РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмбырд ауагъта республикæйы тыхон ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ.

Æмбырды хайадисджытæ сæ куыст райдыдтой 2008 азы августы гуырдзыйы агрессийы амæттæгты рухс нæмттæ æрымысыны тыххæй иу минут æмыр алæууынæй.

«Мах æрæмбырд стæм Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны æрбабырстыл 9 азы сæххæсты агъоммæ, растдæр 7 августæй 8 августмæ æхсæвы райдыдта, уыцы рæстæджы гуырдзыйы æфсадмæ цыдæриддæр хуыз хæцæнгæрзтæ уыдис, уыдонæй тыхджын æхстытæ. Уый уыдис стыр трагеди республикæйы цæрджытæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы фидауынгæнджытæн дæр, кæцытæ ам сæ цард нывондæн æрхастой.

Мах хъуамæ æппæт дæр саразæм нæ республикæйы рæзт æмæ дидинрафтыдæн æмæ уымæн, цæмæй, Хуссар Ирыстоны фидæны сæрыл сæ сæр нывондæн чи æрхастой, уыдоны рухс нæмттæ мысæм», – загъта Президент.

Дарддæр Генералон прокуратурæйы куысты тыххæй доклад сарæзта Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг. Уый банысан кодта, зæгъгæ, мæйы æмгъуыдмæ республикæйы территорийыл арæзт æрцыдысты, куыд резонансон фыдракæндтæ, афтæ ма æрцыдысты æнамонд цаутæ, суицидтæ æмæ æндæр фыдракæндтæ.

«Резонансон фыдракæндыл куы дзурæм, уæд зæгъын хъæуы, уый æвæстиатæй, суткæйы дæргъы, кæй раргомчындæуыд. Фыдракæнды аххосджынтæ бæлвырд æрцыдысты, уыдонæй сæ иу ис ныртæккæ ахæстоны æмæ дæтты, азымджын кæй у, уый тыххæй бæрæггæнæнтæ. Æндæр фыдракæндтыл дзургæйæ, мæйы дæргъы уыдис фæдæлдонуæвыны дыууæ цауы, æндæр æнамонд цаутæ æртæ æмæ иу та суициды цау», – фехъусын кодта уый.

Джиоты Уырызмæг банысан кодта, зæгъгæ, Генералон прокуратурæ бацæттæ кодта республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады адресыл фыстæг, цæмæй ведомствойы кусджытæ сæ куыст фæактивондæр кæной, æмбæстæгтæ кæм фæу-лæфынц, уыцы бынæтты.

Президент йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, бассейнтæ æмæ донмалтæм хæстæг бынæтты республикæйы æмбæстæгтæн улæфæн бынæттæ чи дæттынц, уыцы амалиуæггæнджытæ хæсджын сты, цæмæй самал кæной ирвæзынгæнæн ифтонггæрзтæ æмæ баххуырсой ирвæзынгæнджытæ, кæцытæ сæ хъус дарой уæлвæткон уавæртæ иуварс кæнынмæ.

Джиоты Уырызмæг ма банысан кодта, зæгъгæ, Генералон прокуратурæ банысангонд рæстæджы куыста планон мадзæлттæ æххæст кæныны æмæ æмбæстæгты исыны, сæ куырдиæтты æвзарыны фæдыл.

«Оперативон уавæр ис контролы бын æмæ ницы фыдракæндтæ рабæрæг ис, Хъайтарты уынджы æхстытæй дарддæр. Ам аххосджынтæ бæлвырд æрцыдысты, æртæйæ конд æрцыдысты административон бæрндзинадмæ. Æхстыты комкоммæ хайад чи иста, уыцы адæймагыл баконд æрцыд уголовон хъуыддаг, хæцæнгарз æмæ нæмгуытæ ист æмæ æрвыст æрцыдысты экпертизæмæ», – загъта уый.

Бибылты Анатоли æвæрццаг аргъ скодта саразгæ фыдракæндтæ оперативонæй раргом кæныны фæдыл барадхъахъхъæнæг органты куыстæн. Уыимæ ведомствойы кусджыты раз цы фыццаградон хæстæ лæууынц, уыдон нымæцы банысан кодта республикæйы территорийыл бархалынадтæ ма æруадзыны фæдыл профилактикон мадзæлттæ.

