РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмбырд ауагъта барадхъахъхъæнæг органтæ æмæ тыхон структурæты къухдариуæггæнджытимæ, цыран дзырд цыдис бæрæгбонты барвæтк хъахъхъæныны фæдыл.

Фембæлды рæстæджы паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ногазон бонтæм нæ кæсгæйæ, службæ хъæуы дарддæр кæнын æмæ тыхон структурæтæ æмæ барадхъахъхъæг органтæ сæ куыстæй хъуамæ лæггад кæной адæмæн, барвæтк æмæ дисциплинæ куыд горæты, афтæ районты дæр ифтонг кæнгæйæ.

«Æз мæ къух æрфыстон бæрæгбонтæм цæттæ кæнын æмæ ауадзыны рæстæджы барадхъахъхъæнæг системæйы куысты планыл. Бæрæгбонтæм мах хъуамæ уæм цæттæ, цæмæй уыцы бонты ифтонг цæуа фæтк. Мах хъуамæ цæттæ уæм службæ кæнынмæ», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Йæ рады Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг хыгъд радта æрæввахсуæвæг бæрæгбонтæм цæттæдзинады тыххæй.

«Бæрæгбонты агъоммæ мах тыхон структурæтæм арвыстам фыстæджытæ, цæмæй æхсæнадон фæтк хъахъхъæныны фæдыл нарядты фæтыхджындæр æмæ фæдывæр кæной радгæсты хæйтты, куыд районты, афтæ горæты дæр. Мах ныридæгæн кæрæдзимæ радтам радгæсты графиктæ. Уымæй дарддæр ма прокуратурæйы фæдагурæн-оперативон къорд дæр кусы фæтыхджындæргонд режимы», – загъта уый.

Хыгъд радтой ведомствоты иннæ къкухдариуæггæнджытæ дæр, кæцытæ Президентæн радзырдтой бæрæгбонты рæстæджы службæ æххæст кæнынмæ рæнхъон скондты цæттæдзинады тыххæй.

Тыбылты Леонид сæрмагондæй банысан кодта, зæгъгæ, президентмæ æдзух æмæ оперативон режимы хъуамæ цæуа, республикæйы цы цæуы, уый тыххæй информаци.

«Мæн фæнды банысан кæнын ацы бæрæгбонтæ æмæ фæтыхджындæргонд режиммæ нæ кæсгæйæ, æз хъуыды кæнын табелон хæцæнгарзæй пайда кæнынмæ хъусдард аздахын.  Иттæг курæг дæн, цæмæй табелон хæцæнгарз уа æмбæлон бынаты. Оперативон радгæстæй дарддæр хæцæнгарз хъуамæ макæмæ уа æппындæр», – загъта Æдасдзинады советы секретарь Плиты Анатоли.

Тыбылты Леонид ма бацымыдис кодта куыстмыздтæ æмæ иурæстæгон бафыстыты фæдыл ситуацимæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, фæрæзтæ, уыцы нымæцы сэкономигонд фæрæзтæ дæр кæд фадат радтой, уæд аскъуыддзаг кæнын хъæуы премитæ рахицæн кæныны тыххæй фарст дæр. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, ауагъд кæй æрцæудзысты къорд мадзалы, кæцытæ здæхт уыдзысты рæнхъон скондтæн баххуыс кæнынмæ.

Фембæлды кæронбæттæны Президент раарфæ кодта æппæт æрæмбырдуæвджытæн Ног азы бæрæгбонмæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, барадхъахъхъæг органтæ æмæ тыхон структурæтыл ис стыр æмæ бæрнон мисси æвæрд, цахæмфæнды бархæлынæдтæ дæр ма руадзын æмæ фæтк хъахъхъæныны хъуыддаджы.

«Махæй бирæ æвдисы, уыцы нымæцы, цæмæй ма ‘руадзæм цахæмфæнды ситуаци дæр, кæцы къæм баппара республикæйы цæрджыты бæрæгбонмæ», – загъта Тыбылты Леонид.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.