Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 71 азы цытæн бæрæгбонон мадзæлттæм цæттæ кæныны фарстытыл уынаффæ цыдис знон РХИ-йы Президент Тыбылты Леонидмæ æмбырды. Æмбырды хайад райстой барадхъахъхъæнæг органты æмæ тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ, афтæ ма республикæйы æндæр æмæ æндæр министрадтæ æмæ ведомствоты минæвæрттæ.

Æмбырды куысты хайад райстой Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдары хæдивæг Тъехты Алан æмæ горæты, районты администрациты сæгълæуджытæ. Кæй фæхуыдтой, уыдоны ’хсæн уыдысты Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав æмæ Æхсæнадон палатæйы сæрдар Джиджджойты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæн бахæс кодта, цæмæй бавдисой бæрæгбонон мадзæлттæ уадзыны бонты дзинад сорганизаци кæныны фæдыл план.

«Сæрмагонд хъусдард уыцы бонты хъуамæ здæхт æрцæуа æдасдзинады æмæ барвæтк хъахъхъæныны фарстатæм, барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ хъуамæ уой цырддзаст. Мах хъуамæ иумæ нæ ветерантимæ банысан кæнæм ацы бæрæгбон æмбæлон æмвæзадыл», — фехъусын кодта Президент.

Паддзахадон нысаниуæгджын мадзæлттæ цæттæ кæнын æмæ уадзыны фæдыл Къамис кæй сфидар кодта, уыцы мадзæлтты планы тыххæй лæмбынæгæй радзырдта Къамисы сæрдар, Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы аз сæйраг цау уыдзæн «Æнæмæлгæ полчы» рацыд, кæцыйы фæдыл æрмæджытæ дарддæр фылдæр кæнынц.

«Ивгъуыд аз нæ цæрджытæ „Æнæмæлгæ полк“-мæ цы мыггæгтæ æмæ къамтæ æрбахастой, уыдоны бæрц уыдис 3 870 адæймаджы. Не ’штаб бакодта стыр куыст, адæм нæм цæуынц, хæссынц нæм къамтæ. Ацы аз нæ „Æнæмæлгæ полк“-ы нымадæуы 4 500 адæймагæй фылдæр» — загъта уый.

Зассеты Жаннæ хицæнæй радзырдта, Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацы аз организаци чи æрцыд, уыцы акцийы тыххæй.

«Æнæмæлгæ полчы» фæстæ мах фæнды, цæмæй рахæссæм нæ хъахъхъæнджыты, нæ лæппуты портреттæ, кæцытæ фæмард сты æндæр æмæ æндæр азты гуырдзиаг агрессорты къухæй. Ацы полк мах рахуыдтам «Удæгас полк — уæлахизы фæдонтæ». Адæм хæсдзысты нæ хъахъхъæнджыты къамтæ. Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, нырма афтæ бирæ не сты — 1 мины бæрц, фæлæ ацы куыст мах дарддæр кæндзыстæм«, — йæ ныхасмæ бафтыдта уый.

Рох нæ уыдзысты уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты нæмттæ дæр. Уыдон Хуссар Ирыстоны адæмы хъахъхъæдтой 2008 азы æмæ абоны бонмæ нал фæцардысты.

«Хæсты сæ хъæбулты чи фесæфтой, уыцы мæдтæ акцийы организаторты фæндоныл сæмбæлдысты æхсызгонæй. Нæ дадаты, нæ хъахъхъæнджыты мысæн бон уыдон æндæртимæ иумæ рахæсдзысты уæрæсейаг салдатты, уæрæсейаг фидауынгæнджыты портреттæ дæр. Уый у иттæг символикон æмæ агайы зæрдæйы», — радзырдта уый.

Тыбылты Леонид йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, иттæг символикон у растдæр ирон лæппуты мæдтæ кæй рахæсдзысты сæ фæмардуæвæг хъæбулты къамтæ нæ, фæлæ уæрæсейаг салдатты къамтæ. «Уый у, æцæгæлон хæсты чи фæмард сты сабыр цæрджыты хъахъхъæнгæйæ, хуссарирыстойнаг адæмы бынтондæр скуынæг кæнынæй бахизгæйæ, уыдоны нæмттæн стыр кад æмæ цыт кæнын», — загъта уый.

