Интервью ÆЛБОРТЫ АЛАНИМÆ

Спикеры баивдæй райдыдта Хуссар Ирыстоны ног парламентон сезон. Раздæры сæрдар йæхæдæг курдиат куы балæвæрдта, зæгъгæ, æмгъуыдагъоммæ барвæндонæй мæ фæнды цæмæй спикеры бынатæй мæ суæгъд кæнат, уæд депутатты фылдæр хай сæ хъæлæстæ радтой  Ӕлборты Аланы кандидатурæйы пайдайæн. Алан раздæр уыдис Парламенты сæудæджерад, транспорт, бастдзинад  æмæ æрдзон ресурсты комитеты сæрдар. Закъондæттæг органы у парти «Ныхас»-ы минæвар, кæцыйæн йæ лидер у Президент Гаглойты Алан. Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист Турманты Фатимæ  ног спикеримæ сæмбæлд æмæ дзы райста интервью.

– Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады фадыгтæ иу политикон тыхы къухы æмбырдгонд куы æрцæуынц, уæд политикон, экономикон, барадон, фæткон-психологион кризистæй фервæзæн нал вæййы. Нæ республикæйы историйы  уымæн бирæ цæвиттонтæ ссарæн ис. Уый тыххæй дзырдтай, парти “Ныхас» оппозицион куы уыдис, уæд. Ӕвзæрстыты кампанийы  ууыл дзырдта партийы лидер, ныртæккæ та Президент Гаглойты Алан. Ахæм контекст нымайгæйæ, цы нысан кæны спикеры баивд?    

– Разы дæн  абон дæр – хицауад иу политикон тыхы къухы концентрацигонд куы уа, уæд  æмбæлон æгъдауæй нæ рæздзæн, уымæн æмæ нæ истори, нæ менталитет, нæ традицийæн ахæм уавæр æцæгæлон у. Фæлæ мæ фæнды сбæлвырд (сдырыс) кæнын: «президенты партийæн» парламенты хъæлæсты фылдæр куы вæййы, уæлдайдæр та бирæ фылдæр хай, уæд уыцы политикон тых бынтондæр нал фæнымайы оппозицийы, йæ инициативæтæ йын æрæхгæны, йæ алы архайды ныхмæ рацæуы. Ахæм уавæр та абон уа – райсом  кризисæн бындурæвæрæг у.

Раст дæ, спикерæй æвзæрст æрцыд парти «Ныхас»-ы уæнг, партийы лидер та у Президент, фæлæ ацы хатт парламенты сæрдары нæ равзæрста контролгæнæг фылдæр хай – «Ныхас»-æн ис æрмæст 3 мандаты æмæ ма ноджы æнæфракцион депутат Санахъоты Давиды хъæлæс. Спикеры æвзæрстыты рæстæджы рабæрæг ис æндæрхуызон конструкци. Ома, иупартион депутатты фылдæр хай сæхи партийы уæнг нæ, фæлæ цалдæр политикон тыхы минæвæрттæ «сæхæдæг сминæвар кодтой, сæхæдæг схъæлæс кодтой». Парламенты сæрдарæн сæ  хъæлæстæ радтой 21 депутаты (се ‘хсæн уыдысты «Иугонд Ирыстон»-ы депутаттæ дæр). Иугæр контролгæнæг фылдæр хай парламенты нæй, уæд æххæстгæнæг хицауады æппæт уынаффæтæ куыдфæндыйæ дæр сфидар кæнын никæй бон бауыдзæн.  Æмæ уæд «иу къухы» тымбылгонд хицауад дæр нæм абон нæй.

– О, фæлæ, парламент æххæстгæнæн хицауад контролгæнæг орган дæр у. Республикæйы размæцыдыл хорзæрдæм фæзыны, парламент æмæ йæ спикер оппозицион куы вæййынц æххæстгæнæн хицауиуæгадимæ. Контроль дæр уæд формалон нал вæййы. Æндæр уавæры фæстиуджытæ дæр федтам. Æрмæст иу цæвиттон – оппозицион депутаттæн нæ бантыст уæрæсейаг казначейты басгæрсты акт фенын. Спикер æмæ Президент сты æмзонд-æмгусæг – ногæй та раздæры ситуацийы сæвзæрдыстæм. Дæхи нæ хъыгдардзæн ахæм уавæр?

– Парадоксалон дæм ма фæкæсæд мæ дзуапп, фæлæ æххуысы хос суыдзæн. Ивгъуыд фондз азы историйы урок хорз сахуыр кодтам, бауырнæд дæ. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй ныртæккæ «президенты партийæн» контролгæнæг фылдæр хай парламенты нæй. Спикерæн иунæгæй йæ бон нæу йæхи фæндæй хицауиуæг кæнын, уымæн æмæ адæмы æвзæрст депутаттæ алыхуызон политикон тыхты минæвæрттæ сты. Парламенты контролон функцитæй раздæр барвæндонæй сæхи иуварс кодтой.  Мæнмæ гæсгæ та контролон функцитæ фæтыхджындæр кæнын хъæуы. Уый æнæмæнг æххæстгæнæн хицауад, Президент, республикæйæн стыр пайда уыдзæн. Парламент хицауады куыстыл куы нæ контроль кæна, куы нæ сæ дома, цæмæй æргом æмæ барад нымайгæйæ кусой, уæд хицауады æппæт фадыгтæ æмæ республикæ фæхæрд уыдзысты. Ахæм уавæры бахауын та нæ бон нæу  нырыккон зын уавæрты, кæцытæ уынæм канд республикæйы нæ, фæлæ æнæхъæн дунейы.

