РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмбырд ауагъта республикæйы тыхон структурæты къухдариуæггæнджытимæ. Æмбырды хайадисджытæ иу минут æмырæй алæугæйæ ссардтой, ивгъуыд къуырийы республикæйы æрцæугæ трагедийы амæттæгтæ чи систы, уыцы уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты рухс нæмттæ. Афтæ ма Президент хъынцъымы ныхæстæ загъта, майрæмбонæй сабатмæ трагиконæй Мидхъуыд-дæгты министрады кусæг кæй фæмард, уый фæдыл дæр.

«Ацы хъуыддæгты фæдыл ныридæгæн кусынц æмбæлон службæтæ. Уый хъæуы уымæн, цæмæй лæмбынæг фæдысгæрст ауагъд æрцæуа æмæ æркастæуа æппæт верситæм дæр», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта, аварийы фæстиуæгæн æфсæддон службæгæнджытæн баххуыс кæныны хайад чи истой, уыдонæн, афтæ банысан кæнгæйæ, зæгъгæ, æппæт структурæтæ дæр мобилизаци æрцыдысты æмæ æппæт дæр сарæзтой, уыдонæй кæнгæ цы уыдис, уый.  Сæрмагондæй банысан кодта республикæйы Æдасдзинады советы, Генералон прокуратурæйы, Мидхъуыддæгты министрады æмæ Уæлвæткон уавæрты министрады æмархайд.

«Мах ноджыдæр нысан кæнæм, æрмæстдæр ахæм æххæст æмархайды руаджы нæ бон кæй уыдзæн хæстæ эффективонæй скъуыддзаг кæнын. Бузныг зæгъын æппæт медицинон кусджытæн, сæ сæргъ министр Григори Кулиджанов æмæ республикæйы рынчындоны сæйраг дохтыр, афтæмæй. Ам, Хуссар Ирыстоны, цы операцитæ ауагъдæуыд æмæ цы фыццаг медицинон æххуыс бачындæуыд, уыдон уыдысты сæ рæстæгыл», – загъта Президент.

Æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы тыхон структурæтæ куыстой æнæлазæй республикæйы уагъдæрцæуæг мадзæлтты рæстæджы, уыцы нымæцы 20 майы Зары трагедийы амæттæгты мысæн боны дæр.

«Мах аразæм нæ фидæн. Бузныг зæгъын алкæмæндæр, кæй кад кæнæм, кæй мысæм уыдоны, кæцытæ абон немæ нал сты,  кæцыты нын хæст байста», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Тыбылты Леонид зæрдыл æрлæууын кодта, æдасдзинад ифтонг кæнын кæй бахъæудзæн 25 майы, скъолаты рауагъдонты уадзæн бон дæр.

«Ам курæг дæн æппæт æмбæлон службæтæй, цæмæй ба-кусой уыцы бонты барвæтк хъахъхъæнын æмæ ифтонг кæныны фæдыл», – банысан кодта Президент.

Хъахъхъæнынады министрад уадзы уалдзыгон æрсидт РХИ-йы Гарзджын тыхты службæ кæнынмæ. Уымæй дарддæр ма, барамынд æххæст кæнгæйæ, Хъахъхъæнынады министрады рæнхъытæй сæрибар æрцæу-дзысты, се службæ чи сæххæст кодтой, ахæм 38 æфсæддон службæгæнæджы.

«Ныр йæ улæфт бонты фæстæ уыдонæй кæй бафæнда РХИ-йы Хъахъхъæнынады ми-нистрады контрактмæ гæсгæ куыст адарддæр кæнын, уыдонæн сæ бон бауыдзæн фæстæ-мæ уырдæм æрбаздæхын. Уымæй дарддæр ма цæттæ у æфсæддон билеты хуызæг, уый æрвыст æрцæудзæн Хицауадмæ сфидар æй кæнынмæ», – загъта РХИ-йы Хъахъхъæ-нынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим.

Президент банысан кодта ацы документы ахсджиагдзинад.

«Нæ лæппутæ хъуамæ исой æмбæлон документ сæ паддзахады гарзджын тыхты баслужбæ кæныны тыххæй», – загъта Тыбылты Леонид.

Тыхон структурæты минæвæрттæ æруынаффæ кодтой æфсæддон службæгæнджыты пенсион ифтонгады фарстытыл дæр.

