Ныр æвдæм аз немæ нал ис нæ диссаджы хæларзæрдæ æмæ ирд гоймаг, Ирыстоны зынгзæрдæ патриот, РХИ-йы сгуыхт журналист Хуриты Гиви Георгийы фырт. Уый йе  ‘нусон бæстæм бацыд йæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ. Гивийы æнæрæтæджы мæлæты тыххæй фехъусгæйæ, уæззау цæфау фесты æрмæст йæ хиуæттæ æмæ æмгæрттæ нæ, фæлæ йæ чи зыдта уыдон иууылдæр. Хурийы фыртæн æрдзæй лæвæрд уыдысты зæрдæхæлардзинад, æгæрон адæймагдзинад æмæ уыцы иурæстæджы цахæмдæр хуымæтæгдзинады миниуджытæ, кæцытæ сæхимæ магнитау æлвæстой адæймаджы. Уæздан, хиуылхæцгæ, æппынæдзух худæндзаст æмæ фæлмæн адæймаг, кæстæртимæ – кæстæр, хистæртимæ – хистæр, раст ахæмæй бахъуыды кодтой Гивийы йæ бирæ хæлæрттæ æмæ зонгæтæ, Ирыстоны адæм. Раст æй йæ уыцы диссаджы æрдзæй радтгæ миниуджытæ хицæн кодта бирæтæй.

Хуриты Гиви райгуырд  1947 азы 5-æм майы Ленингоры районы Угъелтехы хъæуы. Ахуыр кодта Цъинагары астæуккаг скъолайы, кæцы абон хæссы йæ ном. Скъолайы фæстæ каст фæцис Цæгат Ирыстоны Хæххон хъæууонхæдзарадон институт. Тынг хорз нысæнттыл каст фæци Бакуйы Уæлдæр партион скъолайы журналистикæйы хайад. Куыста алы æмæ алы бынæтты – газеттæ «Ленинон», «Советон Ирыстон»-ы редакциты, Хуссар Ирыстоны партийы обкомы инструкторæй, газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæгæй, РХИ-йы паддзахадон телеуынынад «ИР»-ы сæйраг редакторæй, йæ директорæй. Советон Цæдисы рæстæджы æфсады службæ кæнгæйæ хорзæхджын æрцыд «За трудовое отличие»-йы майданæй. Уыд Советон Цæдисы, Уæрæсейы, Хуссар Ирыстоны журналистты цæдисы уæнг. Уыд РХИ-йы Парламенты депутат дæр.

Алкæмæ дæр ын уыд аудгæ æмæ цыты ахаст, алкæйы тыххæй дæр-иу ссардта хъарм ныхæстæ. Уымæн йæ хъæр ныхас никуы ничи фехъуыста, æгæрыстæмæй-иу æй, æнæбындурæй исчи куы фæхъыг кодта, уæддæр. Афтæ зынд, цыма йæ царды уымæн алцыдæр уыд хорз, ницахæм проблемæтæ йын ис, фæлæ царды та афтæ никуы вæййы. Алкæмæндæр йæхирдыгонау вæййы проблемæтæ дæр æмæ зындзинæдтæ дæр. Æцæгæй та, Гиви уыд алцыдæр йæ зæрдæмæ æввахс чи хаста, ахæм адæймаг. Æгæрыстæмæй-иу, чысыл ницæйы тыххæй дæр тынг фæмаст кодта. Искæйы маст дæр ын уыд йæхи масты хуызæн. Хурийы фырт никуы никæйы æвзæры кой кодта, никуы никæмæй хъаст кодта. Гивийы алчидæр уарзта, алкæцы компанийы, кæцыфæнды коллективы дæр уыд зæрдæйыфæндиаг адæймаг æмæ цыты уазæг. Чындзæхсæвты æмæ æндæр фынгты рæстæджы-иу æй арæх  акодтой кадджын уазæгæй.

