Райсом Хуссар Ирыстоны хъалонтæ æмæ фиддонты  комитет банысан кæндзæнис йæ профессионалон бæрæгбон. Нæ уацхæссæг Гæззаты Иваны фарстытæн дзуапп кæны комитеты сæрдар Къадзты Владимир.

– Райдианы мæ мæхи æмæ газет «Хурзæрин»-ы коллективы номæй раарфæ кæнын фæнды дæуæн æмæ уæ коллективæн, уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Нæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ бæрзонд æнтыстытæ.

– Бæрæгбон алкæй зæрдæйы уаг дæр фæхуыздæр кæны. Уымæй дарддæр ма дæ исчи куы æрхъуыды кæна, куы дын раарфæ кæна, уый хорз хъуыддаг у æмæ дæуæн æмæ уæ коллективæн дæр стыр бузныг.

– Æрæджы уæ куыст райдыдтат ног агъуысты, уæ зæрдæ куыд рухс кæны йæ аразджыты куыстæй, йæ уавæртæй?

– Аразджытæ бацархайдтой æмæ агъуысты æппæт арæзтадон куыстытæ дæр æххæст æрцыдысты гъæдджынæй. Кусæм дзы цалдæр мæйы, фæлæ иунæг фиппаинаг дæр нæ рахатыдыстæм. Чи йæ сарæзта, уыдон та нæм цалдæр хатты æрбацыдысты, фарстой нæ, зæгъгæ, кæд исты згъуыд разынд, уæд æй рараст кæнæм. Уый тыххæй дæр сын бузныг. Бузныг зæгъын ма мæ фæнды нæ Президент Бибылты Анатолийæн. Уымæн æмæ мæм фыццаг уый фæдзырдта æмæ бацымыдис кодта, цахæм уавæрты кусæм, уымæ. Æз ын рахъаст кодтон нæ мæгуырау уавæртæй æмæ уæд аскъуыддзаг кодта комитетæн ног агъуыст саразын. Ныр нын уæрæх, райдзаст æмæ рæсугъд хатæнты кусынæн ис æппæт уавæртæ дæр. 

– Зæгъ-ма, бирæ сты, хъалонтæ æмæ фиддонтæ фидын кæй нæ фæфæнды, уыдон?

– Ахæм цухдзинæдтæ уыд нæуæдзæм азты, нæ комитет арæзт куы æрцыдис, уæд, фæлæ уæдæй фæстæмæ адæм хуыздæр бамбæрстой, фиддонтæн æнæфидгæ кæй нæй æмæ сæ фидынц, куыд домдæуы æмæ æмбæлы, афтæ. Æцæг, æрвылаз дæр разыны дæс адæймаджы бæрц, кæцыты нæ фæфæнды сæ фиддонтæ фидын. Сæ фылдæр хай вæййынц, ног куыстуæттæ чи байгом кæны æмæ сæ пайдамæ чи фенхъæлмæ кæсы, ахæмтæ. Закъон та домы: фыццаг хъуамæ фиддонтæ бафидай, уый фæстæ та кусын райдайай.

Æнæуи та, цы фиддонтæ æруидзæм, уыдон азæй азмæ кæнынц фылдæр. Цæвиттон, æртæ азы размæ æмбырд кодтам æхсæзсæдæ милуаны, фæстаг аз та алыгъуызон фиддонты нымæц сырæзт миллиарды онг. Уый та, сæйраджыдæр, мыздтæ цалдæр хатты кæй сырæзтысты, ног куыстуæттæ кæй фæзынд, уыдæтты фæрцы.

– Хъалонтæ афоныл чи нæ фиды, уыдонæн цахæм вæййы сæ хъысмæт?

– Барвитæм сæм хонæн гæххæтт, куы æрбацæуынц, уæд сын бамбарын кæнæм, сæ фиддонтæ фидинаг кæй сты, уый. Уый фæстæ сæ чи нæ бафиды, уыдоны ныхмæ райсæм санкцитæ. Кæд сæ уæд дæр нæ бафидынц, уæд та сæ адæттæм фæткæвæрæг органтæм. Фараст мæймæ сарæзтам ссæдз басгæрсты. Фæткхалджытæ цы 7 милуан сомы нæ бафыстой, уыдонæй ныридæгæн фыст æрцыдис 2 милуан сомы. Ацы æмæ ма æндæр фарстытыл дæр куыст цæуы дарддæр.

Коронавирусы аххосæй алы куыстуат æмæ хицæн адæймаг дæр æвзары зындзинæдтæ. Уый мах дæр хынцæм æмæ бирæтæн дæттæм  фадат, цæмæй сын цы фиддонтæ ис, уыдон бафидой фæстæдæр.

– Хъалонтæ фидын кæй бон нæу, уыдонæн исты хатыртæ вæййы?

– Нырма нæм нæй ахæм закъон, кæцымæ гæсгæ æвæрæз, тыхст адæймæгты сæрибар кæнæм фиддонтæй. Йæ фиддонтæ бафидын йæ бон кæмæн нæу, уыдонæн дæттæм бар, цæмæй иумæ нæ, фæлæ сæ фидой хайгай.

– Разамонджытæ фæбæллынц, цæмæй æмæ кусджытæй алчи дæр йæ хæстæ æххæст кæна куыд æмбæлы, афтæ. Уый тыххæй ды та цы зæгъис?

– Афтæ мæм кæсы æмæ разамонæг хæсджын у, цæмæй йæ кусджытæ иууылдæр уой раппæлинаг. Алкæмæн дæр æмбæлон уавæртæ арæзт куы цæуа, уæд алчи дæр, мæнмæ гæсгæ, уарзы æнтыстытæ. Абон мæн банысан кæнын фæнды инспектортæ Къумситы Александр æмæ Чилæхсаты Риммæйы куыст. Уымæн æмæ уыдон ам кусынц, нæ комитет куы сырæзт, уæдæй нырмæ. Ис сæм хорз фæлтæрддзинад. Æвзонгдæр кусджытæ дæр нæм дзæвгар ис. Уырны мæ, уыдонæн дæр тагъд кæй сырæздзæнис сæ професионалондзинад æмæ уыдон дæр стыр тырнындзинæдтимæ кæй æххæст кæндзысты сæ разылæууæг хæстæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.