Зассеты Жаннæ лæмбынæг æрдзырдта æндæр мадзæлттыл дæр. Уыдон уагъд цæудзысты бæрæгбонон бонты. Сæрмагондæй, Уæлахизы тырысайы халдих штабмæ радтын, «Георгийы лентæ»-йы акци, афтæ ма 4-æм æфсæддон базæйы уагъд чи цæудзысты, уыцы æмæ æндæр мадзæлтты тыххæй дæр. Уый ма равдыста лæвæртты къопп, кæцы лæвæрд цæудзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты алы ветеранæн дæр. Ацы аз уый у салдаты хызын, цыран ветерантæ ссардзысты зонгæ тамако, флягæ, хус хæринæгтæ æмæ æндæр хæлцадон продукттæ.

«Алы ветеран дæр, уыдон та махмæ сты 50 адæймаджы, райсдзæнис ахæм лæвар æмæ ма ноджыдæр иу лæвар. Афтæ ма, кæй зæгъын æй хъæуы, республикæйы Гарзджын тыхтыл Сæйраг командæгæнæг Тыбылты Леонидæй арфæйы фыстæг» — загъта ма уый.

Йæ рады Президент бузныг загъта æппæт организатортæн сæ бакæнгæ куысты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгад хъуамæ йæ зæрдыл дара æмæ кад кæна адæймагады историйы æппæт зæрдылдарæн бонтæн дæр.

«Нæ хæс у, цæмæй ма рох кæнæм, историмæ хаст чи æрцыдысты æппæт уыцы зæрдылдарæн бонты. Фæлæ ам мæн фæнды зæгъын лæвæрттæ дæр æмæ арфæтæ дæр Президенты номæй нæ ветерантæ хъуамæ райсой, уый арæзт цæуы регулярон æгъдауæй æмæ афтæ дæр хъуамæ уа. Ам ис æндæр фарст: мах хъуамæ зонæм абон æцæгæйдæр цы тыхсын кæны нæ ветеранты, чизоны дзы искæмæн абон ахсджиагдæр у, цæмæй райса медицинон æххуыс? Æвæццæгæн, уыдзæнис æндæр аскъуыддзагкæнинаг проблемæтæ дæр», — загъта уый.

Президент ма йæ ныхасы æрдзырдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цыртдзæвæнтæ æндидзын кæныныл. Ивгъуыд азы, Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, стыр куыст баконд æрцыд сæ сæндидзын кæныны фæдыл куыд горæты, афтæ республикæйы районты дæр.

«Абоны бонмæ ма баззадысты цалдæр цыртдзæвæны, кæцыты хъæуы сæндидзын кæнын», — загъта уый.

Тыбылты Леонид бахæс кодта горæт Цхинвалы администраци æмæ республикæйы районты администрацитæн, цæмæй сæ контролмæ райсой æппæт фарстытæ дæр. Дзырд ма цыд Присы хъæуы æмæ Ленингоры районы цыртдзæвæнты тыххæй дæр. Банысангонд æрцыд, зæгъгæ, 2017 азы райдайдзæн мемориалон комплексы арæзтад, цыран сæнусон кæндзысты æппæт хъайтарты нæмттæ.

«Афтæ ма уын уæ хъусдард здахын Хъырымы тохты быдырты сæ сæртæ нывондæн нæ хъахъхъæнджытæй чи æрхаста, уыдоны стелæйы арæзтады фарстмæ. Хъырымы Республикæйы минæвæрттимæ фембæлды фæстæ æз бакодтон æмбæлон хæслæвæрд. Ацы фарсты фæдыл ис æмбарындзинад. Хъæуы йыл кусын», — загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг ма радзырдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирæттæ-хайадисджытæн цыртдзæвæны арæзтады плæнтты тыххæй, кæцытыл уынаффæ кодтой Волгограды областы ирон диаспорæйы минæвар Гæбæраты Геннадиимæ фембæлды рæстæджы. Ацы фарст среализаци кæныны механизмы хъæуы контролмæ райсын æмæ бакусын.

Тыхон блокы темæмæ рахизгæйæ, Тыбылты Леонид райдыдта фæмардуæвæг æфсæддон службæгæнджыты æмæ барадхъахъхъæнæг органты кусджыты бинонтæн компенсацитæ бафидыны фарстæй.

«Хъыгагæн, фæмардуæвджыты бинонтæй бирæтæ абоны онг дæр нæ райстой æмбæлон æххуыс. Ам мæ фæнды зæгъын уый, æмæ паддзахад бæрндзинад кæй хæссы йæ алы æмбæстаджы, алкæцы бинонты тыххæй дæр. Абоны бонмæ бюджеты нæй 100% фæрæзтæ бафыстытæ бафидыны тыххæй, фæлæ æз хатын Финансты министрадмæ, цæмæй сæрмагонд бафыстыты тыххæй ссарой финансон фæрæзтæ. Мах хъуамæ æххуыс кæнæм ацы бинонтæн», — загъта паддзахады сæргълæууæг.