– Парламенты цытæ цæуы, депутаттæй кæмæн цавæр позици ис æмæ уæ карз дискусситæ – æппæт уыдæтты тыххæй-иу республикæйы цæрджытæ базыдтой социалон хызæгтæй, кæцыты парахат цыдысты телефоныл фыст æвзæргъæд видеоты фæрцы. Адæмы фæндыдис, цæмæй закъонддæттæг органы куыст æхсæнадæй æмбæхст ма уа… 

– Æххæстæй разы дæн адæмы рæстаг домæнтимæ. Алкæцы депутатæн дæр хъуамæ уа йæ позициимæ, йæ куыстимæ æвзарджыты зонгæ кæныны фадат. Парламенты куысты тыххæй информаци æндæр, хуыздæр хуызы хъæуы аразын.

– Депутатты оппозицион блок республикæйы политикон историйы баззайдзæн. Алыхуызон партионтæ, иумандатон депутаттæ æрбаиу сты æмæ, афтæ зæгъæн ис, барадон нигилизмы сæрсæфæнæй бахъахъхъæдтой республикæ. Ныртæккæ ситуаци æндæр у – уыцы иугæнæг идейæ нал ис. Алкæцы партийæн алкæцы депутатæн – йæхи нысантæ, йæхи амбицитæ. Æвзæрстытæ та уыдзысты дыууæ азы фæстæ. Нырыккон консенсус бахъахъхъæндзыстут? Æмæ цавæр уроктæ ды дæхæдæг, куыд абоны спикер, афтæ, сахуыр кодтай парламентон ныхмæвæрды цаутæй?

– Æнæмæнг кæй хъæуы кæрæдзимæ хъусын – раздæры æххæстгæнæг хицауад æмæ сæ коммæгæс депутаттæ уыдæттыл хъуыды дæр нæ кодтой. Æнæмæнг, макуы хъуамæ рох кæнон, депутаттæй алчи дæр адæмы æвзæрст кæй у. Иугæнæг идейæ нал ис, зæгъгæ – не сразы уыдзынæн. Ис  республикæйы интерестæ, хъæуы нæ закъон куыд æххæстгонд цæуы, уый контроль кæнын. Парламенты функцитæ сты уыдон, хатт-иу функциты «сæрыл хæцын» бар-æнæбары радикалон формæтæй спайда кæнын дæр бахъуыдис. Ныфс мæ ис, уыцы формæтæ ивгъуыды кæй баззайдзысты.

Нæ нысан та иу у – республикæйы размæцыд. Æрæджы дæр ма хицауад  йæ каденцийы фыццаг азты æнцад-æнцойæ куыста – инвестицион программæ æххæст кæныны механизм дзæбæх кусы. Стратегион пълæнттæ аразын кæнæ ног идейæтæ, республикæйы рæзынадæн ног алгоритмтæ кæнын ыл  нæ хъуыды кодтой. Абон мах стæм бынтон æндæр ситуацийы. Не стратегион æмцæдисон – Уæрæсе зын уавæры ис. Махæн не стратегион, æмцæдисон хæс у стабилон уавæр, экономикæйы рæзтыл архайын, алы бахардзгонд сомыл  контроль кæнын. Дунеон ситуаци алы бон дæр ивы, цыбырæмгъуыд прогнозтæ кæнынмæ дæр йæ ныфс ничи хæссы. Мæнмæ гæсгæ, депутаттæй алчи дæр æмбары нырыккон ситуацийы хицæндзинæдтæ.  Уыимæ идейæты, хицæн æмæ хицæн цæстæнгасты ныхмæлæуд дæр ис æмæ уый раст у. Депутаттæй кæмæндæртæн ис политикон амбицитæ – уый дæр нымайын нормалон хъуыддагыл.

 – Оппозицион блок æмæ æххæстгæнæн хицауад йæ фарсхæцæг депутаттимæ кæрæдзи ныхмæ рацыдысты Дзабиты Иналы амарыны фæстæ… Ацы резонансон хъуыддагыл контроль кæнут?  Раздæрау хъæддыхæй домдзыстут æххæст фæдагуырд æви ног Президенты равзæрсты фæстæ уæ ахаст дæр фæивтат?