«Мæн фæндид, цæмæй фыдракæндтæ ма æруадзыны фæдыл профилактикон мадзæлттæ уагъд цæуой алы министрады, алы ведомствойы æмæ алы коллективы дæр. Нозт кæнын, æдасдзинады фæткойтæ нæ хъахъхъæнын æркæнынц мæлæтдзаг цаутæм.

Ацы куыстмæ хъуамæ баконд æрцæуой фадыгон инспектортæ дæр, сæ куыст хъуамæ фæтыхджындæр уа бынæтты, семæ хъуамæ ныхас кæной æмæ сын æмбарын кæной сæ функционалон хæстæ. Мах нырма ахæм куыст нæ уынæм», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг хæслæвæрдтæ радта, цæмæй куыст фæактивондæр уа, уæззау æмæ иттæг уæззау фыдракæндтæ чи сарæзтой, уыцы адæймæгты ссарыны фæдыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы куыст ма хъуамæ афæстиат уа.

Бибылты Анатоли ма Хъахъхъæнынады министрадæн Уæлвæткон уавæрты министрадимæ бахæс кодта, цæмæй æдасдзинады мадзæлттæ хуыздæр æххæст цæуой хæстон æрмæджыты æфтауцдæтты, хус æмæ тæвд рæстæг кæй ахаста æмæ зынгсивæрзты цаутæ кæй сарæх сты, уымæ гæсгæ.

«Фадæттæ ссарын хъæуы, цæмæй хæстон техникæ æмæ хæстон æрмæджытæ максималонæй бахъахъхъæд æрцæуой, уый тыххæй. Максималонæй сифтонг кæнын хъæуы зынгсивæрзты æдасдзинад дæр. Уæлвæткон уавæрты министрадимæ иумæ бакусут, цæмæй зынгсивæрзты техникæ цæттæ уа, æруынаффæ кæнут, аразын цы хъæуы, ууыл æмæ конкретон къахдзæфтæ саразут æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг байхъуыста Юстицийы министрады куысты тыххæй информацимæ.

Юстицийы министр Лалыты Залинæ банысан кодта, зæгъгæ, ведомство кусы 2017 азы дыккаг æмбисы планмæ гæсгæ, сæрмагондæй та нормативон-барадон акттæн арæзт цæуы барадон хатдзæгтæ, афтæ ма уагъд цæуы антикоррупцион экспертизæ дæр.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, æрæджы Ленингоры районмæ командировкæйы рæстæджы бынæттон нотариалон канторæйы æмæ ЗАГС-ы территориалон хайады куыстытæ бабæрæг кæнгæйæ, Юстицийы министрадмæ сæвзæрди фарст документты ратæлмац кæныны фæдыл, кæцыты аразынц æрмæст Ленингоры районы нотариалон канторæ нæ, фæлæ æнæхъæн республикæйы.

Æз ахæм бардзырд радтон, кæцымæ гæсгæ нотариалон канторæтæ нырæй фæстæмæ нал исдзысты документтæ æнæ консулон легализацийæ, афтæ саразынæн гæнæн куынæ уа, уæд та документыл Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъуамæ нысан сæвæрой консулон легализацийы инструкцимæ гæсгæ, æнæ уыцы нысан нотариалон канторæтæ нырæй фæстæмæ нал тæлмац кæндзысты документты», – фехъусын кодта уый.

«Мадзæлтты планмæ гæсгæ, мах арæх фæныхас кæнæм ахæсттимæ, абон уавæр у стабилон. Ахæстоны режим æмæ уавæрты тыххæй ацы къуыри бакуыст æрцæудзæн сметæйон документаци хъæуæг арæзтадон мадзæлтты фæдыл», – банысан кодта Юстицийы министр.

Хъалонтæ æмæ æмбырдты фæдыл комитеты сæрдар Къадзты Владимиры хыгъдмæ байхъусгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ,  абоны бон сæйраг хæс у республикæйы бюджетмæ финансон фæрæзты максималонæй смобилизаци кæнын.

«Республикæйы æмæ адæмы раз уый уыдзæн уе сгуыхтдзинад. Куыд зонут, афтæмæй абоны бон Хуссар Ирыстоны цыфæнды проблемæтæ дæр баст сты финанстимæ, хæдзæртты арæзтадæй суанг пенситæ æмæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæнынмæ. Уый тыххæй махæн сымахимæ нæ хæс у республикæйы бюджетмæ максималонæй финансты смобилизаци кæнын, цæмæй республикæйы экономикон æмæ социалон уавæр размæ феггуырса, уый тыххæй», – загъта Президент.

Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.