27 июны Бибылты Анатоли æмбырд ауагъта тыхон структурæты минæвæрттæн.

Æмбырды рæстæджы республикæйы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг радзырдта йæ дæлбар ведомствойы куысты тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, афæдзы фыццаг æмбисы Генералон прокуратурæ кондадмæ райста 77 уголовон хъуыддаджы, уыдонæй 65 фыдракæндон цауы бæрæг æрцыдысты, фыдракæнды хайад чи райста, уыцы адæймæгтæ. Генералон прокуроры ныхæстæм гæсгæ, фыдракæндтæ æргомгонд æрцыдысты 84 процентæй.

Республикæйы Президент Бибылты Анатоли Генералон прокуратурæйæн бахæс кодта, цæмæй кæрон скондæуа, президентон æвзæрстыты агъом-мæйы кампанийы рæстæджы æнæзакъонон митингты æмæ æмбырдты хайад чи иста, уыцы адæймæгтыл цы уголовон хъуыддæгтæ бакондæуыд, уыдонæн.

«Уыцы æмбæстæгты хъæуы бафæдзæхсын, семæ бакæнын хъæуы æмбарынгæнæн куыст, бамбарын сын хъæуы, сæ архайд æнæзакъонон кæй уыд, уый, æмæ ма ахæм цаутæ фæлхат куы æрцæуой, уæд закъонæй æфхæрд кæй баййафдзысты. Уыимæ иумæ ма уын хæс дæттын, цæмæй уыдоныл цы уголовон хъуыддæгтæ бакондæуыд, уыдон æхгæд æрцæуой», – загъта Президент.

РХИ-йы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Уалыты Муртаз æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта, фæстаг къуырийы дæргъы Хуссар Ирыстоны территорийыл цы фыдракæндтæ æрцыд, уыдонимæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, бынат уыд æртæ фыдракæндæн, уыцы нымæцы – Хуссар Ирыстоны территорийыл бар кæмæн нæй, уыцы наркотикон препарат «Лирика» республикæмæ æнæзакъонæй æрласыны цау.

«Урæд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, кæцыйы автомашинæйы ссардæуыд «Лирика»-йы препараты 114 капсулæ. Ацы сылгоймаг раздæр дæр баййæфта административон æфхæрд –  ивар æрцыд 20 мин сомæй, Республикæ Хуссар Ирыстонмæ ацы препараты 1200 капсулæ æрласын кæй фæлвæрдта, уый тыххæй», – загъта Уалыты Муртаз.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, 20 мин сомæй ивар стыр зиан не ‘рхаста фæтк халæгæн, æмæ ныр-тæккæ Мидхъуыддæгты министрад кусы закъондæттынадмæ ивындзинæдтæ бахæссыны проектыл, кæцы фæкарздæр кæндзæн санкциты.

Паддзахады сæргълæууæг рахæцыд ацы инициативæйы фарс æмæ банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы территорийыл бар цы буарадтæн нæй, уыдон парахатгæнджытæ æрмæст зиан нæ хæссынц æвзонг адæймæгтæн, фæлæ ма сæ цырын кæнынц фыдракæнд саразынмæ дæр.

«Наркотикон буарадтæ адæмыл чи парахат кæнынц, уыдон тасдзинад хæссынц нæ сывæл-лæтты цардæн æмæ сыл тæрхон хъæуы максималонæй карзæй. Уыимæ иумæ ма, уыдон æвзонг адæймæгты цырын кæнынц давынмæ, цæмæй сæ бон æлхæнын уа наркотиктæ, уый тыххæй.  Мах бирæ æвзæнгты фесæфтам, уый тыххæй уæ курæг дæн, иумæ тох кæнæм фыдгæнджыты ныхмæ», – бахатыд тыхон структурæты кусджытæм  Бибылты Анатоли.

Уый ма бахатыд æмбырды хайадисджытæм дæр, цæмæй сæ хъус æрдарой, Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл уæвынадæн бар кæмæн нæй, уыцы хъазæн аппаратты тыххæй информацимæ.

«Закъон бар нæ дæтты республикæйы территорийыл хъазæн аппаратты уæвынадæн, уымæ нæ кæсгæйæ, мæнмæ цæуы ахæм информаци, зæгъгæ, не ‘мбæстæгтæ уыцы уагдæтты «калынц» се ‘хцайы фæрæзтæ. Мæнмæ æвзæры ахæм фарст: гæнæн ис, æмæ барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ ма зоной уыцы хъазæн аппаратты архайд? Æви дзы коррупцийæн бынат ис?» – загъта Президент.

Тыхон структурæты кусджытæн уый бахæс кодта, цæмæй æмбæлон куыст бакæной æнæзакъонон уагдæттæ сбæрæг кæныны тыххæй æмæ сын сæ зæрдыл æрлæууын кодта, Хуссар Ирыстоны территорийыл бынат цы давыны цаутæн уыд, уыдон сбæрæг кæныны тыххæй куыст кæй хъæуы  фæактивондæр кæнын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.