Дарддæр Президент байхъуыста барадхъахъхъæнæг органты къухдариуæггæнджыты докладтæм. Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Уалыты Муртаз фехъусын кодта ивгъуыд къуыри республикæйы территоримæ хосгæнæн препарат «Лирика» æрбаласын кæй нæ бауагътой, уый тыххæй, кæцыйы æрзылд бар нæй Хуссар Ирыстоны.

«Бар кæмæн нæй, наркотикон буарад кæм ис, ахæм препарат æрбаласынмæ бафæлвæрдтой æмкъæйттæ. Уыдон урæд æрцыдысты», — банысан кодта уый.

Тыбылты Леонид ацы информацийы фæдыл банысан кодта, зæгъгæ, ахæм адæймæгты æрмæст бæрндзинадмæ кæнын нæ хъæуы, фæлæ ма сæ хъæуы адæмæн æвдисын дæр. «Ахæм „хъайтарты“ адæм хъуамæ зоной», — загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг хицæн хъусдард аздæхта нозтджынæй машинæ скъæрыны проблемæмæ. Æмбæлон органты кусджыты ’рдыгæй æппæт мадзæлттæм нæ кæсгæйæ, уавæр нæ хуыздæр кæны.

«Ахæм уавæры ныхмæ тох кæнын хъæуы æргомæй. Хъæуы цыдæр аразын. Нæй гæнæн æмæ не ’мбæстæгтæ мæлой фæндæгтыл. Мах афтæ бирæ не стæм, цæмæй сæ кæрæдзийы фæстæ ныгæнæм. Сидын алкæмæ дæр, уæлдайдæр та хистæр адæймæгтæм „Ирæтты уæлдæр советы“ хайадистæй. Ныхас кæнын хъæуы æрмæст фæсивæдимæ нæ, фæлæ хистæр фæлтæримæ дæр», — банысан кодта уый.

Тыбылты Леонид бахатыд æмбырды уæвæг Дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты уæлдæр советы» хуссарирыстойнаг хайады къухдариуæггæнæг Гаглойты Роберт æмæ РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергеймæ, цæмæй æмбарынгæнæн куыст кæной куыд республикæйы сæйраг горæты, афтæ районты дæр.

«Хъæуы фæактивондæр кæнын æмархайды куыст, уыцы нымæцы закъондæттынадон æмвæзадыл дæр, фæткхалджыты хъæуы бæрндзинадмæ кæнын закъонмæ гæсгæ, хъæуы кусын авторитетон, хистæр кары адæймæгтимæ. Æмæ æппынфæстагмæ, æппæт фæткхалджыты хъæуы телевизоры æвдисын», — загъта паддзахады сæргълæууæг.

Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæгæн лæвæрд æрцыд хицæн хæслæвæрд æхсæнадон автопаркы техникон æгъдауæй басгарын æмæ сбæрæг кæнын, эксплуатацийæн ма бæззынц, уый, кæцытæ æрвылбон дæр рацæуынц цæрджытæн лæггад кæнынмæ. Ахæм хæслæвæрд Тыбылты Леонид бакодта, æрæджы цы инцидент æрцыд рейсон автобус кæй ссыгъд, уый фæдыл, кæцыйы фæстиуæгæн, стыр æхсызгонæн, хъыгдард ничи баййæфта.

Æмбырды ма уынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны территори минæтæй сæдас кæныны фарстытыл. Уæлвæткон уавæрты министр Санахъоты Сергей фехъусын кодта, зæгъгæ, регулярон æгъдауæй телефоны фæдзуры йæ уæрæсейаг коллегæтæм. Сæ информацимæ гæсгæ, нæ бæстæты Президентты фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ, фарстыл куыст цæуы активонæй.

Æмбырды куысты кæрон Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерациимæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй сæйраг Бадзырдмæ уæлæмхас сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцыдысты.

Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ, нæ бæстæты дыууæ фарсы дæр цæттæ сты уæлæмхас сразыдзинадыл къухтæ æрфыссынмæ дыууæ хъахъхъæнынады ведомствоты хаххы фæдыл дæр. Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 71-азы цытæн парады хайад райсдзысты 23 парадон расчеты æмæ 8-æм майы та уыдзæн генералон репетици техникæ ракæнгæйæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.