Хуриты Гивийы удæгасæй-иу, æрвылаз дæр 5-æм май мæнæн райдыдта традиционæй телефоны фæдзурынæй (дзæнгæрæгæй), уымæн æмæ-иу уыцы бон уыд мæ зынаргъ хæлары райгуырæн бон. Куы-иу æм фæдзырдтон арфæйы ныхæстимæ, уæд-иу фæдисау, зæгъгæ, дам, дæ куыд никуы ферох вæййы мæ гуырæн бон. Зындис-иу ыл тынг æхсызгон-иу ын кæй уыд, уый. Загътон-иу ын зæгъын, 5-æм май Советон Цæдисы рæстæджы уыд Мыхуыры бон æмæ йæ уымæ гæсгæ бахъуыды кодтон. Æцæгæй та 5-æм майы райгуырд мæ кæстæр фырт дæр. Фæлæ ныр æвдæм хатт нал фæдзырдтон мæ хæлармæ, уый хыгъд, уæд-дæр мæхинымæры йемæ фæныхас кодтон, уыцы бон. Ныр дæр ма мæм афтæ фæкæсы, цыма  дуар æрбайгом уыдзæн æмæ та  худæндзастæй æрба-хиздзæн Гиви. Арæх мæм æрцæуы ахæм хъуыдытæ дæр, зæгъын, цыдæр рагæй нал зыны мæ хæлар, фæлæ та куы ахъуыды кæнын уæззау æцæгдзи-надыл, уæд та мæ зæрдæ суынгæг вæййы.

Нæ йæ хъуыды кæнын кæд æмæ цы уавæрты базонгæ стæм, уый, фæлæ тынг схæлар стæм мæ зонадон архайд информацион службæйыл  куы баивтон, уæд. Иу рæстæджы иумæ дæр акуыстам партийы обкомы. Мæн ракодтой партийы обкоммæ æмæ Гиви та цалдæр азы куыста уым. Фæлæ цасдæр рæстæджы фæстæ кусынмæ æрвыст æрцыд газет «Советон Ирыстон»-ы редакцимæ сæйраг редакторы хæдивæгæй. Уымæн партийы обкомы уал азы дæргъы йæ кусæн кабинеты цы лыстæг дзаумæттæ æрæмбырд, уыдонæй бирæты йемæ нæ ахаста æмæ сæ рæдау фысымау ныууагъта мæнæн. Æмæ-иу, уыцы лыстæг дзау-мæттыл мæ цæст куы схæцыд, уæд-иу алыхатт дæр мæ зæрдыл æрбалæу-уыд сæ раздæры хицау. Фæстæдæр нæ службæйон архайдмæ гæсгæ ноджы арæхдæр æмбæлдыстæм. Æз уыдтæн партийы обкомы идеологон хайады инструктор æмæ мæ хъус дардтон прессæмæ, уыцы нымæцы Гиви кæм куыста, уыцы газет «Советон Ирыстон»-мæ дæр. Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны фæстæ та мæ снысан кодтой РХИ-йы Журналистты цæдисы сæрдарæй, æмæ Гиви та уыд йæ правленийы активон уæнг.

Ивгъуыд æнусы 90-азтæй райдайгæйæ мах нæ журналистон архайдмæ гæсгæ  бахъуыд алыгъуызон журналистон форумты хайад райсын, цыран хайад истой нæ коллегæтæ Уæрæсе, Сомихстон, Азербайджан, Гуырдзыстон, Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Хæххон Къарабахæй алыгъуызон дунеон организациты эгидæйы бын. Нæ фембæлдтытæ уагъд цыдысты Мæскуы, Сочи, Пятигорск, Варшава, Ереван, Цахкадзор, Нальчик æмæ æндæр горæтты. Нæ дискусситæ æмæ быцæутæн алыхатт дæр уыд карз характер. Фæлæ, æгæрыстæмæй, ахæм уавæрты дæр Гиви Георгийы фырт хицæн кодта йæ сабырдзинад, хиуыл-хæцындзинад æмæ æмбаргæдзинадæй.  Гивийы ацы миниуджытæ тынг хъыг кастысты нæ хуссайраг сыхæгтæм. Уыцы фембæлдтытæ-иу райдыдтой традиционæй. Нæ делегаци-иу сарæзта хъусынгæнинаг, зæгъгæ, цалынмæ гуырдзиаг фарс мах «Самачабло» кæнæ «Шида Картли» нæ, фæлæ куыд æмбæлы афтæ Хуссар Ирыстон хона, уæдмæ мах семæ нæ ныхас кæндзыстæм. Æгæрыстæмæй-иу, ацы закъонон домындзинадмæ дæр сызнæт сты гуырдзиаг фарсы уæнгтæ. Иумиагæй, нæ гуырдзиаг «коллегæтæ» алыхатт дæр сæхи дардтой æнæкорректонæй, арæзтой алыгъуызон провокацитæ, архайдтой ахæм мадзæлттæ уадзыны ныхмæ. Радон хатт та уыцы темæйыл нæ куырдиат иу гуырдзиаг сылгоймагмæ расайдта карз реакци, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны конституцийы нæй иу ныхас дæр Хуссар Ирыстоны тыххæй, уымæ гæсгæ, зæгъ, мах хæсджын не стæм æмæ уæ Хуссар Ирыстон хонæм. Уæд  Гиви сабырæй, æнæ эмоцитæй бафиппайдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Конституцийы дæр  иу ныхас дæр нæй Гуырдзыстоны тыххæй, фæлæ, зæгъ, уæ мах уæддæр нæ хонæм «гюрджюстайнаг вилайет», туркаг географион картæты куыд у, афтæ. Гивийы ацы дзуаппмæ сылгоймаг фæджихау æмæ дзурын ницыуал сфæрæзта.

