Президент Гаглойты Алан ауагъта æрвылкъуырион æмбырд республикæйы тыхон структурæтæ æмæ уагдæтты къухдариуæггæнджытимæ. Хайад дзы райста Парламенты Сæрдар Æлборты Алан дæр.

Генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг Битеты Сергей паддзахады разамонæгæн фехъусын кодта хыгъдон рæстæджы ведомствойы басгæрстыты æмæ Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы архайды фæдыл фæдагуырды сгарæн мадзæлттæ дарддæр уагъд кæй цæуынц, уый тыххæй.

«Контролон-нымайæн палатæйæ нæм цы æрмæджытæ æрбацыд, уыдонмæ гæсгæ Паддзахадон унитарон куыстуат „Дорэкспострой“-йы финансон-хæдзарадон архайды фæдыл уагъд цæуы фæдагурæн басгæрст, кæцы кæронмæ конд нæма æрцыд. Æввахс рæстæджы уголовон хъуыддаг баконд æрцæудзæн, битумы аргъ 56 милуан сомы фæфылдæр кæнын æмæ битумы аргъ 3 милуан æмæ 600 сомы æнæбындурæй сфыст кæй æрцыдысты, уый тыххæй», — загъта уый.

Битеты Сергей банысан кодта, зæгъгæ, Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой» Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы объекттыл бакуыста, уыдонæй иу дæр, уыцы нымæцы арæзтадон æрмæджыты балхæныны хъуыддаг дæр иртæст не ’рцыдысты. Бæрæг не ’рцыд дурпырхгæнæн агрегатты куыст æмæ асфальт-битумон заводы куыст дæр.

Генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг куыд банысан кодта, афтæмæй лæвæрд æрцыд хъæуæг хæслæвæрдтæ, фыстæг æрвыст æрцыд Контролон-нымайæн палатæмæ. Арæзтадон æр-мæджыты заводы фæдыл æрмæджытæ æрвыст æрцыдысты прокуратурæмæ. Уыцы æрмæджыты Контролон-нымайæн палатæ банысан кодта 4 милуан сомы хъуагдзинад, уыимæ ма уым нысан цæуы, зæгъгæ, ацы куыстуат бахардз кодта 166 милуан сомы.

Контролон-нымайæн палатæйы сæрдары хæдивæг Хуыбылты Вадим банысан кодта, зæгъгæ, контролон барст чи сараза, ахæм специалисттæ нæм кæй нæй, уымæ гæсгæ басгæрст раздæр уагъд не ’рцыд.

Битеты Сергей ма банысан код-та, зæгъгæ, Генералон прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы къухдариуæгадыл. Фактмæ гæсгæ 2 милуан сомы бæрц кæй æрхастæуыд, уый фæстиуæгæн Паддзахадон унитарон куыстуат цы 13 объектты сцалцæг кæныны иста хайад, уыдон дæр басгæрст не ’рцыдысты.

«Ивгъуыд къуыри мах сног кодтам, 4-æм æфсæддон базæйæн чи лæггад кодта, уыцы компанимæ ахасты уголовон хъуыддаг, цыран тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ сфыстæуыд 132 милуан сомы. Мах уадзæм æнæмæнгхъæуæг фæдагурæн мадзæлттæ æхцайы фæрæзтæ сфыссыны æппæт факттæ рабæрæг кæныны нысанæн», — загъта уый.

Генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг ма паддзахады сæргълæууæгæн фехъусын кодта, æфсæддон прокуратурæйы хаххыл резонансон хъуыддæгты фæдыл цы фæдагуырды мадзæлттæ уагъд цæуы, уыдоны тыххæй. Уыдонæй сæ иу у не ’мбæстаг Уалыты Владиславы амарын бафæлварыны цау. Фæдагуырæн мадзæлттæ кæронмæ фесты. Къуырийы æмгъуыдмæ хъуыддаг æрвыст æрцæудзæн тæрхондонмæ.

Уымæй дарддæр ма Битеты Сергей фехъусын кодта, зæгъгæ, уæззау цæфты фæстиуæгæн чи фæзиан, уыцы æмбæстаг Куымæридтаты Сæрмæты тыххæй уголовон хъуыддаджы фæдыл кæронмæ конд æрцыдысты фæдагурæн мадзæлттæ æмæ уый фæдыл хъуыддаг дæр æрвыст æрцæудзæн тæрхондонмæ.

