2016 азы 18-æм сентябры Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæм бацæттæ кæныны фарстытыл уынаффæ цыд, РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид 12-æм августы цы æмбырд ауагъта, уым. Æмбырды хайад райстой РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус, Президенты Администрацийы æмæ республикæйы Централон æвзарæн къамисы минæвæрттæ, – уый тыххæй фехъусын кодта РХИ-йы Президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Тыбылты Леонид банысан кодта ацы мадзалы ахсджиагдзинад, æмæ загъта, зæгъгæ, æвзæрстыты алы хатт дæр республикæйы æмбæстæгтæ равдисынц стыр активондзинад.

«Нæ республикæ лæууы серьезон политикон мадзалы – Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты раз. Хуссар Ирыстоны цæрджытæн сæ фылдæрæн ис уæрæсейаг æмбæстагдзинад æмæ алы хатт дæр бацæуынц æвзарæн фадгуытæм», – загъта Президент.

Тыбылты Леонид æмбæлон хæстæ бакодта уыцы службæтæн, кæцытæ хъуамæ æмархайд кæной РХИ-йы УФ-йы минæварадимæ æвзæрстытæм бацæттæ кæныны æмæ сæ ауадзыны бонты.

«Ам ахсджиаг у æдасдзинады фарстытыл бакусын дæр. Нæ республикæйы барадхъахъхъæнæг органтæн арæзт æрцæудзæн æмбæлон план барадон фæтк сифтонг кæнын æмæ æдасдзинады мадзæлттæ бахъахъхъæныны фæдыл», – загъта Президент.

Æвзæрстытæ ауадзынæн баххуыс кæныны тыххæй РХИ-йы Президенты Администрацимæ æмбæлон сидт æрбарвыста УФ-йы Минæварад.

Йæ рады, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæвар Къарджиаты Эльбрус раарфæ кодта Президентæн, ацы фарсты фæдыл æмбырд кæй ауагъта, уый тыххæй.

«Республикæйы Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, æцæгæйдæр, Уæрæсейы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ махæн тынг нысаниуæгджын сты. Куыд раздæры азты, афтæ та ныр дæр мах ныфс ис, æвзæрстытæм кæй æрбацæудзысты иууылдæр, уыимæ нæм ис æвзæрстытæ ауадзыны стыр фæлтæрддзинад дæр. Хуссар Ирыстоны цæрджыты 90% сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ. Мæнæн мæ зæрдыл лæууы нæ раздæры æвзæрстытæ ауадзыны фæлтæрддзинад, æмæ мæ ныфс ис, ныр дæр активон хайад кæй райсдзысты æвзарджытæ», – загъта Къарджиаты Эльбрус.

РХИ-йы УФ-йы минæвары ныхæстæм гæсгæ, 2-æм августы Мæскуыйы УФ-йы Централон æвзарæн къамисы уагъд æрцыд æмбырд Элла Памфиловайы сæрдариуæгадæй æмæ уæрæсейаг минæвæртты æмæ консулты хайадистæй. «Нæ минæварад фæнд кæны 12 æвзарæн фадыджы бакæнын, уыдонæй иу уыдзæн горæт Къуайсайы æмæ цыппар та – районты центрты», – загъта Къарджиаты Эльбрус.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнын уый, æмæ Уæрæсейы Президент Владимир Путины Барамындæй 18-æм сентябры уагъд кæй æрцæудзысты æвзæрстытæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.