РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмбырд ауагъта барадхъахъхъæнæг органты кусджыты пенсийæ сифтонг кæныны фарстыты фæдыл, – фехъусын кодта паддзахады сæгълæууæджы   пресс-секретарь Гасситы Динæ.

Æмбырды куысты хайад райстой барадхъахъхъæнæг структурæты финансон упавлениты къухдариуæггæнджытæ.

«Махæн ис проблемæтæ, абоны бон махæн нæ бон нæу Уæлвæткон уавæрты министрады, Таможнæйон комитеты, прокуратурæйы, æфхæрдтæ æххæст кæныны управленийы, Контролон-нымайæн палатæйы кусджыты пенсийæ сифтонг кæнын. Ацы проблемæ хауы Мидхъуыддæгты министрады уыцы кусджытæм, кæцытæ не сты Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ», – банысан кодта Президент.

Уый размæ паддзахады сæргълæууæг тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæн бахæс кодта цы фадæттæ нæм ис, уыдонæн саргъ кæнын æмæ уавæрæй рахизыны фæдыл фæндæттæ бакусын.

«Хицæнæй алы ведомствойæн йæ бон не суыдзæн фарст аскъуыддзаг кæнын, хъæуы комплексон мадзæлттæ, цæмæй не ‘мбæстæгтæн сæ бон уа пенсийы ацæуын æмæ уыимæ аккагæй ифтонг цæуой», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли æрсидт Уæрæсейы Федерацийы фæлтæрддзинад сахуыр кæнынмæ, æмæ кæд æнæмæнгхъæуæг у, уæд закъондæттынад хъæуы æмбæлонмæ æркæнын. Ныртæккæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн архайынц сразыдзинæдтæ æфсæддон службæгæнджыты æмæ Мидхъуыддæгты министрады кусджыты пенсийæ сифтонг кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.