«Дорэкспострой»-йы раздæры къухдариуæггæнæг Мæхъиты Сергейы фæдыл уголовон хъуыддаг ныртæккæ ис æфсæддон прокуратурæйы æркæсынмæ. Ныртæккæ Мæхъийы фырт ис дунеон фæдагуырды 3 милуан æмæ 800 мин сомы адавыны факты тыххæй. Уыцы фæрæзтæ давд æрцыдысты, Хъахъхъæнынады министрады территорийыл цы объекттæ арæзт цыдысты, уырдыгæй.

Президенты цымыдис кодта, Хуыбылты Валерийы номыл парчы арæзтадон куыстытыл цы сгарæн мадзæлттæ уагъд цæуы, уымæ. Æрмæджытæ æрвыст æрцыдысты цæгатирыстойнаг специалисттæм, цæмæй сын уагъд æрцæуа арæзтадон экспертизæ.

Хуссар Ирыстоны юстицийы министр Гаглойты Олег информаци сарæзта министрады куыст æмæ архайды фæдыл.

Бæстæйы разамонæг бахæс кодта министрады сæргълæууæгæн, цæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад цы æфсæддон службæгæнджытæ ис, уыдон бинонты ма тыхсын кæной приставтæ кредитты фæдыл.

Хъахъхъæнынады министр Марат Павлов фехъусын кодта Президентæн, Хъахъхъæнынады министрады управленийы дæлхæйттæ кæй сты æдзухон цæттæдзинады æмæ архайынц планмæ гæсгæ.

Бæстæйы разамонæг цымыдис кодта Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæн куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны хъуыддагмæ. Министрады къухдариуæггæнæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Цоциты Азæмæт куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны фарсæрдыгæй хъæуæг документтæ æрвыст æрцыдысты.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алиханты Валериан фехъусын кодта, хыгъдон рæстæджы Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæнтыл чи ахызт, уыдон нымæц.

Контролон-нымайæн палатæйы сæрдары хæдивæг Хуыбылты Вадим дæр информаци сарæзта уагдоны куысты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæронмæ конд æрцыдысты Цхинвал æмæ Дзауы районты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадты сгарæн куыстытæ. Сгарæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц донбылгæрæттæ фидар кæныны фæдыл, кæд дзы чысыл проблемæтæ хынцыд цæуы, уæддæр.

Бæстæйы разамонæг бахæс кодта, цæмæй куыстытыл фæтагъд кæной æмæ лæмбынæг ин-формаци æрбавдисой.

Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат фехъусын кодта, комитет хыгъдон рæстæджы бюджетмæ цы фæрæзтæ бахаста, уый фæдыл.

Гаглойты Алан цымыдис кодта паддзахадон бюджеты фæдыл фарстмæ, зæгъгæ, бирæтæ дзурынц, ома, ис фæрæзтæ бюджеты, æмæ уæд кæм сты?

«Уым цы фæрæзтæ баззад, уыдон сты раздæры къухдариуæгады хæстæ æмæ сæ мах хъуамæ фидæм ныр», — фехъусын кодта уый.

Бæстæйы разамонæг ма дзырдта цалдæр бынаты чи кусы, уыдон тыххæй дæр. Президент фехъусын кодта, цалдæр бынаты кусын кæй нæй гæнæн, æмæ, зæгъгæ, æввахс рæстæджы уыцы проблемæ скъуыддзаг хъуамæ æрцæуа.


Р. S. Тыхон структурæты минæвæрттимæ æмбырды рæстæджы бæстæйы разамонæгæн информаци цы уголовон хъуыддæгты фæдыл сарæзтой, уыдон лæмбынæгдæр базоныны нысанæн бахатыдыстæм Генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг Битеты Сергеймæ. Уый нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уыдон фæдыл информаци базонæн уыдзæн тæрхондонон процессты рæстæджы. Ныфс нæ ис, æмæ æввахс рæстæджы уыдон кæронмæ конд æрцæудзысты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.