Республикæйы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг фæндон бахаста «Æфсæддон службæгæнджыты пенсион ифтонгады тыххæй» закъонмæ, афтæ ма «Æф-сæддон службæгæнджыты статусы тыххæй» закъонмæ дæр ивындзинæдтæ бахæссын. Сæрмагондæй дзырд цæуы ууыл, цæмæй закъæтты уæвæг æфсæддонты категориты номхыгъдты уа Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты категори дæр.

«Махмæ арæх бахатынц лæппутæ, кæцытæ службæ кодтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты. 90 азтæй райдайгæйæ уыдон, куыд æндæр æфсæддон службæгæнджытæ, афтæ хайад истой хæстон архайдтыты. Бирæтæ фесты цæфтæ.

«Махмæ арæх бахатынц лæппутæ, кæцытæ службæ кодтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты. 90 азтæй райдайгæйæ уыдон, куыд æндæр æфсæддон службæгæнджытæ, афтæ хайад истой хæстон архайдтыты. Бирæтæ фесты цæфтæ.

Хъыгагæн, абон ацы категори нысан нæ цæуы иумæйаг номхыгъды. Мах бакуыстам ацы фарстыл æмæ республикæйы Парламентмæ арвыстам нæ фæндæттæ», – загъта Генералон прокурор.

Президент бахæс кодта, цæмæй бакуыстæуа ацы фæндоныл æмæ йæ кæронмæ ахæццæ кæной, фарсты ахсджиагдзинад банысан кæнгæйæ.

«Нæ куысты рæстæджы сæвзæрынц тынг бирæ фарстатæ, кæцыты хъæуы скъуыддзаг кæ-нын. Уыдон хауынц не ‘мбæстæгтæм æмæ сты приоритетон», – загъта Президент.

Генералон прокурор ма Президентмæ бавдыста бакæнгæ куысты тыххæй хыгъд. Цæвиттон, Дзæгъиаты Уырызмæг информаци радта экономикон фыдракæндты фæдыл цы уголовон хъуыддæгтæ бакондæуыд, уыдоны тыххæй, кæцытæ æрвыст уыдысты дарддæр бакусынмæ УФ-йы фæдагурæг органтæ æмæ Генералон прокуратурæмæ.

«24 уголовон хъуыддаджы фæдыл ницы информаци ис. Мах нæ зонæм, цахæм куыст цæуы уыдоны фæдыл УФ-йы территорийыл. Æз мæхæдæг сæрмагондæй ахуыр кодтон æп-пæт хъуыддæгты дæр æмæ мæ зæрды ис ацы фарст аскъуыддзаг кæнын мæхи контролмæ райсын. Мах хъæуы раздахын республикæмæ æнæзакъонæй бахардзгонд фæрæзты æмæ аххосджынты бафхæрын», – йæ ныхасмæ бафтыдта уый.

Паддзахады сæргълæууæг бацамыдта, Хуссар Ирыстонæн æмæ йæ разамынадæн ахс-джиаг кæй у, цæмæй экономикон фыдракæндты тыххæй дзуапп радтой, чи сæ сарæзтой, уыдон.

«Уыдон бахардз кодтой уыцы финансон фæрæзтæ, кæцытæ нысан уыдысты адæмы хъуагдзинæдтæн», – загъта Президент.

Генералон прокурор ма хыгъд радта Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ Генералон прокуроры цур Координацион æмбырды фæдыл. Кæуыл æруынаффæчындæуыд æмæ кæцыты фæдыл бакуыстæуыд сæ аскъуыддзаг кæныны механизм, уыцы фарстытæ хаудысты наркотикон препараттæ ласын æмæ сæ пайда кæнынæн бар ма дæттынмæ. Генералон прокуроры ныхæстæм гæсгæ æмбæлон служ-бæтæ кæмæй пайда кæной, уыцы санкцитæ хъуамæ радтой сæ фæстиуджытæ.

Президентмæ бавдыстой сæ хыгъдтæ тыхон структурæты иннæ разамонджытæ дæр. Уæлвæткон уавæрты фæдыл министр фехъусын кодта, зæгъгæ, мæйы кæрон респуб-ликæмæ æрцæудзæн УФ-йæ иу къорд минæтæй ссыгъдæг кæныны фарсты фæдыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.