадта æмæ йæ бæлвырдæй нæ зонæм. Сæйраг у, цъус кæй не стæм, уый.

Æнæуый, Турчы бæстæйы ирæттæ фылдæр цæрынц Стамбулы, Анкарайы, Измиры æмæ æндæр рæтты. Баззад  ма дзы дыууæ хъæуы, æрмæстдæр ирæттæ кæм цæрынц. Цæрынц дзы ирон æмæ дыгурон адæм.

– Ирон национ хæринæгтæй ма Турчы цæрæг ирæттæ искæцытæ аразынц æви нæ?

– Ацы фарстæн ис ахæм дзуапп: Турчы цæрæг ирæттæй æвзаг чи бахъахъхъæдта, уыдон бахъахъхъæдтой ирон къæбицæй цыдæртæ дæр.

Турчы нæм арæхдæр фæкæнынц уæливыхтæ, фыдджынтæ, насджынтæ, хъæбын-тæ (хыссæйы хуылфы кæнынц цыхт кæнæ картоф, уый фæстæ йæ фыцынц доны æмæ йæ куы сисай, уæд сыл æркæнынц царв).

Дзыкка уадиссаг ничиуал аразы. Турчы хъæуты ма куы цардысты нæ ирон адæм, уæд арæзтой бæгæны дæр. Горæтмæ куы рацыдысты, уæдæй нырмæйæ ничиуал  фыцы. Афтæ рох кæнæм ирондзинад, хъыгагæн, фæлæ æппæт дæр разæй ис. Æз хорз хъуыды кæнын, мæ мад-иу куыд арæзта бæгæны…

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.