– Ничи ницы фæивта. Нæдæр ме ‘рдыгæй, нæдæр депутатты, нæдæр оппозицион блокы æрдыгæй. Ацы трагедийы фæдыл фæзынд оппозици куыд политикон тых. Рæстаг фæдагуырд домдтам не ‘ппæт дæр. Домæм æй абон дæр. Бæлвырдæй йæ зонын, Президент дæр домы, цæмæй Дзабиты Иналы трагедийы рæстаг фæдагуырд кæронмæ æххæст  æрцæуа. Ацы хъуыддаг у «лакмусон гæххæтт», кæцыйы фæрцы адæм сбæлвырд кæндзысты – истæмæн бæззы хицауад æви нæ. Рæстдзинад куы нæ ссарæм, уæд нæдæр республикæ закъоны фæлгæттæм раздæхдзæн, нæдæр рæстдзинад æмæ хæрзуагæн сæ кой кæнынæн  фадат баззайдзæн.

–  Президент Гаглойты Алан парламенты загъта, кæй йæ фæнды йæ æххæстбарты хай адæттын закъондæттæг органмæ. Цавæр æххæстбартыл цæуы ныхас? Иттæг вазыгджын орган – Конституцион тæрхондоны арæзтыл цæуы ныхас æви нæ? 

– Президенты æххæстбарты хай парламентмæ бадæттыны фарста парти «Ныхас» систа 2019 азы закъондæттæг органмæ æвзæрстыты рæстæджы. Æмæ абон дæр нæхи нæ иуварс кæнæм, нæ позици у «уромæг-ныхмæлæуд» æгъдауы фарс хæцын Куыд федтам, афтæмæй Президент фыццаг сессийы рæстæджы депутаттæн бамбарын кодта ацы фарстайыл кусынмæ цæттæ у. Ӕхсæнад дæр æмбары – ногдзинæдты рæстæг æрцыд, парламенты хъæуы фылдæр бартæ æмæ… фылдæр бæрнондзинад. Фыццаг этапы куыдæй æмæ цавæр формæйы лæвæрд æрцæудзысты уыдон, уый та хъуамæ сбæлвырд кæна Президенты цур уæвæг Конституцион къамис, кæцыйы уæнгтæ сты парламентон политикон партиты лидертæ, парламентон службæты разамонджытæ, республикæйы раздзог юристтæ. Къамис хъуамæ бакуса барты хай бадæттыны механизмтыл.

Конституцион тæрхондон нæ æнæмæнг хъæуы, номиналон æгъдауæй нæ, фæлæ нæ хъæуы куыд демократийы атрибут, кæцы дунеон практикæйы дæр æмæ нæхи республикæйы дæр стыр æххуыс у политикон, барадон кризисты рæстæджы. Уымæн æмæ алы паддзахады дæр хъуамæ уа ахæм Конституцион тæрхонгæнæг уæлдæр инстанци, кæцыйы фæрцы рæстдзинад æмæ барад фæуæлахиз вæййынц адæмы пайдайæн.

– Алан, Парламенты сæрдарæй дæ кæй равзæрстой, уый кæйдæрты, фылдæр социалон хызæгты анонимон абонентты зæрдæмæ нæ фæцыд. «Рæдау къухæй» фыстой постингтæ, аххосджын дæ кодтой, зæгъгæ, Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг уæвгæйæ, коррупционер уыдтæ…

–  Диссагæй дзы ницы ис, æнæнхъæлæджы хабарыл дæр нæу, нымайын уыдæттæ.  Политикон тохы чи бацæуы, уый хъуамæ цæттæ уа алцæмæ дæр.  Партия «Ныхас» æмæ йæ лидерты коррупцийы «зылынгæнæг» дам-думты тыххæй та афтæ зæгъдзынæн – политикон тохы быдырæн йæ эпицентры уыдыстæм 2019 азæй, парламентон æвзæрстыты рæстæджы. Барадхъахъхъæнæн æмæ цæстдарæн органтæ  иттæг «мотивацигондæй», разæнгардæй бæстон  басгæрстой мæ куыст канд горæты администрацийы нæ, фæлæ ма уый размæ куысты дæр, ома, Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг куы уыдтæн, уæды периодæй райдайгæйæ.

2020 азы политикон тох йæ тæмæны куы уыдис, уæд хицауад компромат агурын райдыдта оппозицион блокы депутаттæй алкæй ныхмæ дæр. Уголовон хъуыддæгтæ дæр ма байгом кодтой.

Куыд уæм кæсы, исты куы ссардтаиккой, исты фадат сын куы фæзындаид, уæд дзы не спайда кодтаиккой? Исты куы ссардтаиккой, уæд уголовон хъуыддаг «баныхасын» сын кæм нæ бантыст, уæддæр нæ коййаг фæкодтаиккой. Нæй. Ницы ссардтой.

Барадхъахъхъæнæн структурæты æрдыгæй мæнмæ Хуссар Ирыстоны, нæдæр цыфæнды æндæр паддзахады,  фарстатæ нæй. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд æз никуы суыдаин политикон тохы архайæг, уымæн æмæ æххæстæй æмбарын мæ бæрнондзинад ме ‘мтохгæнджытæ æмæ республикæйы раз.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.