2008 азы  августы хæсты фæстæ Парламенты рæстæгмæ рахастой скъола-интернаты бæстыхаймæ æмæ афтæмæй феввахсдæр стæм телеуынынадмæ æмæ-иу, æвæццæгæн, алыбон дæр амбæлдыстæм. Иннæмæй та, нæ дыууæ дæр уыдыстæм цæгатирыстойнаг централон газеттæ «Северная Осетия» æмæ «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæсджытæ. Арæх кæрæдзийæн дзырдтам нæ идеяты, темæты тыххæй, кæцы дзурæг уыд мах кæрæдзийыл тынг кæй æууæндыдыстæм, ууыл. Уый ма тынг рæхст сæртæ æлвынынмæ дæр. Зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ-иу мын арæх алвыдта мæ сæр, æлвыдта йæ сыхæгты сæртæ дæр.

Фæстаг азты Гиви тынг хъæрзыдта подаграйæ. Ацы низы рæстæджы вæййы тыхджын рыстытæ. Срæсыдысты-иу йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ. Фæлæ уæддæр йæ хъазæн ныхæстæ нæ уагъта æмæ-иу дзырдта, зæгъгæ, сын хос кæнын нæ хъæуы, фæлæ сæ хъæуы ралыг кæнын. Йæ царды фæстаг азты Гивимæ æнхъæлмæ каст ноджы дыууæ фыдæнхъæлдзинады. Уый ма журналистикæйæ дарддæр архайдта литературæйы дæр. Фыста радзырдтæ, миниатюрæтæ, кæцытæ йын мыхуыры цыдысты алыгъуызон æмбырдгæндты, газетты, журналты фæрстыл. Гивийы тынг фæндыд, цæ-мæй йæ айстаиккой Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисмæ. Фæлæ фарст цæмæдæр гæсгæ æвæрццагæй    скъуыддзаг не ‘рцыд. Йæ амæлæтæй иу азы размæ та нæ бавдыстмæ гæсгæ, Гиви номинацигонд æрцыд Æмбалаты Цоцкойы номыл журналистон премимæ. Фарст скъуыддзаг æрцыд РЦИ-Аланийы журналистты цæдисы фæлгæтты дæр, фæлæ фæстаг моменты цыдæр фæивта æмæ преми райста æндæр адæймаг – нæ иумиаг хæлар. Уыцы æнæрастдзинады фæдыл æз йæ организатортæн равдыстон ме ‘нæразыдзинад. Уыдон дæр бамбæрстой, раст кæй нæ сарæзтой, уый, æмæ мын  баныфс æвæрдтой, зæгъгæ, сæ рæдыд иннæ хатт сраст кæндзысты. Фæлæ иннæ хатт нал уыд, адæймагæн æмбæлонæй кад кæнын хъæуы йæ удæгасæй. Гиви йæхæдæг хæдæфсарм кæй уыд, уымæ гæсгæ ницы дзырдта ацы æнæрастдзинæдты тыххæй.

Гивийы амæлæты фæстæ «Рæстдзинад»-æн Хуссар Ирыстоны нал уыд сæрмагонд уацхæссæг, штат кæй сæхгæдтой, уымæ гæсгæ. Уымæй цалдæр азы фæстæ æз дæр ныууагътон газет «Северная Осетия»-йы сæрмагонд уацхæссæджы куыст мæхи куырдиатмæ гæсгæ. Æмæ кæд семæ бадзырдтон, зæгъын, æндæр искæйы айсут сæрмагонд уацхæссæгæй, уæддæр никæйы айстой æмæ афтæмæй Хуссар Ирыстоны сæрмагонд уацхæсджыты институтæн кæрон æрцыд. Уый интеграци æмæ дыууæ Ирыстоны баиу кæныныл дзырд куы цæуы, уыцы рæстæджы…

Гуырдзиаг-ирон хæстон цаутæ нæ ахызтысты Хуриты Гивийы бинонты фæрсты дæр, кæцы йын тынг бандæвдта йе ‘нæниздзинадыл. 1992 азы 9-æм июны гуырдзиаг агрессийы рæс-тæджы уый бафæлвæрдта йæ бинонты  æдас бынатмæ арвитыныл, фæлæ фæндагыл бахаудтой тыхджын æхстыты бын æмæ йæ дыууæ хъæбулы фæцæфтæ сты нæмыджы схъистæй. Гиви хабар куы базыдта, уæд сæ фæстæ фæлидзæгау æмæ йын йæхи дæр ком-коммæ фехстой снайпертæ, уый дæр фæцæф нæмыджы схъистæй æмæ йæ дохтыр Букуылты Герсик æрласта республикон рынчындонмæ. Уæдмæ уырдæм æрластой йæ бинонты дæр æмæ уым сæмбæлдысты æнæхъæн бинонтæй. Æнцондæр ын нæ уыд 2008 азы августы хæсты рæстæджы дæр. Гиви цы корпусы цард, уый дæр æхстой алырдыгæй, гуырдзиаг танкæтæ практикон æгъдауæй уыдысты сæ цуры. Фæлæ уæддæр Гиви иу сут-              кæ дæр никуыдæм ацыд йæ уарзон Цхинвалæй.

Гиви йæ фæстæ ныууагъта хорз бинонтæ. Йæ цардæмбал кусы газет «Хурзæрин»-ы редакцийы. Йæ фырт Батрадз та кусы телерадиокомпани «Ир»-ы. Уый у алыварсон, курдиатджын, стыр ныфс бавæрæн кæмæй ис, ахæм журналист. Зæгъæн ис, афтæ дæр, æмæ дыууæ дæр кæй дарддæр кæнынц Гиви афтæ тынг цы професси уарзта, уый. Ивгъуыд аз Батрадз æркодта цардæмбал, фæзынд ын чысыл чызг дæр. Йæ чызг Ларисæ та кусы Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы англисаг æвзаджы ахуыргæнæгæй.  Уымæн бантыст йæ фыдæн йæ удæгасæй дыууæ сывæллоны – чызг æмæ лæппу балæвар кæнын, кæцыты коймæ-иу Гивийы цæсгомыл фæзындысты циндзинады æнкъарæнтæ.

Абоны онг дæр Гивийы чи зыдта, уыдон фæзæгъынц, зæгъгæ, уый хуызæн адæймæгтæ никуы амæлынц, ахæмтæ цæрæбонтæм цæргæйæ баззайынц адæмы зæрдæты. Уымæн æмæ уый йæ царды йæ уд хъардта æгæрон хорздзинæдтæ тауыныл, адæмæн æхсызгондзинады æнкъарæнтæ хæссыныл. Уый цыфæнды хъæздыгдзинæдтæ æмæ мулкæй дæр намыс æмæ адæмы уарзондзинад æвæрдта бæрзонддæр, кæйдæртау никуы дæр стыр бынæттæм бæллыд, никуы дæр йæхи адæмæй уæлдæр æвæрдта. Гивийы уарзтой адæм æмæ уый та уымæн уыд йæ иууыл стырдæр хъæздыгдзинд. Йæ царды фæстаг бонмæ дæр аккагæй хаста царды æппæт æввæрццаг миниуджытæ – намыс, æгъдау, æфсарм. Символикон у 5-æм майы кæй райгуырд æмæ йæ 20-æм сентябры – нæ республикæйы боны та адæм йæ фæстаг фæндагыл кæй фæндараст кодтой, уый дæр. Йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æр-цыд «Кады орден»-æй. Фæлæ йын уыцы орден та  æнæмæнгæйдæр хъуыд йæ удæгасæй радтын.

Знон, 5-æм майы та Хуриты Гиви бæргæ банысан кодтаид йæ юбилейон райгуырæн бон, бæргæ та йын хъæлдзæгæй фæарфæтæ кодтаиккой йæ бирæ хæлæрттæ, фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн. Æз дæр  раздæр куыд кодтон, афтæ та 5-æм майы райсомæй мæ телефон мæ къухмæ райстон, фæлæ…

Харебаты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.